Ех-х-х, цы дын загъдæуа, адæймаджы сфæлдисæг!..

Дæ рæдаудзинад дæ чъындыйы дæлбар цæмæн у – адæм се ‘ппæт кæй бауарзынц, цард тæмæнтæ кæй курдиаты цæхæрæй скалы, ахæмты,  Исахъы хуызæтты раттын дæ цæст куы бауарзы, уæд сын фылдæр рацæрыны бонтæ  цæмæннæ бауарзы дæ цæст?.. Фæлæуу, фæлæуу, æмæ нæ курдиæттæй бирæтæй Исахъ уæддæр фылдæр царды бонтæ куы батыдта… О, фæлæ цас фылдæр – адæм се ‘ппæт кæй уарзтой, йæ минмырон хъæлæс, йæ аив хъазтыл чи тад æмæ ‘руад, уыцы адæмæн ын фылдæр балæггад кæнын цæмæннæ бантыст, æхсæз æмæ æртиссæдз азы йедтæмæ цæмæннæ рацард?..

Годжыцаты Исахъ. Йæ цард ирон зарæг æмæ сценæйон аивадæн чи снывонд кодта, уыцы номхæссæны артист; ирон адæм, куыд хуссары, афтæ цæгаты театры спектакльтæм дæр, стыр бæрæгбонмæ цæуæгау  кæй тыххæй цыдысты!..

«Цом, Исахъмæ бакæсæм!». Куыд арæх хъуыстысты ацы дзырдтæ  Ирыстоны алы къуымты, куыд тынг æй уарзтой адæм, куыд тынг ын табу кодтой йæ диссаджы аивадæн!.. Ортъеуаг лæппуйы аивадæн!

1956 азы Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр Мæскуыйы Аивадон Академион Театры цур Немирович-Данченкойы номыл театралон скъола-студимæ кæй арвыста æмæ йæм 1961 азы фæстæмæ цæттæ профессионалтæй цы курдиатджын фæсивæд æрыздæхт, уыцы фæсивæды курдиатджындæртæй сæ иу уыд Годжыцаты Исахъ. Уыдонимæ уыдис, сæ баиугæнæг хъысмæт сæ йæ амæлæты бонмæ кæмæй нал фæхицæн кодта, уыцы уæздан чызг, йæхийау курдиатджын Дзбойты Зоя дæр. Ардыгæй райдыдта йæ профессионалон аивады сæйраг фæндаг Исахъæн стыр æнтыстыты бæрзæндтæм – Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт артист, Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы адæмон артист, Республикæ Абхазы адæмон артист, К.С. Станиславскийы номыл Паддзахадон премийы лауреат. Уыцы Исахъæн, ирон зарæг æмæ ирон сценæйон аивады рæзтыл уæхскуæзæй чи куыста, ирон сценæ адæмæн чи бауарзын кодта. Музыкалон æмæ драмон аивадмæ рухсдарæг съалыйæн йæ æрдзон юмор, сфæлхатгæнæн кæмæн нæй, уыцы хæдгъуыз курдиат æмæ йæ рухстауæг æнгас арф ныххызтысты йæ аивадæн табугæнджыты зæрдæты.

Цæмæй ахæм аивады дæсныйы курдиатæн саргъкæнынхъом уæм, уый тыххæй нырма хъуамæ базонæм æмæ сарæхсæм йæ уæлтæмæны аивадон дунемæ, йæ цард æмæ йе сфæлдыстадон фæндæгтыл цæст ахæссынмæ. Æмæ уæд нæ разы байгом уыдзæн диссаджы дуне, йæхимæ нæ фидар тæгтæй чи нылваса, цæхæркалæг аивадон зынгæй нæ чи басудза, ахæм алæмæты дуне.

Годжыцаты Исахъ… Уый уыд ирд, æндæртимæ фæивд-дзаггæнæн кæмæн нæ уыд, ахæм индивидуалон гоймаг. Уый уыд ахæм адæймаг, кæцы йæ бæрзонд аивад æмæ цæхæркалгæ курдиатæй, йæ аив хъазтæй, йæ мæлгъæвзаг зардæй йæхицæн самадта, налхъуыт-налмас дуртæ кæмæй æрттивынц, ахæм сфæлдыстадон мæсыг. Куыд актер, афтæ хайджын уыд æппæт жанрон авналæнтæй дæр, кæд уæлдай арæхстджындæр опереттæты æмæ музыкалон комедиты уыд, уæддæр стыр фæд ныууагъта драмæ æмæ классикон трагедийы жанры дæр.

Нырма дæр сценæмæкæсджыты цæсты раз цардæгас адæймæгтау сыстынц Исахъы цæрдхъом фæлгæндзтæ: Бæтти (Хуыгаты Георы «Сæтти æмæ Бæтти»), Дафин (Хуыгаты Георы «Æмпъузæнтæ»), Мысырхан (Туаты Дауыты «Пæсæйы фæндон») æмæ бирæ æндæртæ. Годжыцаты Исахъы фæрцы ирон публикæ йæ зæрдæмæ хæстæг айста æмæ бауарзта дунеон æмвæзады фæлгæндзты: Шекспиры Флавий, Мольеры Оргон, Горькийы Бубнов æмæ афтæ дарддæр. Оперæты цы партитæ сæххæст кодта, уыдон дæр – афтæ, чи йæ нæ зыдта, драмон театры актер у, уыдоны ницæй тыххæй бауырныдтаид, профес-сионалон оперон зарæггæнæг кæй нæ уыд, уый.

Уый уыд ахæм адæймаг, йæ сабибонтæй йæ уды фæстаг сулæфты онг йæхи ирон аивадæн чи снывонд кодта, уыцы аивадæн удуæлдайæ чи лæггад кодта, ирон зарæджы зæлтæй, ирон сценæйы комулæфтæй чи цард. Йе сфæлдыстадон æрмдзæф ахæм ирд фæд уадзгæ фæндаг айгæрста адæмы зæрдæтæм æмæ ссис æцæг уарзон адæймаг, æрмæст сце-нæйыл хъазгæйæ нæ, фæлæ уынджы фæцæйцæугæйæ дæр йæ уындæй адæмæн лæвар кодта удæхцондзинад æмæ хъарм мидбылхудт. Йæ уды арфæй цы эмоциты абухæнтæ рæдывтой, уыдон ын нæ лæвæрдтой æнцойад, цыфæнды ролыл кусгæйæ дæр агуырдта ноджы арфдæр, ноджы вазыгджындæр æууæлтæ. Уымæн æмæ уый уыд йæ царды мидис, йе ‘рдзон ныхыфыст. Ахæмтæ, ома, адæм се ‘ппæт кæй бауарзынц, табу кæй аивадæн фæкæнынц, ахæмтæ сæхимæ ныззынынц, сæ сæртæ æндæрты цур бæрзæндты хæссын райдайынц, фæлæ та ам дæр Исахъæн йæ разæй фесты йæ удысконды хуымæтæгдзинад æмæ æф-сæрмдзæстыг. Уыцы миниуджытæ йæ ноджы æввахсдæр кодтой адæммæ æмæ сын, куыдфæстагмæ, æмхуызон зынаргъ систы сæ дыууæ дæр – Исахъ-адæймаг дæр æмæ Исахъ-артист дæр.

Исахъ, куыд фæзæгъынц, стыр лæг уыд – нымад лæг, номдзыд лæг. Фæлæ йæ ахæмæй чи зыдта, уыдонæй бирæтæн сæ фæсонæрхæгмæ дæр не ‘рцыдаид, уыцы стыр лæг æмæ диссаджы аивад фæлдисæгæн йæ сабибонтæ гæвзыкк æмæ къуындæг кæй уыдысты, уый. Уыдон нæ зыдтой, йæ рæзгæ цардæй аивад фылдæр чи уарзта, уыцы саби зонгæ дæр кæй нæ кодта, концерт цы у, театр цæимæ хæргæ кæнæ нуазгæ у, æппæт уыдæттæ. Уыдон цæмæй зыдтой, ортъеуаг саби-лæппуйæн йæ царды иууыл стырдæр амонд кæй уыд… сæ сыхæгты патефоны цагъдмæ байхъусын. Бинонтæ та зонгæ дæр ницы кодтой, сæ кæстæр сабийы уды цы бæллицтæ хæлбурцъ кæны, уыдæттæн.

Мæгуырсар… Йæ сонтбазыр бæллицты хурхыл ныххæцыны, йæ аивадуарзаг уды мондæгтæ ныммарыны иунæг фæрæз-иу искуыдæй-искуыдмæ æрмæстдæр чындзæхсæвты ссардта… Чындзæхсæвты-иу ын фæцис фадат йæ уды мондæгтæ суадзынæн – хъазты кæрон-иу, тæрсгæ-ныгъуылгæ, къæмдзæстыг-æфсæрмгæнгæ айвæзта йæ фæлвых уæнгтæ, йæ къахфындзтыл-иу цъилау куы ныззылд, уæд-иу æм фæкаст æрмæстдæр цард царды хуызæн, æрмæстдæр-иу уæд бакъардта, царды кæй ис амонд дæр. Æмæ, куыдфæстагмæ, суинаг лæппу цæстæвæрæн фæцис хъæубæстæн. Æнæхъæн Ортъеугомы иу хъазт, иу чындзæхсæв дæр нал сфидыдтаид, Исахъ йæ диссаджы хъæлæсæй диссаджы зарæг кæм нæ ныцæлхъ кодтаид, йæ къахфындзтæ кæм не ‘рсагътаид.

Фæлæ, басæттæм ыл, ис амонд. Ис æмæ йæ мидбылты бахуды, æнхъæл дзы чи нæ вæййы, уымæ дæр. Исахъмæ йæ мидбылты цы амонд бахудт, уый уыд Хуссар Ирыстоны зард æмæ кафты паддзахадон ансамблы сывæллæтты къордмæ бахауын. Уырдæм та йæ бакодта ансамблы фæндырдзæгъдæг Гугкаты Бабо. Чысыл лæппуйы хорз федта хæрзад адджинæгтæй, стæй йын загъта: «Цæй, ныр дын æз ацæгъддзынæн, ды та мын равдисдзынæ дæ арæхстдзинад».

Уый уыд паддзахадон театры сценæйыл. Чысыл лæппумæ театры зал фæкаст аргъæутты галуаны хуызæн, сценæ та – уæйгуыты хæтæн бæсты хуызæн. Æмæ йæхи банкъардта аргъæутты хъайтарæй. Афтæ йæм фæкаст, цыма уымæн ныртæккæ йæ бон бауыдзæн æрмæст акафын нæ, фæлæ аргъæутты куыд вæййы, ахæм хъæбатырдзинад равдисын дæр. Æмæ хæрдмæ фæхаугæ йæ къахфындзтыл алæууыд сценæйы. Ныззылд цъилау æмæ къахфындзтыл кафгæ цалдæр зылды æркодта сценæйы, йæ къахайстыл цæст нæ хæцыд, афтæмæй. Кафы чысыл лæппу, сценæйы уазал ницæмæ даргæйæ, ферох дзы йæ хæлафы скъуыдтæй æфсæрмы кæнын дæр. Фæлæ уæдмæ бафæллад зæронд фæндырдзæгъдæг æмæ æрурæдта лæппуйы:

«Бæдæйнаг! Ды дæ цæттæ артист, æцæг курдиат!», – йæ цин тыххæй урæдта Бабо. Афтæ бахауд Исахъ, йæ аивадуарзаг уды мондæгтæ ныммарыны фадат ын кæм фæзынд, уыцы аивадмæ, зард æмæ кафты паддзахадон ансамблы сывæллæтты кафджыты къордмæ. Уым æй æрæййæфта Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Суинаг лæппу æмæ йе ‘мбæлттæ сæ арæхстдзинадæй рогдæр кодтой Цхинвалы æфсæддон госпиталы цæф хæстонты уавæр, æвдыстой сын концерттæ.

Исахъ æфсады службæйæ куы æрыздæхт, уæд дарддæр кусын райдыдта ансамблы, уыд вокалон хайады солист.

Цы уарзта, цæмæ бæллыд, уый – зарын, уды фæндиаг зарæджы базыртыл тæхын. Фæлæ аивадæн йæхи чи снывонд кæны, ахæмтæн кæддæриддæр вæййы æнæхæрд бæстæ  кæнæ та – цуанон, дам, цы ком нæ басгары, уый сырдджын фенхъæлы. Æмæ уыцы сырдджын ком агурæг уымæн балæууыд Мæскуыйы.

Театрмæ профессионалон артистæй æрцæугæйæ, Исахъ уайтагъд цæстæвæрæн фæцис театралон аивадæн табугæджытæн, уæлдайдæр та сæ дипломон спектакль Гоголы «Ускурын»-ы фæстæ. Годжыцаты Исахъы Кочкаревы тыххæй Советон Цæдисы адæмон артист, профессор Тапарков афтæ загъта: «Я сам играл Кочкарева, множество Кочкаревых перевидал за свои 80 лет, но такого вижу впервые. Спасибо, друг, вот это образ!».

Афтæ зæгъæн нæй, йæ фыццаг театралон æнтысты фæрцы бауарзтой адæм Исахъы, уымæн æмæ йæ уарзтой уæдмæ дæр  йæ диссаджы зард æмæ кафты фæрцы. Растдæр уыдзæн афтæ зæгъын, ныр та адæмы кæй бахъуыд ногæй йæ бауарзын, куыд драмон артист, афтæ. Уайтагъд ссардта сценæмæкæсæджы зæрдæ, адæм ын фæлхатт кодтой йæ ныхæсты, фæзмыдтой йын йæ арæзт фæлгæндзты.

Æмæ та ногæй – æнæхæрд бæстæ… Бæлвырддæр зæгъгæйæ, Годжыцаты Исахъы номимæ гуырын æмæ рæзын райдыдта ирон националон кинематографи. Кæрæдзи фæдыл фæзындысты, ныр та йæ экранмæ кæсгæйæ кæй фæрцы райдыдтой адæм уарзын, уыцы ирд æмæ цæрдхъом фæлгæндзтæ ахæм кинонывты: «Ох, уарзондзинад!», «Алцæмæй дæр аххосджын у Зæлинæ», «Сюрприз», «Нæлгоймаджы хиуарзондзинад», «Хæс» æмæ афтæ дарддæр. Ис зæгъæн, ирон кинематографийы Годжыцаты Исахъæн кæй ис йæхи сæрмагонд репертуар, йæхи сæрмагонд сфæлдыстадон дуне. Исахъмæ уыд, кæй бæрны бацыдаид, уыцы фæлгондзы рæсугъд æмæ мидисджын характерон миниуджытæй сфæлындзын, сценæмæкæсæг æй цы хуызы тынгдæр бауарздзæн, уый развæлгъау феныны курдиат æмæ æнкъарынад. Уымæн уæрæх у йæ диапазон, уымæн ын бантыст бирæнымæц цардæгас фæлгæндзтæ сфæлдисын, йæ аив хъазтмæ  æнæфæхудгæ, æнæфæкæугæ уымæн нæ уыдысты театрдзаутæ. Исахъы арæзт фæлгæндзтæ, фæнды комедион, фæнды драмон-трагикон, фæнды оперон – иууылдæр уыдысты йæхи, æрдз ын рæдауæй кæй ныллæвар кодта, уыцы æрдзон миниуджытæ æмæ хисæрмагонд органикæйы бындурыл.

Ис ын йæхи сфæлдыстадон дуне ирон драматургийы дæр. Стæй, арæх куыд вæййы, æппыннæйы бæсты нæ – æз дæр ам дæн, уый тыххæй кæй нæ райста йæ къухмæ фыссæн сис, уый фæбæрæг, йæ фыццаг драмон уацмыс «Уарзон зарæг» сценæйыл куы фæзынд, уæдæй. Уый рауад комедион жанры рæсугъд уарзондзинад æмæ тадзгæ-баргæ ирон æвзаджы аив хуызтæй зæрдæмахъаргæ ныхас. Æмæ та ацы фадыджы дæр ссардта адæмы уарзондзинад æмæ сценæйы хорзæх. Ахæм æнтыстимæ кæрæдзийы фæдыл зынын райдыдтой ирон театралон аивады йæ иннæ драмон уацмыстæ дæр: «Ох, ацы фæсивæд!», «Æз ус нæ курын», «Сидзæрты мæсыг», «Хъæддаг чызг» æмæ æндæртæ, рæсугъд юмор æмæ царды цинтæй семыдзаг уацмыстæ.

Исахъ йæхæдæг арæх дзырдта, зарæгимæ кæй райгуырд. Уымæн æмæ йæ аивадон фæндаг зарæгæй райдыдта, зарынмæ уарзондзинад ын бауарзын кодта аивады æппæт хуызты дæр. Æмæ йын уыцы аивады æппæт хуызты ссаргæ æнтыстытæ иууылдæр систы зарæджы хуызæн, хъуысы сæ Ирыстоны æнусон хæхты æмæ æрдзы рæсугъддæр хуызты симфони. Кæй зæгъын æй хъæуы, Исахъы мæлгъæвзаг хъæлæсæй æмæ Исахъы алыварсон курдиаты фæрцы.

Абон дæр ма сæвзæры алыгъуызон фарстатæ Исахъы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй: цæмæн ацыд Хуссар Ирыстонæй, цæмæн æй бафæндыд Цæгат Ирыстоны театры кусын, ам æй размæ нæ уагътой, исчи йæ хъыгдардта æви йыл Дзбойон ахæцыд «сæхирдæм» æмæ афтæ дарддæр. Афтæмæй та, Исахъы хуссарæй цæгатмæ асайдта оперон аивад, Цæгат Ирыстоны музыкалон театр æй фæхуыдта йæхимæ, фæлæ йæ уæгъд не суагъта ирон драмон театр дæр, ныббаста йæ сценæмæ. Æниу цы хъауджыдæр у – ирон аивадæн лæггад кæнын хъæуы хуссары дæр æмæ цæгаты дæр, махæн иу фыдыбæстæ æмæ иу аивад ис, иу ран дæр нын уарзинаг сты æмæ иннæ ран дæр. Сæйраг уый у –  куыд сæ уарзай, куыд сын лæггад кæнай, цас æмæ куыд раст уай Хуыцауы бын… Уый зæгъын фæндыд курдиатджын поэт Хаджеты Таймуразы дæр, Годжыцаты Исахъы амæлæты фæдыл цы æмдзæвгæ ныффыста, уым:

Мæрдтæм цæуынц нæ хуыздæртæ… Хуыцау,

Цы нæ домыс, цы дын кæны ирон лæг?

Дæ къæсæрмæ нæ хæссы никуы фау,

Кæйдæронау, нæ кæны демæ зонгæ.

Нæ дæм хъары, уæд-иу æлгъыст фæу

Дæхи æлгъыстæй. Чи ма дæм цы кува? —

Нæ цард бæллицтæй, амæндтæй фæуы,

Лæгау лæг ын нæ бафсæды йæ хурæй.

Уæлвонг — нæ низ, нæ цардамондыл ды,

Цæмæй дын уæм, мæгуыргурау, — цагъартæ,

Фæлæ зæххыл цы хохаджы фæнды,

Æмæ уой искæй бар йæ бартæ!..

Хæрзбон, нæ Иры уаз хъæбул, дæ ном

Æнус-æнус уыдзæн нæ дзырд, — уый зонын:

Кæс-ма, нызмæлы арф рæбынты дон,

Сæнайы хох йæ урс дзыккутæ тоны…

Не ‘хсæн цард стыр адæймаг, стыр актер, диссаджы хæларзæрдæйы хицау, адæмуарзон æмæ фыдыбæстæйæн æнувыд лæггадгæнæг. Уый никæй хуызæн уыд. Уыд æрмæстдæр йæхи хуызæн. Йæ аивадæн дæр никæй аивадимæ ис абарæн, уымæн æмæ уыцы аивадмæ æддæрдыгæй ницы æрбайста, йæхи уды цинтæ æмæ риссæгтæй амад аивад ын у. Уæдæ уыцы алыгъуызон аивады хæдхуызтæй цы бæрзонд мæсыг самадта, уыцы мæсыгмæ дæр æндæр мæсгуытæ сæхи никуы сиваздзысты, уымæн æмæ йæ курдиатджын уд æмæ аивадæн нывонд зæрдæйы кæрдихтæй амад у.

Уæлахиз уæд хъæздыг ирон аивад, ирон адæмы зæххы къорийæн чи базонын кодта, уыцы æнæмæлгæ ирон аивад, Годжыцаты Исахъы аивадон мæсыг бæрзонд ранæй кæм фæлгæсы, уыцы аивад!

ГÆБÆРАТЫ Юри

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.