Инвестицион программæйы фæлгæтты нæ горæты ивгъуыд аз цы аст уынджы æрцыдысты арæзт, уыдон сты аст. Уыцы уынгтæм та  ацы аз ноджыдæр бафтдзæн авд – Плехановы уынг, Санахъоты фырты, Мирная, Едысы, Саулохты, Путины уынг (стадионæй Хеиты хъæумæ) Нарты уынджы тигъæй Плиты Ароны уынгы онг.

Дызæрдыггаг нæу, ацы уынгтæ дæр та афоныл арæзт кæй æрцæудзысты. Уынгты хæрзарæзтад канд йæ цæрджытæн нæ вæййы æхсызгон, фæлæ йыл бонизæрмæ цы бирæ цæуджытæ вæййы, уыдонæн дæр.

Арæзтад æмæ Архитектурæйы министрады куыд зæгъынц, афтæмæй куыстытæ райдайдзысты марты мæйы. Куыд иннæ азты арæзтцæуæг уынгтæ, афтæ та ныр дæр куыстытæ райдайдзæн «Водоканал». Зæххыбын куыстытæ кæнын алы уынджы дæр æнæмæнг хъуыддаг у, уымæн æмæ коммуникацион хæххытæ ивд никуы æрцыдысты сæ сырæзтæй фæстæмæ. Базæронд сты æмæ дзуапп нæ дæттынц сæ домæн-тæн. Уыцыиу рæстæджы ивд цæудзысты куыд доны хæтæлтæ, афтæ канализацион хæххытæ дæр. Фæлæ доны ног хæххытæ раст иу куынæ æрцæуынц, уæд иннæ уынг аразгæйæ сæвзæры проблемæтæ. Раздæр ахæм цаутæ арæх уыд æмæ-иу фæстæмæ асфальт уынджы бахъуыд ногæй къахын. Ныр кусджытæ иууылдæр бынæттон сты, кусынц æнæзæрдæхудтæй. Æрхонгæ кусджытæ та-иу архайдтой сæ куыст тагъд бакæныныл, йæ гъæдыл-иу хъуыды дæр нæ кодтой. Уыд афтæ дæр æмæ-иу зæххыбын коммуникациты арæзтады рæстæджы бахъыгдардтой газ æмæ рухсы хæххытæ дæр. Ныр уынгтæ бынæттон организацитæм лæвæрд кæй цæуынц, уый бирæбæрцæй фенцондæр кодта хъуыддаг. Кусджытæ объект куы райсынц, уæд фæкусынц æнæрынцойæ, фæархайынц сæ куыстытæ банысангонд æмгъуыдмæ æнæкъуылым-пыйæ сæххæст кæныныл. Фæкусынц улæфтбонты – сабат æмæ хуыцаубоны дæр. «Водоканал» цы куыстытæ бакæны, уыдон гуырахстджын вæййынц, иуæй уынгты канализацион хæххытæ кæрæдзи-мæ иугонд кæй сты æмæ схемæ фехалын кæй не ‘мбæлы, уымæй. Аннæмæй та бирæ азты дæргъы цæрджытæ цæмæй уынг ма цъыф кодтаид, уый тыххæй-иу донылæууæн бынæтты сæхæдæг хуыр кæй калдтой, уый аххосæй. Уæд бахъыгдард сты канализа-цион люкты æмбæрзтытæ, фезмæлыдысты сæ бынæттæй æмæ байдзаг сты хуыр æмæ алыгъуызон брæттæй. Уынгтæ аразыны рæстæджы ноджыдæр фæзыны цæрджыты аххосæй иу проблемæ. Бæлæстæй бирæты бахъæуы ралыг кæнын æмæ уый та цæрджыты нæ фæфæнды. Фæлæ канализацион хæххытæ раст æвæрд куынæ æрцæуой бæлæсты уидæгты аххосæй, уæд та фидæны уый расайдзæн ног проблемæтæ.

Уымæ гæсгæ фæндагаразджытæ курæг сты цæрджытæй, цæмæй сæ кусыны рæстæджы ма хъыгдарой, сæ куыст æнæаиппæй, æнæзæрдæхудтæй бакæнынæн сын цæлхдуртæ ма аразой.

Горæты администраци паддзахадон бюджетæй рахицæнгонд фæрæзты руаджы 2020 азы схæрзарæзт кодта Гафезы, Нæузæххонты æмæ Вокзалгæрон уынгты бирæуæладзыгон хæдзæрттæм бацæуæн фæндæгтæ. Цалынмæ аразджытæ куыстытæм не ‘рывналынц, уæдмæ цæрджытæ бафæдзæхсынц, цæмæй кæртыты цы æнæзакъонæй арæзтæдтæ æмæ æфсæн гаражтæ ис, уыдон сисой. Горæты администрацийы куыд зæгъынц, афтæмæй бирæуæладзыгон хæдзæрттæм хæстæг цы афтид зæхх вæййы, уый нымад цæуы цæрджытæн иумæйагыл. Архитектурæйы хайадмæ зæхх рахицæн кæныны тыххæй, ома, дзы гаражтæ саразыны нысанæн куы бахатынц цæрджытæ, уæд фæдзæхст æрцæуынц барлæвæрды размæ, цæмæй гараж арæзт æрцæуа уынджы иумæйаг хуыз бахъахъхъæнгæйæ. Уымæй дæр гараж хъуамæ сырæза æрмæстдæр блок дурæй. Рахицæнгонд зæххы фадыгыл закъонмæ гæсгæ æртæ азмæ капиталон гараж куынæ æрцæуа арæзт, уæд бардзырд йæ тыхы нал вæййы. Закъонон та вæййынц æрмæстдæр ахæм арæзтæдтæ æмæ гаражтæ, кæцытæ дзуапп дæттынц арæзтадон нормæтæн. Ацы нормæтæн дзуапп чи нæ дæтты, уыцы арæзтæдтæ пырх кæнгæ-кæнын цæрджытимæ рауайы хъаугъа. Цæрджытæй иуæй-иутæ бынат æрцахсынц, ныккалынц дзы арæзтадон æрмæджытæ, чи та дзы æфсæн гараж сæвæры. Æмæ арæзтады рæстæджы уыдон бахъæуы сисын. Ацы аз дæр горæты администраци хъавы горæты районтæй цалдæры хæрзарæзтадон куыстытæ бакæнын, уымæ гæсгæ сиды цæрджытæм, цæмæй ссæрибар кæной сæ рæзтæ æнæзакъонон мæнгагъуыстытæй.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.