Хуссар Ирстоны цардуæвынады азфыссæн чиныджы тугхъулон сыфтæй – Зары трагеди ирон адæмы зæрдæйы æнусты баззайдзæнис æрхæм хъæдгомæй. Ам  28 азы размæ, 1992 азы 20 майы, гуырдзиаг фыдгæнджыты къухæй сырдон æгъдауæй фæмард æртындæс æмæ ссæдз лигъдон адæймаджы; зæрæдтæ, сылгоймæгтæ, сывæллæттæ. Уæдæй фæстæмæ 20 май Хуссар Ирыстонæн у гуырдзиаг геноциды саударæн бон.   

Уыцы уалдзыгон райсом къаннæг Хуссар Ирыстойнаг  хъæу  Зар, æвæдза, ууыл хъуыды дæр куыд акодтаид, æмæ йæ ном ахæм хуызы фыст æрцæудзæн нæ адæмы историйы. Ӕрхъулагонд Цхинвалæй æдтæмæ, дунемæ раирвæзæн уыд æрмæстдæр ацы фæндагыл – арæзт æрцыд фæдисы уагыл хæсты бонты, иу кодта хохы сæрты Зар æмæ Дзауы районы Гуфтайы хъæу, уырдыгæй Цæгат Ирыстонмæ. Знаг цы фæндыйæ дæр йæ разы æрæвæрдта ахæм нысан сæххæст кæнын,  цæмæй 8 июнмæ – Хуссар Ирыстоны 20 азы Советон хицауад расидыны бонмæ иунæг ирон дæр мауал баззайа хохæн фаллаг фарс, сæххæст уа гуырдзыйы æнусон бæллицц.  “Демократон” Гуырдзыстон йе ̀ппæт хæстон тыхтæ дæр сарæзта Цхинвалы ныхмæ, сæ разæй цыд æххуырст æфсад советон танкæтыл, æхсæвæй-бонæй йæ æхстой сармадзантæй. Иу хæстон сводкæйы рæстæджы Цхинвалы хæцæг гуырдзиаг æфсады разамонæг йæ хицауады раз доклад кæныны рæстæджы загъта, æвдыстой йæ телералæвæрды рæстæджы, зæгъгæ, æрмæcт иунæг суткæ – дысон æмæ абон Цхинвалыл æркалдтам  дыууæ мин снарядæй фылдæр, ныр уым æнæпырх хæдзар æмæ удæгас адæймаг  мауал хъуамæ уа. 

Уый размæ, 13-æм майы, Шеварднадзе – сæйраг “демократ” – æрбацыд Цхинвал уынæг. Ир рæуæууæнк кæм не сты, загътой, ныр фервæдзыстæм нæ хъизæмæрттæй, Шеварднадзе нын нæ зындзинæдтæ федта æмæ йæ адæмæн макæ зæгъдзæн, æвæццæгæн ма йын советон-партион разамонæг æнхъæл уыдысты, ноджы ма йемæ ирæттæ  дæр уыд.  Чъребайы бæрзонд хицæуттæй иу сылгоймаг йе ‘фцæджы тыхсгæ дæр ныккодта, йæхи нал бау-рæдта, æвæццæгæн цы зондæй, нæ зонын.  Сæйраг “демократ” горæты пырх хæдзæрттæ куы федта, уæд йæ уæрджытæ æрхоста, цæстмæ митæ кодта, мæнæ, дам, цы ми бакодтой ме ‘фсад, пуй,  налат! – йæ цæссыг фæкалдта. Уæд бацыд гуырдзиаг хъæу Чъехмæ дæр, къуырийы фæстæ Зары трагеди кæй къухæй æрцыд арæзт, уыдонмæ. Цы хъуыдыимæ аздæхт фæстæмæ, уый зонæг – иунæг йæхæдæг, фæлæ Хуссар Иры сæйраг фыдбылызтæ æрцыдысты уымæй фæстæмæ. Чъреба æхсын райдыдтой зынгæфтауæг нæмгуытæй, минометтæй, сармадзанты кой та ма цы кæнæм.  Горæты алфæмблай бæрзæндтæй рæстдзæвинтæ милмæ систой алы уынг дæр,  цуанон сырдыл куыд цуан кæна, афтæ цуан кодтой алы ирон  удгоймагыл дæр. Июны мæйы кæройнаг бонтæй сæ иуы гуыр-дзиаг телеуынынад ралæвæрдта, Шеварднадзе “Цхинвалы регионы” йе ‘фсады хæстон архайдтытæ бæрæг кæныны фæстæ Гуры цы æмбырд сарæзта, уырдыгæй репортаж. Цин кодта, йе ‘фсад ирæтты кæй цæгъдынц, ууыл, фæлæ йæ критикæ аздæхта æфсæддон министрадмæ, “йæ хæстонтæн нæмыг кæй нæ фаг кæны фылдæр адæмы цæгъ-дынæн”, уый тыххæй.

 Нæ фæсивæд хъæбатырæй хæцыдысты, хъахъхъæдтой Чъреба, иннæты та æрвыстой Цæгат Ирыстонмæ – кæй фистæгæй, кæй та – машинæтыл.

 20-æм майы уалдзыгон райдзаст райсом  скодта, хур бæстыл атылд. Уыдаид дæс сахаты, лæууы-дыстæм хицауады хæдзары раз. Уалынмæ чидæр фæдисы уад æрбакодта: Зары фæндагыл гуырдзы лигъдæтты ныццагътой, зæгъгæ. Бæстæ змæлд сси. Чи Зары ‘рдæм тындзыдта, чи рынчындоны ‘рдæм. Мæрдтæй се ‘дзаг уæзласæн машинæтæ горæты уынгты рынчындоны ’рдæм афæд кодтой. Фæйнæрдыгæй – кæуын, хъарæг. Алчи мæрдты хсæн йæхионы агуры.

Ӕнахуыр сахат уыд уый, хур каст, фæлæ нæдæр тавгæ кодта, нæдæр рухс кодта, поэтикон метафорæ нæу, æцæг афтæ уыд. Сау хуры рухс, сау ирдгæйау, цæстытыл бадти æмæ бæстæ æгуыппæг, къуырмайæ лæууыд. 

Лæппутæ базмæлыдысты, ныр сæм бахъардта, Чъех фыдбылызæн кæй у, уый загътой: Чъехæй фервæзын хъæуы, æндæр ницы, цалынмæ Чъех уа, уалынæ Хуссар Ирыстоны ирон лæгæн æнцад-æнцойæ цæрæн нæй. Фæлæ та сын хуыздæр зонд-амонæг фæци, æмæ та уыдон дæр ныхъхъус сты. Туг та, æнаххос туг, акалд æнæвгъау, æмæ ныккал-ди уый фæстæ дæр.

Ныр дыууын аст азы рацыд Зары фæндагыл æрцæуæгæ абуалгъы фыдракæндыл ирон адæмы ныхмæ. Фæлæ дыккаг абуалгъы ракæнд та уый у ноджы, æмæ фыдгæнджыты фæрсæг нæй абоны онг. Йæ фыдракæнды тыххæй сæ дзуапп ничи дæтты. Нæдæр Зары фæндагыл, нæдæр æгас Хуссар Ирыстоны алы хъæуты фæндæгтыл.

Ирон адæмæн гуырдзы дыккаг хатт цы геноцид сарæзтой, ууыл абон 28 азы кæй æххæст кæны, уый сæраппонд газеткæсджыты размæ хæссын нæ зынгхуыстты номыл фыст æмдзæвгæтæ.

Хурмæ арвы кæрæттæ

хъæр кодтой: раздæх!

Нæ раздæхт…

Хабар

Уыд æмбисбонæй раздæр…

О, Зары фæндаг –

сары фæндаг!..

Къуыбыртыл – къудзитæ

къудзитæ, куйдзыхтæ,

улæфт нымæхсгæ,

нымбæхсынц…

Дæлæмæ хæдтулгæ

уæрдæттæ 

сæ уæргътæ,

унæргъгæ, схæссынц.

Хæдтулгæ уæрдæттæ 

сæ уæргътæ нæ

фæразынц,

Уагæр уæззæуттæ

Цы хæссынц  цы

фæласынц?!

Ой, хæссынц, фæласынц,

фæллад зæрæдты

уæззау уæрджытæ,

уæззау зæрдæтæ.

Ой, хæссынц, фæласынц

нæ ирон мæдты

æнæныггæдзæ

зынтæ, фыдбæттæ.

Уæд мадæлты раз

саби-чысылты

уæззау цæтыты

æназым æнгас…

О, Зары фæндаг –

сары фæндаг!..

 Хæдтулгæ уæрдонæн

цас зын у акъул уын…

Бæлццæтты знæт цæнгтæ

æнцæйттæ агурынц…

Ӕнцæйттæ агурынц,

фæлæ куы ссарынц сæ,-

уæнгтæ æнцойдзинад

нал æмæ нал курынц…

Къуыбыртыл – къудзитæ,

къудзитæ – куйдзыхтæ…

Се ̀взæгтæ судзгæ зынг

ракалынц, ралуарынц…

Бæлццæтты знæт цæнгтæ

æнцæйттæ нал арынц…

Бæстæ сыл разылди-

къохæй, къуыбырæй.

Бæстæ сыл рафæлдæхт –

хохæй, быдырæй. 

Хур йæ тындзгæ фæндагыл

нал, нал ауади.

Хур æмбисбонæй раздæр

арвæй рахауди…

Ех, мæгуырсар, бæлццæттæ,

фервæзтыстут оффытæй.

Нал уæ бахъуыд æнцæйттæ

машинæты гуыффæты…

Ех, мæгуырсар, ирæттæ,

тасы бын нæ тасут.

Сугамадæй уæ мæрдты

Чъребамæ фæласут…

Ацы аз нын Леуахи,

Нукæй фæцыди.

Зары фæндаг Чъребамæ

тугæй æрцыди…

Хæдтулгæ уæрдæттæ

нал цæуынц тулгæ…

Чъехаг гæлдæртæ

рацæуынц худгæ…

ÆЛБОРТЫ Хадзы-Умар

1997 аз, майы мæй

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.