Джуссойты Константины къухдариуæгадæй уыд Хицауады радон æмбырд. Дзырд дзы цыд Конституцион закъондæттынад фæхуыздæр кæныны фарстатыл.

«Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады тыххæй» закъоны проект бацæттæ кодта Юстицийы министр Гаглойты Олег. Уый йæхæдæг куыд загъта, афтæмæй «Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады тыххæй»  закъон-мæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй закъоны проект арæзт у згъуыдтæ аиуварс кæныны æмæ антикоррупцион нормæтæн иумæйаг уавæртæ саразыны нысанæн.

Министры ныхæстæм гæсгæ, Хицауады уæнгтæ хæсджын сты, цæмæй-иу æрбавдисой, респуб-ликæйы хъалонты органтæм  цы æфтиæгтæ ахынцынц, уыдоны тыххæй бæлвырдгæнæнтæ. Фæлæ банысангонд бæрæггæнæнтæ сбæлвырд кæныны тыххæй басгæрст ахизы республикæйы хъалонты органты компетенцийы фæлгæттæй. Уымæй дарддæр хъалонты декларацийы сфидаргонд формæтæ скъуыддзаг кæнынц, амалиуæггæнджытыл цы хъалонтæ æвæрд ис, уыцы хæслæвæрд. Хынцыд цæуынц физикон цæсгæмтты хиæдтæ дæр.  «Мæнмæ гæсгæ, коррупцийы ныхмæ архайды фарстаты фæдыл Президенты управлени ацы хæстæ æххæст кæнынæн ахъаздæр у», – банысан кодта Гаглойты Олег.

Уый куыд бамбарын кодта, афтæмæй паддзахадон æмбæстагон службæйы фæлгæтты ныридæгæн фидар æрцыдысты декларациты нормæтæ, уыдон парахат кæнынц Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады уæнгтыл дæр.

Хъæлæсæппæрсты фæстиуæгæн закъоны проект райст æрцыд.

Ахуырад æмæ зонады министр Джиоты Арянæ раразмæ кодта «Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон ахуырадон стандарттæ саразыны фæткойтæ сфидар кæнын æмæ сæм ивындзинæдтæ бахæссын»-ы темæ. Уый дæр хицауады уæнгтæ  сфидар кодтой хъæлæсæппæрстæй.

Дарддæр хицауады уæнгтæ сфидар кодтой Геологи, экологи æмæ æрдзæй пайда кæныны фæдыл комитеты коллегийы сконд. Уымæй дарддæр ма бафидар кодтой, «Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады фæсарæйнаг уагдæтты кусджыты барадон уавæры тыххæй» 2012 азы 27 декабры Хицауады уынаффæ йæ тыхы кæй нал ис, уый.

Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар куыд бамбарын кодта, афтæмæй Уынаффæ йæ тыхы нал ис, «РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады системæйы паддзахадон æмбæстагон службæ кæныны хиæдты тыххæй» закъон кæй райстæуыд, уый сæраппонд, кæцыйы фæстиуæгæн бæстонгонд цæуы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады фæсарæйнаг уагдæтты кусджыты барадон уавæр. Уый фæстиуæгæн уыцы уынаффæйы сæр нал хъæуы министрады.

Хицауады уæнгтæ æмхъæлæсæй сразы сты республикæйы цæрджыты æмæ сæйраг социалон-демографион къордты цардæн ахъаз минимумы гуырахст 2022 азы VI кварталы фæфылдæр кæныны тыххæй Хицауады бардзырдыл.

Ацы фарсты тыххæй раныхас кодта экономикон рæзты министр Тадтаты Дзамболат.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй Хицауады бардзырдмæ гæсгæ, алы адæймагæн дæр цардæн ахъазы минимум уыдзæн 14 623 сомы, уыцы нымæцы цæрджыты социалон-демографион къордтæн дæр. Куыстхъом цæрджытæн минимум уыдзæн 15 625 сомы, пенсиисджытæн – 11 912 сомы, сывæллæттæн та – 15 494 сомы.

«Æртыккаг кварталимæ йæ куы абарæм, уæд уымæ гæсгæ минимум фæфылдæр уыдзæн 683 сомы, куыстхъом адæймæгтæн – 721 сомы, пенсиисджытæн – 498 сомы, сывæллæттæн та – 830 сомы», – бамбарын кодта Тадтаты Дзамболат.

Цардæн ахъаз минимумы суммæ фидар цæудзæн æрвыл кварталы дæр.

Боны фæткы уыд кадрон фарстатæ дæр.

Паддзахадон исад æмæ зæххы ахастыты фæдыл Паддзахадон комитеты сæргълæууæджы хæдивæгæй снысан кодтой Бегиаты Сергейы, Хъалонтæ æмæ æмбырдты фæдыл комитеты сæргълæууæджы хæдивæгæй та – Плиты Русланы.

Рабадты уынаффæ цыд æндæр фарстаты фæдыл дæр.

                   ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.