Алы паддзахады дæр ахсджиаг политикон цау свæййынц бæстæйы уæлдæр закъондæттынадон органмæ æвзæрстытæ. Афтæ вæййы нæ республикæйы дæр. Æмæ та мæнæ ныр дæр рахызтыстæм РХИ-йы Парламентмæ æвзæрстытæм цæттæ кæныны фæндагмæ, кæцыйæн йæ кæрон уыдзæн дыууæ мæйы фæстæ – 9-июны. Уæд нæ алчи дæр йæ хъæлæс ратдзæнис, цы политикон парти кæнæ депутаттæм раразмæгонд кандидаты æвварс хæцы, уымæн. Ахæм æвзæрстытæ – ома, æмхæццæ мажоритарон-пропорционалон системæмæ гæсгæ – нæ республикæйы уагъд нал цыдысты 2009 азæй фæстæмæ, фæлæ сын сæ хуыздæрдзинад фенын кодта рæстæг, æвзарджытæ сæ банымадтой хуыздæрыл. Афтæ, æмæ ног æвзæрстыты фæстæ нæ Парламенты цы 34 депутаты архайдзысты, уыдонæн се ‘мбисы мах сæвзæр-дзыстæм партион номхыгъдтæм гæсгæ, иннæ æмбисы та –  иумандатон æвзарæн фадгуыты.

Уæдæ чи бацахсдзысты Парламенты депутатон бы-нæттæ? Уыдон, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ æвзæрст уыдзысты, фæлæ адæм, æвзар-джытæ бирæ сты, депутаттæ та бæрцæй 34 æмæ гæнæн нæй, се ‘хсæн алчидæр, кæй йæ фæнда, уый фена. Фæлæ не ‘хсæн ис, йæхицæн хорз ном, хорз кад чи кодта, йæ фæллойадон архайды æнтыстытæ кæмæн ис æмæ æхсæнадон хъуыддæгты активон чи у, аналитикон хъуыдыкæнынад кæмæ ис, проблемæтыл уынаффæ кæнын æмæ сæ аиуварс кæнынмæ хуыздæр, цыбырдæр фæндæгтæ арынмæ чи арæхсы, иу ныхасæй, адæм кæуыл æууæндынц æмæ ныфс кæмæй æвæрын, ахæмтæ.

Парламент закъондæттынадон орган у. Йæ сæйраг архайд закъæттæ фæлдисын у. Ахæм закъæттæ, кæцытæ бæстон кæной паддзахады æмæ йæ цæрджыты цард, æнцондæр æмæ йæ хæрзвадатдæр кæной. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ депутатмæ хъуамæ уа паддзахадон хъуыдыкæнынад, æхсæнады цы процесстæ цæуы, уыдонмæ хъуамæ кæса паддзахадон цæс-тæнгасæй.

Уæлдæр цы миниуджытæ ранымадтон, уыдон æмæ ма æндæр, райсинаг чи сты, ахæм миниуджытæй хайджын чи уой, ахæм депутатты фæнды фенын æвзарджыты нæ Парламенты. Фæлæ депутат дæр адæймаг у, алчи алцæмæй æххæст нæ уыдзæн. Уымæ нæ кæсгæйæ, уæддæр архайын хъæуы, цæмæй куыд гæнæн ис, афтæ фылдæр уой ахæм депутаттæ. Æмæ ма уыимæ уой сæ хъуыддаджы æцæг дæснытæ, бæрзондквалификациджын специалисттæ. Нæ депутатты сæдæгæйттæй не ‘рнымайдзынæ, республикæйы цардархайды æппæт къабæзты фæдыл дзы комитеттæ нæ сараздзынæ. Уымæ гæсгæ дзы цы бæрцыл специалисттæ вæййы, уыдон хъуамæ арæх-сой, цы къабазы архайынц, уым уавæрæн анализ аразынмæ æмæ йын закъондæт-тынадон базæ ифтонг кæнынмæ.

Дыууæ мæйы фæстæ цы Парламент сæвзарæм, уым дæр ныры æмæ раздæр сæвзæрст Парламенттау уыдзæнис партиты фракцитæ. Цал партийы бахауой Парламентмæ, уыйбæрц уыдзысты, Депутатон бынæтты фылдæр хай бацахсæг партийы депутатты хъæлæстæй кæнгæ уыдзæн райсинаг закъæтты, уынаффæты хъысмæт. Ахæм фæтк æрфидар ис æгас дунейы æнусты дæргъы, кæд æй рагон бердзенаг куырыхонтæй дæр иуæй-иутæ æфхæрдтой, хорзыл æй нæ нымадтой, уæддæр.

Гæнæн уæвгæйæ, хынцын хъæуы æндæр партитæй депутатты хъуыды дæр. Уыдонæн дæр сæ фæстæ лæууынц æвзарджытæ. Сесситы рæстæ-джы мах æвдисæн ма хъуамæ уæм карз ныхмæлæудтытæн, ныхмæвæрд хъуыдытæн. Æвæццæгæн, нæ уыдзæн ахæм фарста, кæцыйы аскъуыддзаг кæнынмæ ныхмæлæууæг фæрстæ æввахс ма балæууой, цæуылдæрты ма сразы уой.

Историйы барæнтæм гæс-гæ мах нырма парламентаризмы фæндагæн йæ райдианы стæм. Никуы нын уыд Парламент, никуы æвзæрстам Президент, никуы цардыстæм хæдбар паддзахады. Ныр нын уыдон сты, фæлæ нырма алцы нывыл у, уый зын зæгъæн у. Стæй алцы нывыл кæм у, ахæм паддзахад дæр нæй, уæд æй дзæнæт хониккой. Алцы нывыл уыдзæн нæ ног Парламенты куысты, уый дæр зын зæгъæн у, фæлæ йæ архайд ноджы хуыздæр æмæ ахадæндæр кæй хъуамæ уа, уымæй хъуамæ ныфс æвæрæм. Уый тыххæй та ныртæккæ, æвзæр-стыты агъоммæ рæстæджы æппæт дæр хъуамæ саразæм афтæ, цæмæй фидæны Парламентмæ депутаттæй бахауой аккагдæртæ. Раст у, мах чысыл адæм стæм, чидæр нæ кæмæндæр хион баххæссы, ал-кæмæн дæр нæ йæ алыварс бирæ зонгæтæ ис æмæ би-рæтæ фæзæгъынц, æз ахæ-мæн ратдзынæн хъæлæс. Фæлæ æрмæст ахæм критеритæ хынцгæйæ, йæ хъуыддагон миниуджытæм ын нæ кæсгæйæ, ахæм адæймаг Парламенты бынат куы бацахса, адæмы интерестыл йæ бон сдзурынхъом куынæ уа, æмбæлон закъæттæ бакусыны йæ хъуыды куынæ зæгъа, инициативон куынæ уа, уæд дзы цы рауайдзæн? Æндæр хъуыддаг у, хиуæттæ, зонгæты ‘хсæн кæй ис депутат чи суа, ахæмтæ дæр. Ахæм адæймæгтæ зонæм фæсаууонмæ дæр, сæ архайд æмæ сæ адæймагдзинады миниуджытæм гæсгæ. Уы-донæй бирæтыл махæн нæ цæст схæцы депутаттæм кандидатты партион æмæ иумандатон номхыгъдты. Махæн, æвзарджытæн, ис уыдонæй аккагдæр партиты æмæ хицæн адæймæгты равзарыны фадат. Ахæмты, кæцытæн сæ фæстæ ис реалон хъуыддæгтæ адæмы хæрзиуæгæн. Æмæ, уæдæ ног Парламенты бынæттæ цахæм депутаттæ бацахсдзысты, уый, сæйраджыдæр, кæнгæ у æвзарджытæн сæхицæй.

Æмæ ма ноджы иу ахсджиаг хъуыддаджы тыххæй. Мах цæуæм сæрдмæ – бонæй бонмæ тæвддæр кæны. Мах цæуæм, уыцы сæрды райдианы цы парламентон æвзæрстытæ уыдзысты, уыдонмæ дæр. Æмæ ам дæр нæ республикæйы политикон царды градустæ уæлæмæ цæудзысты. Æвзæрстыты агъоммæ сæ куыст кæндзысты партитæ, депутаттæм хицæн кандидаттæ, цæмæй æвзарджытыл бандавой æмæ æвзæрстыты фæуæлахиз уой. Ахæм рæстæджы ахсджиаг у, цæмæй алы парти, депутаттæм алы хицæн кандидат дæр равдиса йæ политикон цæттæдзинад æмæ культурæ. Иуы дæлдзиныг кæныны хыгъдæй хи уæлдæр сæ-вæрынмæ ма тырна, кæрæдзийæн аргъ кæной. Мах нæ ногдæр цыбыр историйы алцыдæр бавзæрстам, уыцы нымæцы æвзæрстыты агъоммæ ныхмæлæудтытæ дæр, кæ-цытæ зианæй дарддæр пайда æппындæр никæмæн æрхайстой. Нæ паддзахады, нæ адæмы раз цы проблемæтæ лæууы, уыдон зындгонд сты æмæ сæ аскъуыддзаг кæ-нынмæ хицæн фæндæгтыл куы цæуæм, уæд ницæмæ æрцæудзыстæм. Хъæуы иу фæндаг равзарын – иууыл растдæр æмæ цыбырдæр. Ахæм фæндаг та иумæ, æмвæнд æмæ æмзондæй агургæ у. Уадз,   хъуыдыты алыгъуызондзинад уæд, фæлæ уæлахиз кæнæд хуыздæр хъуыды, фылдæры хъуыды.

… Бонтæ тагъд цæуынц. Æрбалæудзæн æвзæрстыты бон дæр. Æмæ махæй, æв-зарджытæй, алчи дæр хъуамæ æрбацæуа, цы æвзарæн фа-дыгмæ у фидаргонд, уырдæм, хъæлæс радта  аккагдæр парти, аккагдæр кандидатæн.

          БИАЗЫРТЫ Роланд

   

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.