КЪУХТӔ ӔРФЫСТОЙ СРАЗЫДЗИНАДЫЛ

Республикæ Хуссар Ирыстон  Алани æмæ Республикæ Арцахы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадты сæргълæуджытæ Медойты Димитр æмæ Масис Маилян цытджын уавæрты сæ къухтæ æрфыстой дыууæ бæстæйы Æддагполитикон ведомствоты ‘хсæн Æмгуыстады фæдыл сразыдзинадыл.

Министртæ сæ къухтæ официалон документыл æрфыстой сæ официалон фембæлды фæстæ.

Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр банысан кодта фембæлды ахсджиагдзинад. Нæ ахастытæ, зæгъгæ, рагон сты, ис сын сæхи хæларадон истори. Æмæ уыцы ахастытæ рауæрæхдæр, фæмидисджындæр кæныныл уынаффæ кæндзыстæм нæ фембæлды рæстæджы. Къухтæ фыст цы сразыдзинадыл æрцыд, уый та банымадта дарддæры дыууæфарсон ахастыты ахсджиаг бындурыл.

Медойты Димитр ноджыдæр банысан кодта, дыууæ бæстæйы ‘хсæн Æмгуыстады фæдыл цы сразыдзинад райстæуыд, уый стыр нысаниуæг. Йæ ныхæстæм гæсгæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Арцахы сæ ног историйы хъысмæты домæнмæ гæсгæ рацыдысты зын фæлварæнтыл. Махæн, зæгъгæ, нæ бæстæты историты бирæ иумиаг хъуыддæгтæ ис, æмæ уымæ гæсгæ нæ æмахастыты уидæгтæн стыр аргъ кæнæм. Уый нын фадат дæтты размæ ныфсджынæй кæсынæн.

Арцахы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Масис Маилян бузныг загъта Медойты Димитрæн, æфсымæрон республикæмæ сæ кæй фæхуыдта, уый тыххæй. Банысан кодта рагон бастдзинæдты нысаниуæг æмæ зæгъгæ, уыдон хъæуы ноджы фæмидисджындæр кæнын.

Йæ ныхæстæм гæсгæ экономикон æмахастытæ дæр хъуамæ уой политикон æма-хастыты æмвæзадыл. Хуссар Ирыстоны бæрнон уазджытæ кæй стæм, уымæй, зæгъгæ, спайда кæндзыстæм, цæмæй нæ бæстæты æмахастытæн лæвæрд æрцæуа ног импульс. Уый фæдыл ис бæрæг идеятæ, бакусинæгтæ, æмæ уыдоныл активон куыст цæудзæн.

Паддзахад Алани æмæ Республикæ Арцахы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадты ‘хсæн Æмгуыстады фæдыл къухтæ фыст цы сразыдзинадыл æрцыд, уый æддагон политикæйы фадыджы бæрæг кæндзæн æмгуыстады сæйраг здæхтытæ æмæ Хуссар Ирыстон æмæ Арцахы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадты ‘хсæн ахъазгæнæг уыдзæн, æмархайд фæактивондæр æмæ мидисджындæр кæнынæн. Уымæй дарддæр ма Сразыдзинады бындурыл æдзух уагъд цæудзæн консультацитæ æмæ бадзырдтытæ дунеон, регионалон æмæ дыууæ фарсы цымыдисгæнæг фарстаты фæдыл.

Республикæ Арцахы делегацийы сконды уыдысты Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады аппараты генералон нымæрдар-къухдариуæггæнæг Семен Афиян æмæ Уæрæсейы Федерацийы Арцахы Республикæйы æдзухон минæвар Альберт Андрян.

 

ФЕМБÆЛД ПРЕЗИДЕНТМÆ

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президет Бибылты Анатоли уыцы бон йæхимæ райста Республикæ Арцахы делегацийы уæнгты, фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Масис Маиляны сæргълæудæй.

Фембæлды хайад райстой Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр æмæ йæ фыццаг хæдивæг Цхуырбаты Андрей.

Бибылты Анатоли, уазджытæн æгасцуай зæгъыны фæстæ банысан кодта, Арцахимæ нæ бæстæйæн нæ ног историйы цы ахастытæ ис, уый хынцгæйæ сæм стыр кады æмæ хъарм ахаст кæй дарæм. Иууыл хуыздæр фæндиæгтæ загъта Арцахы бæстæйы сæргълæууæг Бако Саакяны номыл, зæгъгæ, нæ ныфс ис, æмæ официалон балцы йæхæдæг кæй æрцæудзæн Хуссар Ирыстонмæ.

Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, уыцы бон Хуссар Ирыстон æмæ Арцахы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадты ‘хсæн къухтæ цы ахсджиаг Сразыдзинадыл фыст æрцыд, уый нысаниуæг, зæгъгæ, уый у дыууæ æддагполитикон ведомствойы æнтыстджын куыст.

«Ацы официалон документыл къухтæ фыст кæй æрцыдысты, уый дзурæг у ууыл, æмæ нæ республикæты æддагполитикон царды кæй цæуы æнтыстджын куыст. Уыцы æнтыстджын куыстæн та нын ис фидар бындур æмæ уавæртæ. Ацы къахдзæф ноджыдæр дзурæг у ууыл, æмæ Хуссар Ирыстон æмæ Арцахы адæм стыр аргъ кæй кæнынц уыцы ахастытæн», – банысан кодта Президент.

Президенты ныхæстæм гæсгæ махæн æппæт фадæттæ дæр ис, цæмæй алы фадыджы дæр,  экономикон уа, æви политикон, нæ бастдзинæдтæ æмæ ахастытæ дунеон масштабы уæрæх кæнæм. Нæ æмархайд, нæ хæлардзинадæн, зæгъгæ, ис фидæн, ис уавæртæ дæр, æмæ сæ уæрæх кæндзыстæм.

Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, Хуссар Ирыстоны лæмбынæгæй сæ хъус кæй дарынц Хæххон Хъарабахы æрцæугæ цаутæм æмæ уынынц бæстæйы динамикон рæзт.

«Мах тынг фæнды, цæмæй Арцахы зæххыл æлдариуæг кæна сабырад æмæ фидыдад. Уымæн æмæ уæ бæстæйы адæм фæллой кæныныл ифтонг сты æмæ йын ис æппæт бындуртæ дæр, цæмæй Республикæ дидин æфтауа», – банысан кодта Президент.

Арцахы делегацийы сæргълæууæг Масис Маилян Бако Саакяны номæй арфæйы ныхæстæ загъта Бибылты Анатолийæн. Банысан кодта дыууæ бæстæйы æддагведомствæйон уагдæтты ‘хсæн цы сразыдзинадыл æрцыд къухтæ фыст, уый егъау нысаниуæг. Бузныг загъта Бибылты Анатолийæн йæ хъарм райсты тыххæй. Мах адæмтæ, зæгъгæ, тынг æввахс сты, æмæ æрвыл хатт ардæм мах æрцæуæм, куыд нæхимæ, афтæ.

Масис Маилян дарддæр йæ ныхасы хъусдард аздæхта нæ Республикæйы хуыздæрæрдæм цы ивындзинæдтæ цæуы, уыдонмæ.

«Мах федтам Республикæ куыд рæзы, уый – ног фæндæгтæ, арæзтæдтæ, инфраструктурæйы объекттæ. Махæн æхсызгон у æфсымæрон республикæйы цы сомихæгтæ æмæ ирæттæ цæры, уыцы æфсымæртæ æмæ хоты тыххæй арæзт цы цæуы, уый. Не ‘мзæххонтæ нæ рох кæнынц сæ уидæгты æмæ сæхи æвдисынц, куыд Хуссар Ирыстоны æцæг патриоттæ, афтæ – æмæ ууыл мах дæр райæм. Мах фембæлдзыстæм уыцы общинæтимæ, æххуыс сын кæндзыстæм, куыд культурæйы, афтæ æндæр фадгуыты дæр. Сомихаг адæммæ бæстæйы къухдариуæгад хорз ахаст кæй дары, уыимæ мах хорз зонгæ стæм, уый тыххæй уын стыр бузныг», – загъта Маис Маилян.

Бибылты Анатоли Маис Маиляны ныхас дарддæргæнгæйæ банысан кодта, сомихаг диаспорæ сæхи æвдисынц, кæм фæнды ма кусой, уæддæр, тынг хорз фарсæрдыгæй. Уыдон хъахъхъæнынц Хуссар Ирыстоны интерестæ, сты æцæг патриоттæ æмæ сæ сымах хъуамæ уат сæрыстыр. Уыцы диаспорæйы уæнгтæ бахатыдысты ирон-сомихаг хæлардзинады цытæн сомихаг дзуар Хачкар саразын, уый æвæрд æрцæудзæн Сомихæгты уынгыл цы чысыл сквер арæзт æрцæудзæн, уым. Ныртæккæ бæстон цæуынц организацион фарстытæ. Президенты хъуыдымæ гæсгæ уый уыдзæн ирæттæ æмæ сомихæгты хæлардзинады символ æрмæст Хуссар Ирыстоны нæ, фæлæ ма дунейы дæр. Бибылты Анатоли банысан кодта бирææнусон хæлардзинад дыууæ адæмы æхсæн. Уый нæ, ноджыдæр бæрнджын кæны, нæ адæмты ‘хсæн хæлардзинад æмæ историон хиондзинадæн бæрзонд кад æмæ аргъ кæнынæн, зæгъгæ.

Фембæлды кæрон Арцахы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Маис Маилян сæ бæстæйы сæргълæууæг Бако Саакяны номæй зæрдылдарæн лæвар бакодта Бибылты Анатолийæн. Йæ рады, паддзахады сæргълæууæг дæр Арцахы делегацийы уæнгтæн балæвар кодта Ирыстоны сыгъдæг бынæтты нывтимæ æвзист монетæтæ æмæ Республикæйы фенддаг бынæтты нывтимæ альбом.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.