«Зынаргъ Гига! Дæ фырт Дзуццаты Петр æнувыдæй æххæст кодта йе ‘фсæддон ардбахæрд. Социалистон райгуырæн бæстæйы сæрыл тохты равдыста стыр хъæбатырдзинад æмæ лæгдзинад. Йæ хæстон хæс æххæст кæныны рæстæджы уый хъæбатырæй фæмард 1942 азы 21 октябры. Йæ мардбуар ныгæд æрцыд Марухы æфцæджы 1316 бæрзæндыл. Ацы документ уæм æрвиты, 121/751 æфсæддон хайы штабы хистæр Коваленко. 30.Х.42 аз».

«Сау гæххæтт» æрцыд Хъорнисмæ Дзуццаты Гигайы номыл. Фыдохы хабар хъæубæстыл айхъуыст, фæлæ йæ фыдæн нæма хъæр кодтой. Зын бадзурæн уыд ныййарджытæм ахæм æнамонд цауы фæдыл. Стæй уæд се ‘ннæ фырттæ дæр хæсты уыдысты æмæ уыдонæй дæр ницы уабæрæг хабæрттæ хъуыст. Фæлæ кæдмæ сусæг кодтаиккой салдаты мæлæт?

Гига æнæхъару нæ уыд. Йæхи ма бæргæ фидар дардта. Фæлæ… нал баурæдта йæ маст, асаст йæ тых…

Дзуццаты Петр райгуырд 1911 азы Хъорнисы хъæуы. Цардæфхæрд, фæлæ цырд, хъæлдзæг лæппу бирæ фæцыд фыййау искæй фосæн. Иудадзыг уыд хæдзары цумагæнæн. Уарзта бæхыл абадын дæр æмæ-иу æй лæгтæ уæлбæхыл куы ауыдтой, уæд-иу загътой, Чапаев та йæ бæх æрбатæры, зæгъгæ.

Иугæр Советон хицауад куы ‘рфидар Ирыстоны, уæд Петрæн дæр фадат фæцис æмæ ахуыр кодта Хъорнисы райдиан скъолайы. Æхсæнадон куыстмæ уыдис æнæзивæг. Уыдис пионерты раздзог, активон фæскомцæдисон. Уыд фæллойуарзаг. Хæрзæрыгонæй куыста Садоны шахтæйы, РионГЭС-ы æмæ бирæ æндæр арæзтæдты. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты агъоммæ ахуыр кодта Мæскуыйы Осавиахимы хаххыл. Уый фæстæ йæ арвыстой Мæскуыйы областы Ногинскмæ æмæ 1940 азмæ куыста уым. Уый бирæ хъару бахардз кодта горæт Ногинскы æвзонг фæлтæрæн, студенттæн æфсæддон дæсныйад бацамоныныл.

Фыдыбæстæйон хæст Петры æрыййæфта Тбилисы. Куыста Осавиахимы организацитæй сæ иуы. Куыддæр хæст райдыдта, афтæ йæхи фæндонмæ гæсгæ ацыд Сырх Æфсады рæнхъытæм. Хъæбатырæй тох кодта фашистон тыхæйисджыты ныхмæ Марухы æфцæгыл æмæ йæ цард нывондæн æрхаста райгуырæн бæстæйы сæрибардзинады тыххæй. Нал æрæздæхт йæ уарзон бинонтæм, нал федта, йе ‘взонджы бонтæ кæм арвыста, уыцы уарзон хъæуы.

Ныр, кæд Стыр Фыдыбæстæйон хæстæй бирæ рæстæг аивгъуыдта, уæддæр æмбæлттæ, хæстæджытæ, адæм нæ рох кæнынц, Райгуырæн бæстæйы тыххæй йæ сæр нывондæн чи æрхаста, уыцы хъæбатырты нæмттæ.

1965 азы советон адæм фашистон тыхæйисджытыл стыр фæуæлахизы 20 азы бæрæгбон куы нысан кодтой, уæд Хъæрæсе-Черкесы автономон областæй Петры æфсымæры номыл горæт Цхинвалмæ æрцыд ахæм арфæйы фыстæг:

«Зынаргъ Димитр Григолы фырт!

Хъæрæсе-Черкесы фæллойгæнджыты номæй зæрдиаг арфæ кæнæм дæуæн æмæ дæ бинонтæн фашистон сырдтыл Стыр уæлахизы 20 азы сæххæсты бæрæгбоны сæраппонд!

Махæн нæ зæрдæ тынг риссы, не ‘хсæн де ‘фсымæр Петр Григолы фырт – стыр хъæбатыр æмæ хъаруджын адæймаг   кæй нал ис, уый тыххæй. Фæлæ уый æнустæм уыдзæн нæ зæрдæты, нæ хъуыдыйы, куыд æцæг патриот, афтæ, кæцы йæ цард радта райгуырæн бæстæйы, йæ адæмы амонд æмæ сæрибардзинады тыххæй Кавказы æфцджытыл карз тохты. Уый кæддæриддæр ис немæ куысты æмæ циндзинады дæр. Уымæн æмæ хъайтартæ нæ мæлынц. Фæнды нæ сымахæн фидар æнæниздзинад æмæ æнтыстытæ!».

Тохы быдырæй йæ райгуырæн уæзæгмæ сæрæгасæй чи æрыздæхт, уыдон нæ рох кæнынц, знаджы нæмыджы хай чи бацис, уыцы хъæбатыр хæстон æмбæлтты. 1965 азы Тбилисы фембæлдысты Марухы æфцджытыл тохты хайадисджытæ. Уыцы фембæлды тыххæй Гуырдзыстоны республикон газет «Коммунист» фыста: «…Марухы тохты фæмардуæвæг хæстонты бинонты æрбахонын дæр нæ ферох кодтой фембæлды организацигæнджытæ. Уыдонæй бирæтæ зонынц нæ зынаргъ æмбæлтты царды фæстаг бонты хабæрттæ. 20 азы рацыд, уыдон куы бабын сты, уæдæй фæстæмæ. Фæлæ сæ рухс фæлгондзтæ не ‘фтынц зæрдæйæ. Нæ дæр сæ се ‘мтохгæнæг æмбæлттæ ферох кæндзысты, Кавказ æмæ æмткæй нæ райгуырæн бæстæ бахъахъхъæныны сæраппонд тохты чи фæмард, уыцы хъæбатырты: Дзуццаты Петр æмæ сæдæгай æндæр хæстонты нæмттæ…».

ЧЕРТХЪОТЫ Жаннæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.