Иумæйаг фарстатæ скъуыддзаг кæнгæйæ æмархайд æмæ æмгуыстад кæныны æнæмæнгхъæуындзинадыл уынаффæ кодтой Республикæ Хуссар Ирыстоны министрты кабинеты сæргълæууæг Пухаты Эрик æмæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Гасситы Петр.

Республикæ Хуссар Ирыстоны закъондæттынадон органы пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй Гасситы Петр раарфæ кодта Пухаты Эрикæн æмæ йын бузныг загъта фембæлды инициативæйы тыххæй.

Гасситы Петр банысан кодта, Президент Бибылты Анатолийæн йæ президентон æвзæрстыты агъоммæйы кампанийы сæйрагдæр фарстатæй иу уыд хицауиуæгады æппæт къабæзты æххæст æмархайды фарст.

«Скъуыддзаг кæнын цы проблемæтæ хъæуы, уыдон сты бирæ. Уымæ гæсгæ æнæ æмгуыстад æмæ æнæ æмархайдæй, ницы рауайдзæн», -загъта Гассийы фырт.

Хицауады Сæрдар йæ рады бузныджы ныхæстæ загъта Парламенты Сæрдарæн æмæ йæ ныфс ис, дарддæр дæр ахæм фембæлдтытæ арæхдæр кæй уадздзысты. Йæ ныхæстæм гæсгæ, хицауиуæгады къабазты æмгуыстады ахæм формат ахъаз кæндзæн æнтыстджындæрæй скъуыддзаг кæнын, æххæсткæнынадон æмæ закъондæттынадон хицауиуæгады раз цы фарстатæ æвæрд цæуы, уыдон.

«Ис проблемæтæ æмæ фарстатæ, кæцыты нын нæ разы æрæвæрдта Президент æмæ мах уыдон хъуамæ аскъуыддзаг кæнæм иумæ. Нымайын, æрмæст паддзахады къухдариуæггæнджытæ ма хъуамæ кусой афтæ РХИ-йы Парламентимæ, фæлæ æххæсткæнынадон хицауиуæгады æндæр структурæтæ дæр, уымæн æмæ кæцыдæр фарстаты дæр хъæуы закъондæттынадон органы хайадист», – банысан кодта Пухаты Эрик.

Фембæлды рæстæджы Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады сæргълæууæг æмæ Парламенты спикер уынаффæ кодтой республикæйы со-циалон-экономикон райрæзты къорд фарстатыл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.