Ивгъуыд æнусы 80-90-æм азтæ. Ногæй та дыууынæм азты куыд уыд, афтæ хæст, агресси, геноцид нæ чысыл адæмы ныхмæ. Ногæй та ирæтты сæ цæрæн бынæттæй фæсурынмæ бафæлвæрд. Уыцы нысан йæ къухты бафтын кæнынмæ æппæт амæлттæй тырныдта гуырдзиаг фашизм. Æмæ цагъды кодтой нæ адæм. Чи тохгæнгæйæ, чи комкоммæ йæ хæдзары, чи – фæндагыл цæугæйæ… Æрурæдтой æмæ удæгасæй баныгæдтой Ереды трагедийы амæттæгты. Сусæгæй Зары æфцæгмæ схъуызгæйæ, ныццагътой, адæм куыд зонынц, афтæ 36 бæлццоны…

Ам мæ фæнды мæ уацы сæйраг дзуринагмæ рахизын. Царды хорзæй дæр æмæ фыдæй дæр цы æрцæуы, уыдон хъуамæ адæмы размæ хаст цæуой, куыд уыдысты, растдæр афтæмæй. Хъыгагæн, алы хатт афтæ нæ рауайы. Уый алы бæстæты, адæмты историмæ дæр хауы. Разынынц историон æцæгдзинад фальсификацигæнджытæ, ома сæ æндæр хуы-зы чи æвдисы, ахæмтæ.

Не ‘хсæнады дзырд рагæй цæуы, Зары æфцæгыл гуырдзиаг лæгсырдтæ кæй амардтой, уыдон цал уыдысты, ууыл. Сæ номхыгъдмæ гæсгæ сты æрмæстдæр æртын æртæ. Уæдæ ма кæцæй фæзынд нымæц æртын æхсæз? Адæмы ‘хсæн ацы нымæц кæй апарахат æмæ абон дæр бирæтæ афтæ кæй хъуыды кæнынц, уымæн та йæ аххосаг уыд мæ уац «Уыдон уыдысты æртын æхсæз». Развæлгъау зæгъон, ам мæнмæ æппындæр кæй нæ уыд историон факт cзыгъуыммæ кæныны хъуыды. Хъуыддаг та рауад афтæ. Уыцы бон, ома 20 майы ацы тра-геди куы æрцыд, уæд æз куыстон газет «Хурзæрин»-ы (уæд «Советон Ирыстон» хуынд) хайады сæргълæууæгæй. Газеты уæды редактор Хуыгаты Анатоли мын бахæс кодта, цæмæй цы ‘рцыдис, уый тыххæй æрмæг бацæттæ кодтаин. Уæд цы уавæрты цар-дыстæм, уыдоны хорз хъуыды кæндзысты, бынаты чи баззадысты, уыдон. Уыдыстæм алыгъуызон информацион блокадæйы, уыдонимæ информацион бло-кадæйы дæр. Трагеди куы ‘рцыд, уæд ма адæм хъус-хъус кодтой, кæрæдзийæн дзырдтой, зæгъгæ, дзы æртæ амæттаджы та уыдысты цæгатирыстойнæгтæ æмæ сæ аластой уырдæм. Ахæм ныхæстæ адæмы ‘хсæн кæй цыд, уый мæнмæ гæсгæ алчидæр хъуыды кæндзæнис. Æрмæг та мыхуырмæ тагъдыл хъуыд бацæттæ  кæнын,  фæлæ  дзы цæгатирыстойнаг амæттæгтæ кæй уыд, уый сбæлвырд кæнын къухты нæ бафтыд. Афтæмæй æрмæг мы-хуырмæ лæвæрд æрцыд «Æртын æхсæзæй иумæ», зæгъгæ, ахæм сæры бын.

Къухты нæ бафтыд трагедийы æртын æртæ амæттаджы нæмттæ сбæлвырд кæнын æмæ сæ банысангонд уацы адæмæн фехъусын кæнын дæр. Куыд сæ нæмттæ, афтæ уыдоны тыххæй æрмæджытæ, некрологтæ мыхуыр кодтам фæстæдæр.

23 майы нæ горæты Театралон фæзуаты Ирыстоны дзыллæ хæрзбон кодтой трагедийы амæттæгтæй иутæн, иннæтæн та – 24 майы. Дыууæ боны дæр фыдохы митингтæм æрцыд бирæ адæм. Уыдон сæ цæссыгимæ, ахæм сырдон ми чи бакодта, уыдонмæ æмæ сæ аминдигæнджытæм фыдохы æнкъарæнтимæ фæндараст кодтой се ‘нусон бынатмæ. Дыккаг бон митингмæ æрцыд Цæгат Ирыстонæй минæварджын делегаци, йæ сæргъ Цæгат Ирыстоны ССР-йы Сæйраг Советы Сæрдар Галазты Æхсарбег, афтæмæй. Уый цыбыртæй æрдзырдта Ирыстоны уæззау уавæрыл, банысан кодта уавæр сабырадон æгъдауæй æрбæстон кæныны æнæмæнгхъæуындзинад æмæ кæд уый къухты не ‘фта, уæд æппæт дæр арæзт кæй цæудзæнис, цæмæй Хуссар Ирыстоны адæм скуынæг кæнынæй ба-хъахъхъæд æрцæуой, бахъахъхъæд æрцæуа сæ зæхх…

Цыдысты дарддæр бонтæ, фæлæ Цæгат Ирыстонæй не æры-хъуыст, се ‘мбæстæгтæй ‘ртæйы Зары трагедийы кæй бахаудтой, ахæм хабар. Афтæмæй адæмы хъуыдыйы сæ нымæц баззад æртын æхсæзæй.

Ам мæ зæрдыл æрбалæууыд популярон уырыссаг зарæг «На безымянной высоте»-йæ ахæм ныхæстæ «нас осталось только трое из восемнадцати ребят». Куыд рабæрæг, афтæмæй уыдон æстдæс нæ уыдысты, фæлæ къаддæр. Зарæгæй, куыд фæзæгъынц, ныхас æппарæн нæй æмæ йæ абон дæр зарынц афтæ, цыма уыдысты æстдæс.

Уый зарæг у, знаджы нæмыгæй чи бабын сты, уыцы лæппутыл. Æмæ кæд зарæгмæ не ‘вналынц, уæддæр махæн нæхи къухы ис æмæ дарддæр фыссæм, дзурæм, Зары трагедийы амæттæгтæ, æцæгæйдæр, цал уыдысты, уый. Уыдон та уыдысты æртын æртæ æмæ сын абон, сæ мысæн бон ногæй зæгъæм: рухсаг ут!..

Биазырты Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.