29 марты уагъд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Президиумы рабадт. Уагъта йæ Парламенты Сæрдар Гасситы Петр. Закъондæттынад, закъондзинад æмæ бынæттон хæдразамынды комитеты сæрдар Тедеты Нонæ уынаффæ кæнынмæ рахаста «Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламентмæ депутаттæ æвзарыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцион Закъоны проект.

Хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинады комитеты сæрдар Харебаты Сергей уынаффæ кæнынмæ рахаста «Экстре-мистон архайды ныхмæ кусыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны проект.

Ацы фарстатыл дарддæр уынаффæ цæудзæнис РХИ-йы Парламенты радон рабадты.

Президиумы куысты хайад райстой РХИ-йы Парламенты РХИ-йы Хицауады Æххæстбарджын минæвар Кокойты Зураб æмæ РХИ-йы Юстицийы министр Лалыты Залинæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.