2019 азы уалдзыгон æрсидтонты фыццаг къорд æрвыст æрцыд РХИ-йы Хъахъхъæнынады æфсæддон полигоны, ахуырадон центрмæ хъусын кæны республикæйы Хъахъхъæнынады министрады пресс-службæ. Ам ног æрсиддонтимæ ведомствойы афицерты къухдариуæгады бын иу мæйы дæргъы уагъд цæудзысты райдиан æфсæддон цæттæдзинады ахуыртæ «Æрыгон хæстоны курс»-ы программæмæ гæсгæ.

Развæлгъау æфсæддон-дохтырон экспертизæйы уагæвæрды домæнтæм гæсгæ, æрсиддонтæн уагъд æрцыд медицинон басгæрст. Лæппутæ, кæцытæ рæстæгмæ иуварс æрцыдысты æфсæддон службæйæ, уыдонæн, радтой рæстæг схос кæныны тыххæй. Уыдон хæсджын сты ногæй иу аз æмæ ‘рдæджы фæстæ ацæуой æфсæддон-дохтырон экспертизæйы æрсиддон кампанийы рæстæджы.

Ахуырадон центры ног æрсиддонтæн арæзт æрцыдысты æппæт уавæртæ дæр цæмæй фæцайдагъ уой, дарддæр сæ бахъæудзысты æмгъуыдон службæ  кæныны  рæстæджы  уыцы зонындзинæдтыл. Фидар  æрцыд  ахуырты хæстон программæ, арæзт æрцыд политикон-хъомыладон æмæ культурон-улæфæн куыст сæрмагонд скондимæ. Æрисддонтæ ифтонг сты хæлцы хъæуæг хуызтæй.

Æрсиддон кампанийы рæстæджы столицæйы æмæ республикæйы районты æфсæддон къамисариаттæ æмгъуыдон æфсæддон службæ кæнынмæ конд æрцыдысты республикæйы æмбæстæгтæ 18 азы карæй 27 азмæ, кæцытæн сæ æмгъуыд нæ аргъæвтой архайгæ æфсæддон службæмæ æрсидынæй.

 «Æрыгон хæстоны курс»-ы фæдыл райдиан æфсæддон цæттæдзинады фæстæ æрсиддонтæн уагъд æрцæудзæн æфсæддон ард райсыны церемони æмæ æрвыст æрцæудзысты ахуырадон ротæмæ, дарддæр æмгъуыдон службæ æххæст кæныны тыххæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.