Гæздæнты Гайтойы райгуырдыл сæххæст 120 азы

Фыссæг-эмигранты хъæздыг сфæлдыстад уæрæсейаг чиныгкæсæгæн раргом 1990 азты. 1998 азы Мæскуыйы арæзт æрцыд «Общество друзей Гайто Газданова», зæгъгæ. Йæ хæс у фыссæджы сфæлдыстад сахуыр кæнын æмæ йын йæ уацмыстæ Уæрæсейы æмæ фæсарæнты популяризаци кæнын.

Гæздæнты Гайто у фараст романы, 37 радзырды, очеркты, чиныг «На французской земле», афтæ ма дæсгай литературон-критикон эссеты æмæ рецензиты автор. Гæздæны фырты архив хъахъхъæд цæуы Гарварды университеты Хотонскы библиотекæйы. Архивы сæ фылдæр хай къухæйфыстытæй   мыхуыр æрцыдысты.

Гæздæнты Гайто у уырыссаг эмиграцийы фыццаг уылæны æвзонг фæлтæры фыссæг, Владимир Набоковы æмрæнхъ æй хонынц уырыссаг литературон фæсарæйнаг хуыздæр фыссæг.

Курдиатджын фыссæджы разæнгард кодтой дæргъвæтин, уæлдайдæр та æхсæвыгон тезгъотæ. Уый уарзта фыссын фынæйы фæстæ. Никуы раст кодта йæ фыстытæ. Куыд-иу рауадысты, афтæмæй-иу сæ арвыста рауагъдадмæ.

Гæздæнты Гайто (Георги) Иваны фырт райгуырд 1903 азы 6-æм декабры. Йæ ныййарджытæ Иван æмæ Абациты Верæ уыдыс-ты Урсдонæй рацæугæтæ. Дзæуджыхъæуы æрцардысты 19-æм æнусы райдианы.

Гайтойы фыдæлтæ  Ирыстоны зындгонд уыдысты се ‘фсæддон æмæ культурон традицитæй. Фыссæджы Дада Саге (Сергей) хайад иста 1877-1878 азты уырыссаг-туркаг хæсты. Уыдис ын хорзæхтæ. Гайтойы фыдыфсымæр Данел уыд ирон интеллигенцийы зынгæ минæвар, хæларæй цардис Хетæгкаты Къостаимæ, Коцойты Арсенимæ. Куыста цензорæй ирон периодикон мыхуырæн æмæ æппæт мадзæлттæй дæр архайдта, цæмæй национ мыхуыр дæлдзиныг ма цыдаид. Данелы чызг Аврорæ та сси фыццаг ирон балеринæ.

Гайто йæ ирон ном райста йæ фыды æмбалы цытæн. Йæ фыд каст фæцис Петербурджы хъæды институт. Йæ службæйон хъуыддæгты фæдыл-иу æй бахъуыд куы Сыбыр, Белорус, Украинæ æмæ куы та Смоленскмæ ацæуыны сæр. Йæ мад каст фæцис Бестужевы курсытæ, зыдта цалдæр фæсарæйнаг æвзаджы. Уæрæсейы хъомылгонд  лæппу бауарзта хъæздыг уырыссаг культурæ. 1930 азы йæ хæстæг – рухстауæг, публицист, литературон критик  Байты Гаппомæ æмæ  1964 азы та литературæзонæг Хæдарцаты Азæмæ  фыста: «Хъыгагæн, ирон æвзаг нæ зонын, кæд æй мæ ныййарджытæ тынг хорз зыдтой, уæддæр… Ахуыр кодтон Парижы университеты, фæлæ мын уырыссаг æвзаг баззад мадæлон æвзагæй… Фæлæ уæддæр æз дæн сыгъдæг ирон».

Гайто сыгъдæг зыдта французаг æмæ немыцаг æвзæгтæ. 14-аздзыдæй Гайто базонгæ философтæ Людвиг Фейербахы, Юмы, Ницшейы, Канты æмæ æндæрты теоримæ, фæлæ æвзонг лæппуйы интерестæ уыдысты ноджы уæрæхдæр.  Пушкин, Лермонтов, Толстой, Достоевский, Блок, Шекспир, Байрон, Гюгойы сфæлдыстад бакаст, гимназы курсытæ каст фæуынæй бирæ раздæр.

«Фæндыд мæ хæст цы у, уый базонын»

Ахуыр кодта Полтавайы кадетон корпусы, уый фæстæ та – Харьковы гимназы, кæцыйы ныууагъта авд къласы фæстæ. 1919 азы йæ мадæн хæрзбон зæгъгæйæ, (уый фæстæ кæрæдзи нал федтой) Гайто бацыд Врангелы бархион къордмæ æмæ службæ кодта бронепоезды салдатæй. Ахæм хъысмæт цæмæн равзæрста, уый тыххæй йæ роман «Вечер у Клэр»-ы фыста: «Бархионтæ хæст рамбулдзысты æви фембылды уыдзысты, уый мæ нæ цымыдис кодта. Фæндыд мæ, хæст цы у, уый базонын. Урс æфсадмæ уый тыххæй бацыдтæн æмæ уæд уыдон цы зæххытæ бацахстой, æз дæр уым уыдтæн, иннæмæй та – бирæты фæзмыдтон; фæлæ, зæгъæм, Кисловодск сырхыты къухы куы уыдаид, уæд æз дæр, æвæццæгæн, сырхыты æфсадмæ бацыдаин». 16-аздзыд лæппу бавзæрста тугкалæн тохты хъæггаг улæфт, каст мæлæты цæстытæм. Æппæт уыдæттæ йæ нæ ферох сты æмæ йæ уацмысты уымæн афтæ бирæ ис мæлæты цаутæ.

Гайто Кисловодскæй Харьковмæ аздæхт йæ мадæн хæрзбон зæгъынмæ. «Мæ фæнд æй зæрддзæф фæкодта. Бахатыд мæм, лæгъстæ мын кодта, ма ацу, зæгъгæ, фæлæ ме ʼхсæрдæс азы кар тæригъæд нæма зыдта, æндæра дæ мады иунæгæй ныууадз, афтæмæй, æрмæстдæр, хæсты ногæй цыдæртæ фендзынæн, уый охыл куыд хъуамæ ацыдаин хæстмæ», – фыста уый.

Врангелы дæрæнгонд æфсæдтæй ма цы баззад, уыдон цыдысты Туркмæ. Семæ Гайто дæр бафтыд Галипполийы æфсæддон лагермæ æмæ дзы афæдзы бæрц баззад. Афицертæ домдтой, салдæттæй æфсæддон кады митæ, цæмæй тæлфын дæр мачи уæнда, уый. Гайто, æнæрцæф лæппу, уæззау уавæры бахауд. Йæ фыды йын хорз чи зыдта, ахæм афицер ын алидзынæн  баххуыс кодта. Афтæмæй Гайто Константинополмæ (Стамбулмæ) бафтыд æмæ ам æнæнхъæлæджы фембæлд Гæздæнты Аврорæйыл – уый уæдмæ ссис балеринæ. Аврорæ æмæ йæ цардæмбал (уый дæр кафæг уыд) бацархайдтой, цæмæй Гайтойы уырыссаг гимназмæ ахуыр кæнынмæ райсой. Уыцы гимназ байгом 1922 азы апрелы мæйы Болгарийы Шумены горæты. Уый тыххæй ныффыста йæ радзырд «На острове». Афæдзы фæстæ, аттестат куы райста, уæд Гайто ацыд Парижмæ.

Хицæнхуыз курдиат

Парижы куыста наулæууæны уæргътæхæссæгæй, слесырæй, æхсæвыгон таксистæй, францӕгты ахуыр кодта уырыссаг æвзагыл, уырыссæгты та – французагау. Бирæ хатт-иу бахсæвиуат кодта уынджы, кæнæ та метройы станцæты. Йæ сæрыстырдзинад æй хызта маамæлайы къæбæр курынæй, мæгуыр уæвынæй æмæ афтæ тыхамæлттæй иу зымæг арвыста, цалынмæ æхсæвыгон таксийы шофыр не ссис, уæдмæ. Æрдзон æнæниздзинад æмæ йын йæ уды хъару баххуыс кодтой уырыссаг эмигранты царды æппæт зындзинæдтæн бафæразынæн. Гайто бацыд Сорбоннамæ, райдыдта фыссын æмæ йæ уацмыстæ мыхуыры цыдысты.

Сæдæ азы размæ, 1923 азы Парижы рацыд йæ фыццаг роман – «Вечер у Клэр». Æвзонг фыссæджы ном уайтагъд айхъуыст уырыссаг эмиграцийы æхсæн. Абон зæгъæн ис афтæ, æмæ уырыссаг фæсарæйнаг литературæйы уыцы роман у Æмбæстагон хæсты тыххæй фыст хуыздæр уацмыстæй сæ иу. Чиныг уайтагъд барвыстой Максим Горькимæ. «Бакастæн æй стыр æхсызгонæй. Афтæ стæм хатт вæййы, кæд бирæ кæсын, уæддæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, ды курдиатджын адæймаг кæй дæ, уый дæхæдæг дæр хатыс. Æз ма йæм бафтауин, ды дæ хицæнхуыз курдиатджын адæймаг. Уый зыны æрмæст дæ роман «Вечер у Клэр»-æй нæ, фæлæ дæ радзырдтæй, Гавайские гитары»-йæ æмæ æндæртæй дæр. Хуымæтæгдæр у, уæд дын æнцондæр уыдзæн, у сæрибардæр æмæ тыхджындæр», – фыста йæм Максим Горький.

Ацы романы фæстæ йæ дыккаг стыр уацмыс та ссис «История одного путешествия». Уым автор æвдисы æцæгæлон бæстæйы уырыссаг адæймаджы  царды ныв.

Мад æмæ фырт

1930 азты, йæ мад уæззау рынчын кæй у, уый базонгæйæ, Гайто архайдта йæ райгуырæн бæстæмæ æрбаздæхыныл. 1935 азы 20 июлы уый фыста Горькимæ: «Мæн фæнды Советон Цæдисмæ аздæхын. Ды мын уыцы хъуыддаджы куы баххуыс кæнис, уæд æз минæварадмæ куырдиат бадæттин æмæ мæм фынддæс азы дæргъы фыццаг хатт бахъарид, мæ цардæн дæр æмæ мæ литературон куыстæн дæр нысан кæй ис, уый. Ам та Европæйы сæ дыууæ дæр нæ хъæуынц æмæ æнæпайда сты». Æрмæстдæр йæ къухфыст баззад, Горький Гайтойы куырдиатæн цы дзуапп æрвитинаг уыд, уымæн: «Мæ зæрдæмæ хъары хæстæг у, дæу дæ райгуырæн бæстæмæ æрбаздæхын кæй фæнды, уый æмæ мæ бон цы уа, уымæй дын цæттæ дæн баххуыс кæнынмæ. Ды курдиатджын адæймаг дæ æмæ  куыст ссардзынæ, царды цин та ис æрмæстдæр уый мидæг. Саламимæ М. Горький».

Фæлæ Горький фæзиан 1936 азы. Гайто куырдиат ныффыста советон минæварадмæ, фæлæ йын æрбаздæхыны бар лæвæрд не ʼрцыд.

Гайтойы мад, æмбæстагон хæст куы фæцис, уæд Дзæуджыхъæумæ æрбаздæхт. Ам куыста пединституты французаг æмæ немыцаг æвзæгты ахуыргæнæгæй. Йæ фырт æй бæргæ бирæ уарзта, фыста йæм, æрвыста йæм йæ уацмыстæ, йæ фыццаг роман дæр ын бакаст, фæлæ мад æмæ фырт кæрæдзийы нал федтой, афтæмæй 1939 азы Абацион цардæй ахицæн.

Уымæй æртæ азы размæ Гайто бинонты хъуыддаг бакодта, ракуырдта Ламзаки Фаинæйы – Одессæйæ рацæугæ бердзенæгты чызджы.

1939 азы йæ къух æрфыста Французаг Республикæйыл æнувыддзинады тыххæй. Ныхмæлæуды хайадисæг, активонæй æххуыс кодта советон партизанон змæлдæн. Уыцы цаутæ æвдыст цæуынц йæ документалон чиныг «На французской земле»-йы.

1931 азы литературон æмбырдтæй иуы рæстæджы Гæздæнты Гайто базонгæ Иван Бунинимæ. Уый размæ йæ Бунин фæсаууонмæ зыдта йæ роман «Вечер у Клэр»-мæ гæсгæ. Куы фембæлдысты, уæд ын Бунин дзуры: «Байхъус ма, уый та дын цахæм мыггаг ис?» – «Æз ирон дæн», – сдзуапп ын кодта Гайто. – «Æз та дис кæнын, уырыссаг мыггаг нæу æмæ кæцæй у, ууыл. О, о, мæ зæрдыл æрлæууыд, ис ахæм адæм Кавказы…». Сæ зонгæдзинад адард ис. Литературон æмбырдты Бунин æргомæй æвдыста, Гайтойæн кæй аргъ кæны, уый. Ирон фыссæгæн байгом фæндаг уырыссаг эмиграцийы ахадæндæр журналтæй иу «Современные записки»-мæ. Журналы йын ныммыхуыр кодтой радзырдтæ – «Гостиница грядущего», «Повесть о трех неудачах», «Рассказы о свободном времени», «Водяная тюрьма» æмæ афтæ дарддæр.

Гæздæны фырты уацмыстæ бауарзтой Ирыстоны, Уæрæсейы. Алы æмæ алы æвзæгтæм тæлмацæй йын йæ чингуытæ кæсынц дунейы бирæ бæстæты, ахуыр сæ кæнынц литературæзонджытæ. Гайтойы ныфс нæ уыд æмæ искуы йæ чингуытæ йæ Райгуырæн бæстæйы мыхуыры цыдаиккой. Фæлæ абон уыдон сты алы библиотекæйы дæр, Мæскуыйы, Санкт-Петербурджы, Дзæуджыхъæуы, Цхинвалы алы интеллигентон бинонтæм. «Призрак Александра Вольфа»-йы Уæрæсейы срекомендаци кодтой скъолайон программæйæн. Йæ уацмыстыл ын æвæрынц спектаклтæ.

«Георги Иваны фыртимæ базонгæ дæн Парижы 60-æм азты кæрон. Тынг хорз хъуыды кæнын уыцы фембæлды радио «Свобода»-йы парижаг бюройы директор Боба Эвансы кабинеты. Гайто уыд цыргъзонд адæймаг. Хаттæй-хатт-иу ын йæ репликæтæм фæхъыг сты. Тынг хорз зыдта французаг æвзаг. Мæ зæрдыл ма лæууы уый дæр, иу хатт радио «Свобода»-йы хæрæндоны загъта: «Абон мæ нæ зонынц нæдæр Уæрæсейы, æмæ, æгæрыстæмæй, Ирыстоны дæр». Фæлæ цалдæр азы размæ базыдтон, Гайтойы зонынц Уæрæсейы, уыцы нымæцы Ирыстоны дæр», – фыста Салхъазанты Фатимæ.

«Уый уыд тынг уæздан æмæ корректон адæймаг – æцæг аристократ. Тынг рæсугъд дзырдта æмæ йын уыд æнахуыр зæрдылдарынад. Афтæ нæм каст, цыма уый æнæкæсгæйæ зыдта æрмæст Пушкины нæ, фæлæ йæ уарзон поэтты æмдзæвгæтæ иууылдæр. Никуы ницæмæй хъаст кодта. Æрмæст йæ амæлæтæй фондз боны размæ ныффыста, зæгъгæ, бафæллад æгæрон лæмæгъдзинадæй, фæлæ уæддæр арæзта фидæны пълæнттæ», – фыста Александр Маршак.

«Вечер у Клэр» абоны онг дæр кæсынц, куыд Гæздæны фыртæн йæ иннæ уацмыстæ, афтæ. Фысджытæ алыхатт дæр æрбаздæ-хынц гæххæттыл, – банысан кодта иннæ эмигрант Иосиф Бродский.

Йæ царды фæстаг бонты онг куыста радио «Свобода»-йы

1953 азæй йæ царды фæстаг бонты онг Гайто куыста радио «Свобода»-йы журналист æмæ редакторæй. Георги Черкасовы фæсномыгæй уагъта алæвæрдтæ уырыссаг литературæйыл. Уыдис Мюнхены ног хабæртты сæйраг редактор. 1959 азы фæстæмæ æрбаздæхт Парижмæ радио «Свобода» парижаг бюройы уацхæссæгæй. 1967 азы йæ ракодтой Мюнхенмæ уырыссаг службæйы сæйраг редакторæй. 1970 азы фыссæгæн сæвæрдтой рæуджыты ракы диагноз. Гайто фидар лæууыд низы ныхмæ, æгæрыстæмæй йе ‘ввахс адæм дæр нæ зыдтой, куыд зын ын уыд, уый.

Гæздæнты Гайто цардæй ахицæн 1971 азы 5-æм декабры Мюнхены йæ 68-азы райгуырæн бонмæ ма йæ иу бон куыд хъуыд, афтæ. Ныгæд æрцыд Парижы цур Сент-Женевьев-де-Буайы уæлмæрды. 2001 азы дирижер Гергиты Валерийы æмархайды фæрцы Сент-Женевьев-де-Буайы уæлмæрды Гæздæнты Гайтойы ингæны байгом кодтой цырт.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.