РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрикы сæргълæудæй уагъд æрцыд Хицауады рабадт. Йæ райдианы уый хъусдард аздæхта министрадтæ æмæ ведомствоты куысты дисциплинæ хуыздæр кæнынмæ, афтæ ма æрдомдта, цæмæй цы хæстæ лæвæрд æрцæуы, уыдон æххæст цæуой рæстæгыл.

«Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъалонты кодексы дыккаг хайы 232 статьямæ ивындзинад бахæссыны тыххæй» РХИ-йы закъоны проекты тыххæй рабадты раныхас кодта РХИ-йы Хъалонты фæдыл комитеты сæрдар Кадзты Владимир.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй Закъоны проектмæ гæсгæ фæсарæйнаг æмбæстæгтæн фиксацигонд авансон бафыст фылдæр цæуы 1000 сомæй 2000 соммæ. Уый фадат ратдзæн бюджетмæ хъалоны бацыд æрвылаз дæр 10 милуан сомы фæфылдæр кæнынæн. Афтæ ма фæахъаз уыдзæн хъалонты ахъуыдыгонд политикæ уадзынæн.

Комитеты сæрдар ма рабадты хайадисджыты размæ рахаста Республикæ Хуссар Ирыстоны “Хъалонты кодексы дыккаг хайы 465-æм статьямæ ивындзинад бахæссыны тыххæй РХИ-йы закъоны” проект дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ комитетмæ хъæууон цæрджытæй цæуы бирæнымæц хъæстытæ, сæ бон зæххы   хъалон фидын кæй  нæу, уæззау финансон уавæры кæй сты, уый тыххæй. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ Кадзты Владимир хъæуæгыл банымадта, цæмæй Кодекс баххæст æрцæуа хицæн пунктæй, кæцы сын бар радта хæдзаргæрон зæххы фадгуыты тыххæй хъалонæй сæ ссæрибар кæнынæн. Хицауады Сæрдар банысан кодта фарсты ахсджиагдзинад æмæ загъта, зæгъгæ сæ хъæуы ахæм хъалонæй ссæрибар кæнын, фæлæ уый нæ хауы, зæххытæ арендæйы чи райста, уыцы амалиуæггæнджытæм.

Комитеты сæрдар æрæмбырдуæвджыты базонгæ кодта «Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъалонты кодексы дыккаг хайы 221-æм статьямæ хаст цæуæг ахæм нормæ, кæцымæ гæсгæ хъалонтæй сæрибар цæуынц ирон адæмы национ (культурон) бынтæм хауæг предметтæ (цардуагон дзаумæттæ, музыкалон инструменттæ æмæ æндæр ахæмтæ) аразынæй райсгæ æфтиæгтæ, куыд индивидуалон амалиуæггæнæг, афтæ хи срегистраци кæнынæй æртæ азы æмгъуыдмæ.

Хицауады уæнгтæ сфидар кодтой «РХИ-йы территорийыл æмбæстагон æмæ æхсæн хæцæнгæрзты, уыдон нæмгуыты æрзылд бæстон кæныны фæдыл мадзæлттæ». Бавдыста йæ мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь.

Афтæ ма хорзыл банымадтой РХИ-йы Экологион, технологион æмæ арæзтадон хъусдарды комитеты тыххæй уагæвæрдмæ бахæсгæ ивындзинæдтæ.

Комитеты Сæрдар Къуылыхты Таймураз куыд загъта, афтæмæй дзырд цæуы, сæудæджерады æдасдзинады къабазы нормæтæ æмæ фæткойты фæдыл зонындзинæдтæ чи бæрæг кæна, ахæм аттестацион къамис саразын. Тæссаг кондадон объектты сæ архайд чи æххæст кæнынц, уыцы специалистты зонындзинæдтæ бæрæг кæнын, йæ ныхæстæм гæсгæ, хъæуы, цæмæй эксплуатацигæнæг организаци дарддæр лицензи райса.

«РХИ-йы закъондæттынадмæ гæсгæ арæзтцæуæг Республикæ Хуссар Ирыстоны гарзджын тыхтæ, паддзахадон æдасдзинады органты, æддагон развæдсгæрсты органты, паддзахадон хъахъхъæныны органты, æндæр æфсæддон баиугæндты офицертæ прапорщиктæ, старшинæтæ, сержанттæ æмæ солдаттæй контрактмæ гæсгæ чи службæ кæнынц, уыдонæн сæ бинонтæн, се службæйы азтæ нымайгæйæ æмæ пенситæ, компенсацитæ æмæ пособитæ снысан кæныны фæткы тыххæй» РХИ-йы Хицауады уынаффæмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй æмбырды радзырдта РХИ-йы Паддзахадон æдасдзинады сæрдары комитеты хæстæ æххæстгæнæг Хуыбиаты Владимир.

Ивындзинæдтæ, сæйраджыдæр хауынц, терроризмы ныхмæ тохгæнæг дæлхæйтты чи службæ кæнынц, уыдонмæ. Службæйы азтæм гæсгæ пенси снысан кæныны тыххæй службæйы иу бон нымад цæуы 1,5 боныл, спецоперациты иу бон хайад райсын та  –  æртæ боныл.

Хицауады уæнгтæ сфидар кодтой паддзахадон унитарон куыстуат «Автомобилон транспортон управлени – Хуссар Ирыстоны» кæй ифтонг кæны, уыцы горæты, горæтгæрон æмæ æхсæнгорæтон маршрутты автомобилон транспортыл бæлцæттæ æмæ уæзты аластыты тыххæй тарифтæ, афтæ ма куыстуатæн лæвæрд цæуы субсидитæ дæр ацы азæн, кæй нæ райста, уыцы æфтиæгтæ баххæст кæнынæн.

Фарсты фæдыл Хицауады Сæрдары хæдивæг – экономикон рæзты министр Бекъойты Геннади куыд банысан кодта, афтæмæй æмбæстæгтæн социалон æххуыс кæныны нысанæн паддзахад бахъахъхъæдта бæлццæттæ ласыны ныллæг тарифтæ. «Экономикон æгъдауæй раст тарифтæ бирæ фылдæр сты сфидаргонд æргътæй, уымæ гæсгæ паддзахады бахъуыд планон хæрдзтæ бакæнын, цæмæй хъæуты цæрджытæн фадат уа сæ хъуыддæгты фæдыл горæтмæ цæуынæн», – загъта уый.

Рабадты ма фидар æрцыд хъæды фонд дих кæныны план дæр, афтæ ма æркастысты Вокзалгæрон уынджы скъолайы агъоммæ уагдон «Фæрдыг» тагъддæр бакæныны фадатмæ.

Хицауады Сæрдар сывæллæтты цæхæрадоны тыххæй банысан кодта, эксплуатацимæ лæвæрд кæй æрцыд декабры мæйы, фæлæ кусын кæй нæма райдыдта. Цы техникон фарстатæ ма дзы ис, уыдон, зæгъгæ, хъæуы аиуварс кæнын æмæ йæ эксплуатацимæ рæстæгыл раттын.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.