Хъахъхъæнынады министрады пресс-сслужбæ куыд хъусын кæны, афтæмæй кæронмæ бахæццæ фæззыгон æрсидт. 50 æрыгон æрсиддон лæппуйы баххæст кæндзысты Гарзджын тыхты рæнхъон сконды. Æфсады службæйы æмгъуыд ныр у иу аз æмæ æрдæг.

«Æфсæддон лæппутæ ардбахæрды фæстæ рацæудзысты иу мæй æвзонг хæстоны курсытæ. Уый фæстæ сæ ноджы иу хатт басгарынц дохтыртæ æмæ стæй æрыгон салдæттæ ацæудзысты ротæтæм Хъахъхъæнынады министрады фæлтæрд афицерты дæлбармæ», – зæгъынц пресс-службæйы.

Хъахъхъæнынады министрады куыд зæгъынц, афтæмæй «Æфсæддон городок»-ы территорийыл уыдонæн уыдзæнис службæ æмæ цæрыны æппæт уавæртæ дæр. Чи куыд рæхса æмæ йæ цæттæдзинад куыд равдиса, уымæ гæсгæ дих æрцæудзысты ротæтыл.

Националон гарзджын тыхтæм фæззыгон æрсидт райдыдта ноябры кæрон РХИ-йы Президенты Барамынды фæстæ. Æрсиддон компани кæронмæ бахæццæ декабры мæйы кæрон. Цы 50 æрсиддон æрæмбырд кодта æфсæддон къамисариат, уыдонæн службæйы фæстæ сæ бон уыдзæнис контракт бафыссын æмæ Хъахъхъæнынады министрады баззайын.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхтæ кæй сырæзтысты 1990 азты, гуырдзиаг æфсад æмæ æнæформалон хотыхджын къордты ныхмæ фæлæууыны нысанæн. 1993 азы хæдæфсад æмæ националон гвардийы дæлхæйттæй арæзт æрцыд республикæйы хъахъхъæнынады министрад, кæцыйæн уыд иттæг ахсджиаг нысаниуæг 2004 æмæ 2008 азты гуырдзиаг æфсады æрбабырстæн ныхкъуырд радтыны.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.