Фыссæг Хуыгаты Сергейы райгуырдыл сæххæст 85 азы

Мæнмæ гæсгæ, фыссæгæн йæхи миддуне, йæхи хæдбындур курдиат куынæ уа, йе сфæлдыстад иннæтæй куынæ хицæн кæна, уæд йæ фыдæбон дзæгъæлы у. Чиныгкæсæджы зæрдæмæ фæндаг никуы ссардзæн, сайын ын нæ бакомдзæн.

Уыдонæй иу у Цæгат Ирыстоны адæмон фыссæг, Советон Цæдисы Фысджыты цæдисы уæнг, поэт, прозаик, публицист, тæлмацгæнæг Хуыгаты Сергей дæр. Райгуырд 1933 азы Дзауы районы Хуыгаты хъæуы. 1944 азы бинонтæ ралыгъдысты Цæгат Ирыстоны Тарскæйы хъæумæ æмæ фидæны фыссæг уым фæцис каст скъола. 1954 азæй 1964 азмæ Дагестаны æмæ, Цæгат Ирыстоны скъолаты ахуыргæнæгæй бакусгæйæ, фæсаууонмæ каст фæцис Мæскуыйы Горькийы номыл литературон институт. Куыста телестудийы редакторæй, журнал «Мах дуг»-ы хайады сæргълæууæгæй. 1981 азæй та кусы рауагъдад «ИР»-ы хистæр редакторæй.

Хуыгаты Сергей ирон литературæмæ фæндзайæм азты æрбацыд. Йе сфæлдыстадон фæндаг райдыдта поэзийæ. 1962 азы Ходы Камал æмæ Джыккайты Шамилимæ иумæ рацыд се ’мдзæвгæты фыццаг æмбырдгонд «Бонвæрнон». Кæд Сергей поэзийы дæр стыр курдиат равдыста, уæддæр литературæйы аккаг бынат бацахста йæ прозæйæ. Алчидæр æй раджы бафиппайдта, Сергейæн йе сфæлдыстадæй дыууæ рæнхъы æнæ авторæй куы бакæсай, уæддæр æй базондзынæ кæй фыст у, уый. Бынтон æндæр у йе ’рмдзæф. Йæ алы хъуыдыйады дæр ис дæлгоммæ худæг ныхас, хъæлдзæг хабар. Æркæсæм ма йын иу цалдæр хъуыдыйадмæ: «Зырапп куыддæр æрлæууыд — æниу, чизоны, бынтон не ’рлæууыд, чизоны, ма йæм уыди дзуринæгтæ, фæлæ сæ кæцымæ раздæр бавнала, уый нæ зыдта æмæ уымæн æрлæууыд», «Гæлæу йе ’ргом аздæхта Дзибускамæ æмæ йæм æдзæмæй касти, бæрæг уыд — Дзибускамæ кæсын æй нæ фæндыд, фæлæ уымæ куынæуал кæса Дзибускамæ, уæд кæдæм кæсдзæн, уый нæ зыдта æмæ уал уымæ каст» («Гандзейы чиныг»). «Лæгтæ дæр змæлыдысты, сæ лæдзджытæ хъазуат æппæрст кодтой размæ, уæддæр сын Ниноккайы бæрц не ’нтысти… Йæ пæлæхсар цыдæй размæ лæгæрста Котекка дæр» («Дыууæ кæрдзыны»), «Парсадан æмæ Таизæ лæууынц… æмæ цыма ныхас нæ кодтой, фæлæ цыма къæбæлтæ къуырдтой. Æмæ радгай къуырдтой къæбæлтæ æмæ сæ цыма иу дзæбугæй къуырдтой — сæ иу уал-иу ныкъуырдта къæбæл, стæй-иу дзæбуг иннæмæ радта, æмæ-иу уæд та уый ныкъуырдта. Цы дзырдтой, уый дæр — фидар, къæбæл куыд цыбыр æмæ фидар вæййы, афтæ» («Уыцы тæссар-мæссар фæндаг»). Ахæм юморыл амад сты йæ уацмыстæ иууылдæр, кæд юмористоныл нымад не сты, уæддæр.

Фæлæ фыссæгæн рацыд сыгъдæг сатирикон радзырдты æмбырдгонд дæр «Гъе уый дын Хепа». Зæгъæн ис, нæуæдзæм азты сабитæ уыцы æмбисонды худæг чиныгыл схъомыл сты. Сæ ныййарджытæн аргъæутты бæсты дæр уыцы радзырдтæ кæсын кодтой. Хъыгагæн, йе ссарæн никуыуал ис. Кæй зæгъын æй хъæуы, ис æм трагикон уацмыстæ дæр, уæлдайдæр — йæ поэзийы, фæлæ йын бирæ не сты.

Кæд Сергей литературæйы стыр фæзынд у, куыд прозаик, афтæ, уæддæр стыр бынтæ скодта поэзийы дæр. Уый ирдæй рабæрæг йе ‘мдзæвгæты æмбырдгонд «Хуры рæгъ»-ы дæр. Поэтæн йæ дзуринæгты сæйрагдæр у Ирыстон, ирон æвзаг, хур, Къоста… Ирыстонæн кæд тынг бирæ сарæзта, уæддæр дзы йæхи хæсджын хоны:

Æмæ Ирæй цы хæс дарын,
Уый мыл уадзы йæ уæз, –
Бонырухс æмæ ’хсæвдары
Хатын ме ’нæнцой æз.

Уæлдæр ма йæ загътон. Хуыгайы фырты сфæлдыстады стыр бынат ахсы нæрæмон Къоста. Йе ’мдзæвгæ «Нарон æхсæв»-ы генийы райгуырд æмæ йæ мады мæлæт афтæ тæригъæддаг æмæ трагиконæй равдыста, æмæ дзы зæрдæ бамæгуыр вæййы. Цалдæр скъуыддзагы дзы æрхæссæм:

Уыцы æхсæв цæстыл уайы абонау
Наргомы фыддæр æхсæв нæ уыд.
Дзурынц: уæд дæлгæмттæ кодта Абана,
Поты фæзмæ лæст æмæ лæбырд…

Саби ниуы, мады хъæбыс агуры,
Мады хъæбыс, цалынмæ ма хъарм у.
Мад цыма мæрдты къæсæрыл адгуыр уыд,
Уыйау раздæхт сывæллоны хъæрмæ…

Лæппуйыл йæ дыууæ цонджы ’рбатыхта,
Стæй ныррызти басудзæг цырагъау.
Арвæрттывдæй урспакъуы зæд ратахти,
Ердойыл фæскъау — фæрчытæ ахауд…

Нары уæзæг тоны — взоны утæхсæн,
Зæрдæ дзы афтид кæны ’мæ тутт.
Дзурынц, мад йæ уд нæ систа уыцы ’хсæв,
Лæппумæ ныуулæфыд йæ уд…

Бирæ фенын æмæ фехъусын хорз куынæ у, фæлæ уымæй хуыздæр та у, цы федтай æмæ фехъуыстай, уыдон аивадон хуызы адæмы рæгъмæ рахæссын. Æппæт уыцы миниуджытæй æрдз хъулон хай бакодта Сергейæн. Курдиатджын фыссæг цал-дæр азы бакуыста Дагестаны Ботлихы районы скъолайы ахуыр-гæнæгæй æмæ сын йæ «лекъаг радзырдты» сæ царды уаг афтæ хорз равдыста, æмæ цыфæнды историкы къухы дæр уый нæ бафтыдаид. Ацы уацмыстæ хицæн чиныгæй нæма рацыдысты, фæлæ сын журнал «Мах дуджы» кæсджытæ сæмбæлдысты тынг зæрдиагæй. Фыссæг стыр курдиат равдыста Нарты эпосы дæр йæ чиныг «Нарты Фарнæг»-ы. Хъыгагæн, ацы диссаджы уацмыстæн се ’ппæтыл æрдзурыны фадат нæй нæ чысыл æрмæджы.

Хуыгаты Сергейы сфæлдыстадыл æнæкæрон бирæ дзурæн ис. Бирæ сты йæ курдиатæн табугæнджытæ. Уый рабæрæг æрæджы, фыссæджы 85 азы юбилей бæрæг кæныны рæстæджы. Дзæуджыхъæуы Гæздæнты Гайтойы номыл фæси-вæдон библиотекæмæ æрбацыдысты фысджытæ, интеллигенцийы минæвæрттæ, ахуыргæндтæ æмæ Хуыгайы фыртæн дæр æмæ йе сфæлдыстадæн дæр стыр аргъ чи кæны, уыдон. Фыссæджы цард, ахуыры æмæ сфæлдыстадон фæндæгты тыххæй радзырдтой фыссæг Дзасохты Музафер, газет «Рæстдзинад»-ы номæй Цгъойты Хазби æмæ Багаты Аврам, ахуыргонд Цыбырты Людвиг. ЦИПУ-йы доцент Безаты Фаризæ равзæрста фыссæджы уацмыстæй цалдæры.

Уæзгæ хуынтимæ æрцыдысты Хуссар Ирыстонæй Ирыстоны фысджыты æмсæрдар Хъазиты Мелитон æмæ Парламенты комитеты сæрдар, фыссæг Гæбæраты Юри. Мелитон арфæ ракодта Сергейæн йæ бирæ азты сфæлдыстадон куысты тыххæй. Загъта, уарзон, хæлар адæймаг кæй у, уымæ гæсгæ йын Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли кæй саккаг кодта «Хæлардзинады орден», æмæ йын æй йæ риуыл бакодта. Гæбæраты Юри дæр йæ раныхасы фæстæ Хуыгайы фыртæн Президенты номæй радта Арфæйы фыстæг. Уым дзырдæуы:

«Нæ зынаргъ Сергей! Бирæ сты дæ лæггæдтæ ирон литературæйæн, Ирыстон æмæ ирон адæмæн. Мах сæрыстыр стæм, дæ курдиатджын удæй чи рантыст, уыцы сфæлдыстадон фæллæйттæй. Уымæ гæсгæ дын зæрдæбын арфæ кæнын дæ райгуырдыл 85 азы сæххæсты цытæн… Нырмæ дын цы бантыст сфæлдисын, уыдон фаг сты, цæмæй дын абон зæрдæбынæй дзурæм бузныг, фæлæ дын ныры онг цы нæма бантыст, уыдон сæххæст кæнын дæр дæ къухы кæй бафтдзæн, ууыл дызæрдыг нæ кæнæм. Цæр нын фæрнæй, нæ зынаргъ Сергей, уæнгрог æмæ фæлдисынхъомæй, зæрдæрухс у бинонты амонд æмæ кæстæрты цинæй!» Стыр цытимæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли.

Хуыгаты нæргæ мыггаг Сергейæ буц кæй сты, сæ кад æмæ сын намысыл кæй бафтыдта, уый тыххæй радзырдта Хуыгаты Æхсар æмæ мыггаджы номæй арфæ ракодта Сергейæн.

Кæронбæттæны Сергей бузныг загъта библиотекæйы кусджытæ æмæ изæрмæ чи ’рбацыд, уыдонæн, ахæм кад ын кæй скодтой, уый тыххæй æмæ сын бакаст йæхи фыст æмдзæвгæ.

Изæр сæ аивадæй срæсугъд кодтой аивæдты колледжы ахуырдзаутæ. Уыдон ма бакастысты Сергейы фыст æмдзæвгæтæ дæр.

Лæг, дам, йæ царды бонты хъуамæ ныссадза бæлас æмæ схъомыл кæна фырт. Хуыгаты Сергейы къухы уыдон уæлдайджынтæй бафтыдысты. Йæ бинойнаг Нартыхты Наташæимæ схъомыл кодтой тæхудиаджы æртæ кæстæры. Се ’ппæт дæр райстой уæлдæр ахуыр. Йæ фырт Ирлан у зынгæ ахуыргонд, филологон зонæдты доктор, профессор. Уæдæ Сергейæн та ирон литературæйы йæ бæркæдтæн кæрон дæр нæй. Цалынмæ йæ диссаджы чингуытæ «Нарты Фарнæг, «Гъе, уый дын Хепа», «Сæнæфсиры цупæлттæ», «Урс изæртæ», «Зарæг баззади мемæ», «Хуры рæгъ» æмæ æндæртæ цæрой, уæдмæ цæрдзæн æмæ уарзон уыдзæн сæ автор дæр адæмæн. Тагъд ра-цæудзæн йæ юбилейон чиныг «Къостайы авдæн» дæр æмæ ма йын ноджыдæр сæдæйы сæр цы фæуа, ахæм арфæ йын кæнæм.

Джусойты Нинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.