Æрвылаз дæр нæ горæты Харебаты Исахъы уынджы дыккæгæм базары территорийыл ног азы агъоммæ райтынг вæййы цымыдисон армукъа. Уым фылдæр вæййы ногазон алыгъуызон назбæлæстæ æмæ æрбалæугæ азы символы у  фæлмæн хъазæнтæ, гирляндæтæ æмæ æндæр бирæ бæрæгбонон лыстæг хъазæнтæ.

Бæрæгбонон армукъа гом æрцæуы нæ горæты администрацийы хъæппæрисæй æмæ дзы хайад райсынц хицæн амалиуæггæнджытæ. Уыдон се ‘ппæтдæр архайынц нæ республикæйы æмбæстæгтæн алыгъуызон ногазон хъæуæг лыстæг хъазæнтæ самал кæныныл.

Нæ горæты чысыл базары раз ногазон армукъайы уæйгæнджыты ныхæстæм гæсгæ фылдæр уæй кæнынц назбæлас фæлындзæн хъазæнтæ, лæвар кæнынæн алыгъуызон сувениртæ, къæлиндартæ æмæ æндæр ахæмтæ. Ацы аз ма реализаци кæнынмæ иуæй иу бынæттон æмбæстæгтæ хæссынц сæ хиаразгæ алыгъуызон хъазæнтæ. Уыдоны дæр зæрдиагæй фæрсынц æлхæнджытæ.

Ногазон армукъа

Армукъайы уæйгæнджытæ ма нын куыд дзырдтой, уымæ гæсгæ фароны азмæ абаргæйæ ацы аз бæрæг фæзынаргъдæр сты ногазон алыгъуызон хъазæнтæ. Æмæ, зæгъгæ, уый цыма бандæвта æлхæнджытыл дæр – ацы аз æлхæнджытæ не сты активон, уый вирусы пандемийы фæстиуæг дæр у, æвæццæгæн.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ армукъайы сæйраг уæййаг у ног, æрлæугæ азы символ – Урс Згъæр Гал. Уыдон парахатæй сты алы уæйгæнæн цатыры дæр. Ацы ногазон армукъа аххæсдзæн ацы азы фæстаг бонмæ.

Ногазон назбæлæстæ æмæ ногазон фынгæн продукттæ

Ног азы сæйраг символ, кæй зæгъын æй хъæуы, у Назбæлас. Уый бирæ бинонты фæндонмæ гæсгæ вæййы хъæдæй æрхæсгæ, уарзынц æй æмæ йæ сфæлындзынц хæдзары, бирæтæ балхæнынц пластмассæй арæзт назбæлас. Æмæ цæмæй удыгас хихджын бæлас амал кæнай æрвылаз, фæлæ бæстæйы экологийæн ма зиан кæнай, уый тыххæй республикæйы хъæды хæдзарады кусджытæ сæхæдæг æрласынц æмæ йæ реализаци кæнынц нæ горæты «Сæны заводы» территорийыл. Кæнæ та хицæн амалиуæггæнджытæ Цæгат Ирыстонæй æрласынц наз бæлæстæ æмæ алы æлхæнæгæн дæр фадат ис уым самал кæнынæн.

 Ног аз куыд æввахс кæны, афтæ фылдæр кæны базарадон объектты уæйгæнджыты нымæц – бынæттон дзидза æмæ алыгъуызон хъæууонхæдзарадон продукттæй уæз кæнынц тæрхджытæ, ай дын дзидзайы дзæбæх, цыхт, фæткъуы, хъæдур… Гогызтæ, кæрчытæ, бабызтæ кæм ‘ргæвстæй, кæм удæгасæй. Уыдон куы ны-ныгъуылынц асыччыты, куы фæдисхъæргæнæгау кæнынц.

Зæрдæйæн ма æхцондзинад хæссæг сты нæ горæты алы микрорайонты цы назбæлæстæ æвæрд æрцыд, уыдон дæр. Уыдон алфæмблай ма æхсæвыгон æрттивынц алыгъуызон рухсытæ, хъазæнтæ æвæрд æрцыд сæ алфæмблай   æмæ сæ фæрсты алы цæуæгæн дæр æхцондзинад хæссынц.  

Къæбулты Марина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.