Нæ рæзгæ фæлтæрæн сæ фидæны цард æмæ уыдонимæ нæ бæстæйы фидæн цахæм уыдзæн, уый абонæй аразгæ у. Цахæм фæлтæр схъомыл кæнæм, ахæм уыдзæн нæ фидæн дæр. Æмæ уый та, сæйраджыдæр, баст у ахуыргæнæгыл, уæлдайдæр та райдиан кълæсты ахуыргæнæгыл. Уый цахæм бындур æрывæра чысыл ахуырдзауы зонындзинæдтæн, уымæй бирæ кæнгæ у, дарддæр йæ ахуыр æмæ йæ цард дæр куыд ацæудзæн, уый. Ацы уацы мæ фæнды иу ахæм ахуыргæнæджы кой ракæнын. Уый у Къуылыхты Ингæ æмæ уый æнцон цардвæндагыл нæ фæцыд. Фæлæ адæймаг удыхъæдæй фидар куы уа, куы тырна йæ нысанмæ, æмæ уыцы нысан та рæсугъд куы уа, уæд ын зындзинæдтæ хъыгдарыны хос не сты, ахиздзæн къæбырты сæрты, басæтдзæн къæдзæхтæ дæр йæ фæндагыл.

Ахæм фидар удыхъæды хицау чи фæцис, уыдонæй сæ иу у Къуылыхты чызг дæр.

Ингæ райгуырдис 1964 азы Цхинвалы горæты. Каст фæцис 6-æм астæуккаг скъола. Уый фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Цхинвалы педагогон институты райдиан ахуырады методикæ æмæ педагогикæйы факультеты. 1986 азы бацыд скъоламæ кусынмæ æмæ уæдæй фæстæмæ хъомыл кæны Ирыстоны кæстæр фæсивæды.

Йæ ныййарджытæ Коцты Гиули æмæ йæ фыд Къуылыхты Алъберт дæр лæуд уыдысты ахуыргæнæджы зын, фæлæ фарны фæндаг.  Бирæ азты дæргъы сæ уды фарнæй фæлæггад кодтой Ирыстоны сабитæн, сæхицæн та схъомыл кодтой сæ удтæн адджын хъæбултæ – дыууæ чызджы.

– “Фыццаг урок, фыццаг ныфсæвæрæн фæлтæрæн. Кæмæ куыд фæкаст, уый нæ зонын, фæлæ мæнæн мæ зæрдæйы баззад адджын мысинагæй. Мæ фыццаг урок фыццæгæм къласы лæвæрдтон. Хуры тынау чысыл сабитыл мæ цæст куы ахастон, уæд фæтыхстæн, фæлæ иу чысыл куы аныхас кодтам, уæд кæрæдзи бамбæрстам. Мадау сæ рæвдыдтон, фæлæ сæ домгæ дæр афтæ кодтон.  Тарстæн-иу, сывæллæттæ мæм куы нæ хъусой, фæлæ уыдон уроктæм цыдысты рæвдзæй. Фыццаг, къласмæ та мæ фыццаг бакъахдзæф фæрæстмæ,” – дзырдта Ингæ.

Чи зоны, æмæ нæ фæрæстмæ уыдаид уыцы къахдзæф, ахуыргæнæджы курдиат æм куы нæ уыдаид, уæд. Уый та, фыццаджыдæр, йæхиуыл кæй куыста, чингуыты уæлхъус æгъуыссæг æхсæвтæ кæй æрвыста æмæ сабиты афтæ æнæкæрон уарзт кæй кодта, уый фæрцы уыд.

– Кæй зæгъын æй хъæуы, æнцон нæу сывæллæттимæ кусын, алкæмæ дæр сæ уæлдай ахаст дарын хъæуы, алчи дæр сæ уæлдай рæвдыд домы, фæлмæн рæвдаугæ ныхасæй сæм сдзурын фæхъæуы,  куы рæдиой уæд дæр, цæмæй сæ зæрдæтæ ма фæриссой, ма сын фæхъæбæр уой сæ дарддæры ахуырмæ –  махæн у уый нæ сæйраг хæс. Зын у сывæллонæн рæвдауæндонæй уайтагъд скъоламæ рахизын. Бирæтæн сæ бон нæ вæййы уыйбæрц рæстæг бадын æмæ рацу-бацу кæнынц урокыл, æмæ сæ уæд рæвдаугæ ныхасæй æрбадын кæнын партæты фарсмæ.  Æгæрыстæмæй мын дзы чи та урокыл афынæй вæййы.” – зæгъы Ингæ.

Бирæ æрыгон адæймæгты бафтыдта Ингæ царды раст фæндагыл, йæ сыгъдæг удыхъæд, йæ арф зонындзинæдтæ æмæ йæ педагогон фæлтæрддзинадæй сын æргом кæны царды “сусæгдзинæдтæ”. Ирон æмбисонд зæгъы, зæгъгæ,  бæлас талайæ тасы. – Цæмæй тала нæхи куыд фæнды, афтæ рæза, уый тыххæй йæм хъæуы хорз зилын, хорз кæсын æмæ дын уæд ратдзæн хорз тыллæг, фæлæ йæм зылд куынæ цæуа, уæд та рог дымгæмæ дæр йæ къалиутæ сæтгæ кæнынц. Афтæ у нæ фæсивæды фидæны хъуыддаг дæр. Фæсивæды зонды,  сæ хъомыл кæныны хъуыддаджы абон цы байтауай, уый æркæрддзынæ фидæны. Сывæллæтты хъомыл кæнынæй, уыдоны раст фæндагыл бафтауынæй сæйрагдæр хъуыддаг абоны царды ницы ис. Уыцы зын, фæлæ кадджын хæс æххæст кæны Ингæ дæр. Ӕмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, абон уый сæрыстыр у йæ абоны æмæ йæ раздæры хъомылгæнинæгтæй. Йæ бирæ азты æнтысгæ ахуыргæнæджы куысты фæстиуæг сты, йæ къухæй цардмæ цы лæппутæ æмæ чызджытæ рацыдысты, уыдон. Бирæтæ дзы систы стыр ахуыргæндтæ, æндæр æмæ æндæр профессийы адæймæгтæ æмæ кусынц Ирыстон æмæ Уæрæсейы алы рæтты.

Къуылыхты чызджы никуы рох кæнынц, скъолайы цы азтæ кусы, уыдон, фæлæ йын уæлдай æрхъуыдыкæнинаг дæр сты,   цы хæсты азтыл рацыдысты, уыдон. Уæд нæ райгуырæн Ирыстон цы стыр зындзинæдтæ æвзæрста, уыдон йæхиуыл æвзæрста 2-æм скъола дæр. Йæ хъомылгæнинæгтæй бирæтæ сæ риуæй хъахъхъæдтой Ирыстоны зæхх. Ӕмæ зæгъæн ис, уыцы æнæкæрон уарзондзинад райгуырæн Ирыстонмæ, уыцы æхсар æмæ хъæбатырдзинад, ирон лæгдзинад сын сæ туджы чи бауагъта, уыдонæй сæ иу кæй уыд ахуыргæнæг æмæ хъомылгæнæг Къуылыхты Ингæ. Уыдоны сгуыхтдзинадæй алы хатт дæр сæрыстыр вæййы, æмæ зоны, йæ фыдæбон дзæгъæлы кæй нæу. Ныртæккæ дæр ахуыры азы райдиан алы ныййарæг дæр фæтырны, цæмæй йæ сывæллон Ингæ Альберты чызгмæ бахауа, хорз ахуыргæнæгыл нымад кæй у, уый тыххæй. Фæлæ алкæмæн уый нæ бантысы.

Ингæ  йæ иузæрдион куысты тыххæй хорзæхджын æрцыд бирæ Кады грамотæтæ æмæ æндæр хорзæхтæй.

Ис æм бирæ дипломтæ æмæ Кады гæххæттытæ. Фæлæ йæ царды иууыл стырдæр хæрзиуæгыл нымайы йæ дыууæ чызджы – Наташæ æмæ Верæйы. Дыууæ дæр ын фесты уæлдæр ахуыр,  сæ иу архитектор у, иннæ та таможнæйы хаххыл кусы.

Къуылыхты Ингæ æмæ уый хуызæн æндæр ахуыргæнджыты иузæрдион æмæ намысджын куыст нын нæ зæрдæты ныфс уадзынц, нæ рæзгæ фæлтæрæн хорз хъомылгæнджытæ кæй ис æмæ сын уыимæ хорз фидæн кæй уыдзæн, уый.

Æлборты Агуындæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.