Алы сабийæн дæр йæ царды æдзухон æмбæлццон свæййынц алыгъуызон хъазæнтæ, кæмæн – фылдæрбæрцæй, кæмæн та – къаддæрбæрцæй. Уыимæ чызг – сабитæн ис сæхи хъазæнтæ, лæппу-сабитæн та – сæхи. Стæй ма дих кæнынц сæ кармæ гæсгæ дæр. Фæлæ куыдфæнды ма уа, уæддæр хъазæнтæ сывæллæттæн хъуамæ хæссой циндзинад сæ арæзтæй, сæ бакастæй, ахъаз кæной сæ хъуыдыкæнынад  рæзын, уæрæхдæр кæнынæн.

Ныртæккæ сывæллæтты размæ цы бирæ алыгъуызон хъазæнтæ хæссынц базаргæнджытæ, уыдон сын сæ аив æмæ рæсугъддзинадæй сæ цæстæнгас гъайгъай дæр здахынц æмæ сæ бафæнды, сæ зæрдæмæ тынгдæр чи фæцæуы, уый хицау бауа. Æмæ ныййарджыты бахъæуы уымæн йæ фæндон сæххæст кæнын. Фæлæ, хъыгагæн, уыцы бирæ хъазæнты æхсæн вæййы ахæмтæ, кæцытæ цы æрмæгæй конд сты, уый зиан хæссы  сывæллоны æнæниздзинадæн.

Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ фæлхасадон хъусдарды комитеты хистæр Санахъоты Жаннæ фæдзæхсы фæлхасгæнджыты, сывæллæтты ныййарджыты, цæмæй бæрнондæр цæстæй кæсой хъазæнтæ æлхæнынмæ. Иу кæнæ иннæ хъазæн æвзаргæйæ уæйгæнæгæй хъуамæ æрдома, кæй æлхæны, уыцы хъазæнæн æмбæлон сертификат. Уый куынæ уа,уæд гæнæн ис æмæ æдас ма уа сывæллоны æнæниздзинадæн, уымæн æмæ цы æрмæгæй конд у, уым гæнæн ис æмæ уа зды, кадмий, фенолтæ, формальдегидтæ, æмæ æндæр токсикон буарадтæ. Ахæм хъазæнтæй æдзух хъазгæйæ, сывæллонæн  гæнæн ис радта цармы аллергийы реакци, срисса сæр, фæзына йыл хуыфæг, фæкъаддæр уа йæ иммунитет. Сертификат та гаранти дæтты, хъазæн фæлварæнтæ кæй рацыд. Кæд æмæ йæ гъæд бафидаргонд æрцыд, уæд тыхтоныл вæййы РСТ кæнæ ЕАС нысæнттæ. Лæмбынæг ма æркæсын хъæуы хъазæныл конд ярлыкмæ дæр, цыран фыст хъуамæ уа йæ ном, чи йæ рауагъта, цавæр æрмæгæй конд у, куыд дзы пайда кæнын хъæуы, куыд æм зилын хъæуы, уыдæттæ. Уыимæ ма дзы хъуамæ уа дырыс информаци, пайда дзы кæнгæйæ ма гæнæн ис мæгуырауæрдæм æндава сабийыл. Цæвиттон, “Нæй йæ дæттæн 3 азы онг кары сывæллæттæм”, кæнæ “Арæхстгай ут! Пайдагæнæн дзы ис æрмæстдæр хистæр кары адæймæгты хъусдарды бын”. Информаци хъуамæ фыст уа уырыссаг æвзагыл.

Фæлмæн хъазæнтæ æвзаргæйæ, хъусдард здахын хъæуы, цæмæй йедзаг сты, уымæ.Уыдон вæййынц синтетикон пакъуы, гранулæтæ. Басгарын хъæуы, дыууæ цъары сыл ис æви нæ. Хуыдтытæ хъуамæ уой фидар æндахæй хуыд, ма кæной æвзæр тæф. 3 азы онг кары сывæллæтты хъазæнтæ ма хъуамæ уой натуралон цармæй, авгæй, фарфорæй, резинæйæ, гæххæттæй. Хъазæн хæцæнгæрзтыл ма хъуамæ уа цыргъ деталтæ, цыргъ ма хъуамæ уой сæ кæрæттæ дæр, цæмæй сывæллон травмæ ма райса. Цæмæй сæрст сты, уый фидар хъуамæ уа сæтæн, хидæн, уымæл хæцъилæй сæ сæрдынæн. Дзыхы кæй бакæнынц, ахæм музыкалон инструменттæ хъуамæ арæзт уой, сæхимæ уымæлад чи нæ исы, ахæм æрмæджытæй.

Токы руаджы кæмæй хъазынц, уым токы æндыгъдад 24 ваттæй фылдæр ма хъуамæ уа. Хъазæны хæйттæ кæрæдзийыл æндадзын нæй гæнæн 10 азы кары онг сывæллæттæн. Рухсы диодтæй кæм пайда кæнынц, уыцы хъазæнтæ цæстытæн ма хъуамæ зиан кæной. Афтæ ма æгæр тыхджын зæлтæ та гæнæн ис разиан кæной хъустæн, уымæ гæсгæ æлхæнын хъæуы ахæм хъазæнтæ, кæцыты хъæлæбайæн ис фæкъаддæргæнæн. Чысыл сабитæн тæссаг сты, чысыл хæйттæй конд чи сты, ахæм хъазæнтæ, уымæн æмæ дзы иу ахæм хай гæнæн ис æмæ йæ хъуыры февзæра æмæ йæ аныхъуыра. Тæнгъæд кæм ис, ахæм хъазæнтæй та æддæмæ ма хъуамæ хъара.

Фæлхасадон хъусдарды комитет сиды ныййарджытæм, цæмæй сæ сывæллæттæн хъазæнтæ магазинмæ æлхæнынмæ цæугæйæ сæ зæрдыл дарой æмæ сæ хъусдард здахой уыдонæн сæ æдасдзинадмæ, фидардзинадмæ, се скондмæ, гигиенæйы домæнтæн куыд дзуапп дæттынц, уыдæттæм. Уæлдæр загъд бацамындтытæ не ‘ххæст кæнгæйæ, уæ сывæллæттæн æхцондзинад æрхæссыны фæстæ гæнæн ис æмæ фæзына се ‘нæниздзинадæн разиан кæныны тасдзинад. Аслам аргъ, æгæр ирд хуызтæ, химион характерон тæф уæ хъуамæ ахъуыды кæнын кæна, балхæнат ахæм хъазæн æви нæ. Сæйраджыдæр ахæм хъазæнтæ уадзæг у Китай.

Фæлхасгæнджытæ хъуамæ сæ зæрдыл дарой. “Фæлхасгæнджыты бартæ Республикæ Хуссар Ирыстоны хъахъхъæныны тыххæй” закъоны 26 статьямæ гæсгæ æлхæнæгæн йæ бон у, чи йын нæ фæбæззыд, уыцы æнæхæлцадон товары баива, чи йын æй рауæй кодта, уымæ. Уый хауы сывæллæтты хъазæнтæм дæр. Æмæ кæд кæй балхæдтат, ахæм товар дзы нал разына, уæд хъуамæ раздаха, цы æхца, йæм æмбæлы, уый. Уæ домæн хъуамæ æххæст æрцæуа, товар фæстæмæ кæд раздæхтат, уымæй æртæ боны æмгъуыдмæ.

Зæрдыл ма дарын хъæуы уый дæр, æмæ фæстæмæ раздахæн кæнæ баивæн кæй нæй электронон хъазæнтæн, сывæллæтты чингуытæн, брошюрæтæн, альбомтæн, нотæты рауагъдæн, календартæн æмæ æндæр ахæмтæн. “Кæд æмæ уын уæ домæн сæххæст кæныныл уæйгæнæг нæ разы кæна, уæд уæ курæг стæм, цæмæй консультаци райсыны тыххæй æрбацæуат  Фæлхасадон  хъусдарды комитетмæ ахæм адресыл: Горькийы уынг 39. Контактон телефон: 8929 806 50 30,”- загъта Санахъоты Жаннæ.

  БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.