«РХИ-йы Гарзджын тыхты рæнхъытæй æцæг æфсæддон службæйы сфидаргонд æмгъуыдты баслужбæгæнæг æфсæддонты запасмæ арвитыны æмæ 2016 азы ноябрь-декабры æцæг æфсæддон службæмæ æмбæстæгты радон æрсидты тыххæй» РХИ-йы Президенты Барамындмæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны цæуы фæззыгон æрсидты кампани. Уый тыххæй ИА «Рес»-æн фехъусын кодтой РХИ-йы Хъахъхъæнынады ми-нистрады.

Республикæйы æфсæддон къамисариаттæ, ведомствойы кусæджы ныхæстæм гæсгæ, сæ бæрндзинады зонæты сидынц республикæйы æмбæстæгтæй 18 азæй 27 азы онг кæуыл цæуы æмæ æцæг æфсæддон службæмæ æрсидыны тыххæй йæ æмгъуыд кæмæн нæ адарддæр кодтой, уыдонмæ.

«Æфсæддон-дохтырон экспертизæйы тыххæй уагæвæрды домæнтæм гæсгæ æрсиддонтæ рацæуынц медицинон басгæрст. Низ рабæрæг кæнгæйæ, æфсæддон службæйæн аккагыл кæй нæ банымайынц, уыдонæн æмгъуыд лæвæрд цæуы сæхицæн схос кæнынæн. Уыдон хæсджын сты æфсæддон-дохтырон къамис ногæй рацæуын æрдæг азы фæстæ, уалдзыгон æрсидты кампанийы рæстæджы», – бамбарын кодтой Хъахъ-хъæнынады министрады.

Пресс-службæйы ма куыд загътой, афтæмæй æфсæддон-дохтырон къамисы чи рацыдысты, уыцы æрсиддонтæ ифтонг цæуынц æппæт хъæуæг дзаумæттæй æмæ æрвыст цæуынц Хъахъхъæнынады министрады ахуыргæнæн комплексмæ мæйон ахуыртæм, æрыгон хæстоны курсы программæйы фæдыл райдиан æфсæддон цæттæдзинад райсыны нысæнттæн. «Ног æрсиддонтæн ахуыргæнæн центры арæзт æрцыдысты æппæт уавæртæ дæр зонындзинæдтæ æмæ цайдагъдзинæдтæ æнтысгæйæ исынæн, кæцытæ сæ бахъæудзысты сæ дарддæры æфсæддон службæйы.

Рæнхъон скондимæ куысты фæдыл министры хæдивæг сорганизаци кодта политикон-хъомыладон æмæ культурон-хиирхæфсæн куыст рæнхъон скондимæ. Фидар æрцыд ахуырты рæстæджы, хæстон цæттæдзинады программæ.

«Æфсæддон службæйæ сæхи чи тылиф кæнынц, уыцы æмбæстæгты агурыны æмæ сæ æрсидæн пункттæм æркæныны тыххæй сын æххуыс кæнынц РХИ-йы Мидхъуыддæгты кусджытæ», – загътой пресс-службæйы.

Ногæй кæмæ æрсидтысты службæмæ, уыдон ардбахæрд райсдзысты ахуыртæ фæуыны хæдфæстæ. Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты службæйы æмгъуыд у афæдз æмæ æрдæг. Ацы азы ноябры мæйы РХИ-йы Хицауады хорзыл банымадта «Æфсæддон хæсы æмæ æфсæддон службæйы тыххæй закъонмæ» ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» закъоны проект, кæцымæ гæсгæ æфсæддон службæйы æмгъуыд къаддæр кæны 18 мæйæ 12 мæймæ. Закъоны проект æрвыст æрцыд РХИ-йы Парламентмæ æркæсынмæ.

ИА Рес

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.