Приднестроваг-Молдаваг Республикæйы президент Вадим Красносельский фембæлд абхазаг æмæ хуссарирыстойнаг минæварадты къухдариуæггæнджытæ Александр Ватаман æмæ Виталий Янковскиимæ, – хъусын кæны Приднестроваг-Молдаваг Республикæйы сæргълæууæджы пресс-службæ.

Кæрæдзийæн раарфæ кæнгæйæ, нысангонд æрцыд республикæты ‘хсæн цы хæларадон ахастытæ ис, уыдон.

«Фембæлды рæстæджы æруынаффæ кодтой зын фæлварæнтæ бавзарæг æвзонг паддзахадты хæдбардзинады фæндаджы саразыны историон аспектыл.  Фембæлды хайадисджытæ æрдзырдтой Приднестроваг-Молдаваг Республикæйы сырæзтыл 33 азы сæххæсты цытæн аивгъуыйгæ мадзæлттыл, афтæ ма Уæрæсейы ‘рдыгæй Абхазы æмæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыныл 15 азы сæххæсты цытæн мадзæлтты приднестроваг делегацийы хайадисты тыххæй», – дзырдæуы пресс-службæйы хъусынгæнинаджы.

Фембæлды рæстæджы ма æрныхас кодтой алыгъуызон фадгуыты æмархайды аспекттыл, ныхас кодтой дунеон уавæры тыххæй, диалогы ахсджиагдзинад æмæ цыфæнды конфликттæ дæр сабырæй æрбæстон кæнынмæ тырнындзинадыл.

Хъусдард здæхт æрцыд экономикон контакттæ æмæ культурон-ахуырадон фадыджы фæлтæрддзинад кæрæдзийæн амонынмæ, афтæ ма банысан кодтой дарддæры æмгуыстады пълæнттæ.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.