Зæрдæ рухс кæны нæ республикæйы æрыгон фæлтæры æнтыстытæй, куыд ахуыры, аивады, афтæ спорты дæр.

15-16-æм сентябры спортивон комплекс «Олимп»-ы хъомылгæнинæгтæ каратейæ хайад истой æвзæнгты ‘хсæн XII-æм гом Æппæтуæрæсейаг хъæзтыты горæт Анапайы.

Радон хатт пьедесталмæ уæлдæр къæпхæнмæ схызт спорты ацы хуызы архайæг Дудайты Доннæ, кæцы архайдта 50 кг уæзы категорийы 14-15-аздзыд спортсменты ‘хсæн.

«Доннæ ерысты ‘хсæн татамимæ рахызт æртæ хатты æмæ алы хатт дæр фæуæлахиз æмгъуыдæй раздæр. Хорз техникон цæттæдзинад æм кæй ис, уый бæрæг уыд йæ алы фезмæлдæй дæр», – зæгъы чызджы тренер Созайты Владимир.

Турниры æвзист майданы хицау ссис Гаглойты Дианæ. Уый та тох кодта 45 кг уæзы категорийы. Фыццаг дыууæ ныхмæлæууæгыл бæргæ фæуæлахиз, фæлæ, хъыгагæн, финалы æнтыст нал бафтыд йæ къухты. 

Ивгъуыд аз Дудайты Доннæ ацы ерысты бацахста дыккаг бы-нат, уымæ гæсгæ йæ бæллиц уыд ныр чемпион суæвын. Фæстаг дыууæ мæйы чызджытæ 7 спортсмены скондæй ацы вазыгджын ерыстæм сæхи цæттæ кодтой райдианы Хъырымы æмæ уый фæс-тæ та – Геленджикы. Дудайты Дон-нæ зæгъы: «Æппæтдæр сарæз-тон, мæ тыхтыл нæ ауæрдгæйæ, цæмæй ацы ерысты суыдаин чемпион. Уымæн æмæ фарон фембылды дæн краснодайраг чыз-гæн. Æнæхъæн афæдз мæ нысан уыд фæуæлахиз уæвын. Видеойы систон, финалы цы спортсменимæ хъуамæ фембæлдаин, уый тох. Сахуыр ын кодтон йæ алы фезмæлд дæр æмæ ныр мæхицæй райгонд дæн».

Ацы ерысты хайад истой æппæт Уæрæсейæ спортсментæ 22 хуызæй: кекусинкай, каратэ, тхэквандо ИТФ, грепплинг, тайский бокс, кикбоксинг, сито-рю, сетокан-каратэ, ушу, джиу-джитсу æмæ а.д.

Нæ чызджыты командæ цы спорты хуызæй архайдтой, уый нымад цæуы каратэйы иууыл карздæр хуызыл.

18-19 октябры хуссарирыстойнаг каратисттæ хайад исдзысты «Мирный Кавказ»-ы фестивалы, кæцы уагъд æрцæудзæн Цæгат Ирыстон-Аланийы. 25-æм октябры та афæндараст уыдзысты Æппæтуæрæсейон ерыстæм. Ерыс-тæ уагъд цæудзысты Ульяновскы горæты. Уый у азы сæйрагдæр турнир.

Нæ сæйраг тыхтæ ныртæккæ ратдзыстæм уыцы ерыстæм. Ив-гъуыд аз ацы ерысты Дудайты Доннæ ссис чемпион, Гаглойты Дианæ бацахста дыккаг бынат. Дыууæ спортсменкæ дæр сты спорты мастеры кандидаттæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.