Республикæйы хъалонты кодексмæ гæсгæ 2021 азы 1-æм январæй фылдæр кæнынц паддзахадон фиддонтæ.

Хицауады Сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Бекъойты Геннади, Парламенты Бюджеты æмæ хъалонты фæдыл комитеты сæрдар Джиоты Еленæ æмæ Хъалонты æмæ æмбырдты фæдыл комитеты сæрдар Кадзты Валдимиримæ æруынаффæ кодтой ацы темæйыл.

Куыд банысан кодтой, афтæмæй ахæм уавæр сæвзæрд уымæн æмæ Парламент не ‘руынаффæ кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъалонты кодексы 25-æм сæр йæ тыхы бацæуыны æмгъуыд фæстæдæр рæстæгмæ ахæссыны фарстыл.

«Хъалонты кодексы 25-æм сæр, цыран фыст сты паддзахадон фиддонты ног гуырахсттæ, хъуамæ йæ тыхы бацыдаид 2019 азы январы мæйы. Фæлæ 2018 азы октябры мæйы Парламент уынаффæ райста ацы юридикон цауæн йе ‘мгъуыд фæстæдæр рæстæгмæ ахæссын, æмæ закъоны проектмæ бахастой ивындзинæдтæ, кæцымæ гæсгæ закъоны банысангонд сæрæн йæ тыхы бацæуыны æмгъуыд хаст æрцыд 2021 азы январы мæймæ. Закъондæттæн æмбырд ацы ивындзинæдтыл кæй нæ æруынаффæ кодта уыдон архайды æмгъуыд фæуыны агъоммæ, уымæ гæсгæ республикæйы Хъалонты кодексы 25-æм сæры дыккаг хай автоматон æгъдауæй райста юридикон тых ацы азы январы мæйæ», – банысан кодта Джиоты Еленæ.

Куыд банысанчындæуыд, афтæмæй физикон адæмæн паддзахадон фиддонты суммæ, кæцы  ист  цæуы  паддзахадон органтæм бахатыны рæстæджы, ахæмтæ куыд нотариаттæ, тæрхондонон органтæ æмæ æндæртæ, тынг нæ фæфылдæр сты амалиуæггæнджытимæ абаргæйæ.

Бекъойты Геннади Кадзты Владимирæн бахæс кодта, цæмæй цæрджытæн æмæ хъалонты службæйы дæлхæйттæн фехъусын кæной барадон нормæ йæ тыхы бацæуыны тыххæй, афтæ ма банысан кодтой, Хицауад æмæ закъондæттæн æмбырд æппæт дæр кæй хъуамæ аразой, цæмæй адæмы фæрныгад фæбæрзонддæр кæныны фарстытæ скъуыддзаг кæной æмразыйæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.