Ныр 11 азы дæргъы 8-æм август Хуссар Ирыстоны нымад цæуы нæ историйы уæззаудæр бонтæй сæ иуыл æмæ ацы бон зæрдæйы хъæдгæмттæ  ногæй фегом фæййынц. Рымысæм та уыцы бонты карз æмæ зæрдæриссæн хабæрттæ, нæ цæстыты раз та февзæрынц, цæрынхъуагæй цы æвзонг фæсивæд фæхъуыдысты, уыдоны сурæттæ.

Ӕмæ та иннæ азтау ацы аз дæр 8-æм августы нæ бæстæйы къухдариуæгад Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй азылдысты фæмардуæвæг хъайтарты цыртытыл. Фыдохы мадзæлтты ма хайад райстой Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, нæ республикæйы уагдæтты æмæ министрадты кусджытæ, æфсæддонтæ æмæ бынæттон цæрджытæ. Фыццаг сæ фæндаг акодтой, Шанхайы районы цы кувæн дзуар сырæзт уæрæсейаг фидауынгæнæг тыхты сыгъд къазармæты раз, уырдæм. Ам 2008 азы онг уыдысты уырыссаг фидауынгæнæг тыхты къазарматæ æмæ дзы уыд 220 æфсæддоны бæрц. Ацы батальоны хæстонтæ 8-æм августы 2008 азы хæсты хъазуатонæй тох кодтой знæгты ныхмæ æмæ дзы фæмардысты дыууадæсæй. Сæ командир дæлбулкъон Константин Тимерман фæцæф ис, фæлæ нæ ныууагъта хæсты быдыр æмæ кæронмæ фæтох кодта гуырдзиаг фашисттимæ. Фæстæдæр ын йæ хъæбатырдзинады тыххæй радтой Уæрæсейы Федерацийы хъайтары ном.Дарддæр фыдохы мадзалы хайадисджытæ бацыдысты Уæрæсейы Федерацийы хъайтар Денис Ветчиновы цырты размæ. 2008 азы хæстон архайдтыты рæстæджы мæлæтæй фервæзын кодта йæ дæлбар æфсæддонтæ æмæ ма газет «Комсомольская правда»-йы журналисты. Знæгтимæ тохы йæхæдæг дæр фæцис уæззау цæфтæ æмæ, госпиталмæ ласгæйæ, фæндагыл амард.

Ссыдысты ма Тъбеты хъæумæ, фæндагыл Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды фæмардуæвæг службæгæнджытæн цы цырт арæзт ис, уырдæм дæр. Ам та 2008 азы Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды кусджытæ æрлæууыдысты знаджы ныхмæ, цæмæй тугмондаг фашисттæ ма æрбаирвæзтаиккой горæтмæ. Равдыстой æнæкæрон æхсардзинад, тох кодтой знагимæ, цалынмæ сæм нæмгуытæ уыдис, уæдмæ. Фæлæ знæджы тыхтæ уыдысты бæрæг фылдæр æмæ дзы æхсæз хъайтары æгас хæдзар нал ссардтой.

Цхинвалмæ хурныгуылæнæй æрбахизæны 2008 азы цыдысты уæззау тох-тæ æмæ дзы йæ райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау сæ цард радтой дыууæ ирон лæппуйы – Багаты Амиран æмæ Джиоты Азæмæт. Кæм фæмардысты, уым фарон арæзт æрцыдис дыууæ цырты æмæ Республикæйы  къухдариуæгад æрбацыдысты ардæм дæр æмæ ссардтой хъайтарты рухс нæмттæ. 2008 азы мæлæтдзаг тохты рæстæджы Багаты Амиран æмæ Джиоты Азæмæт спырх кодтой дыууæ гуырдзиаг танчы, фæлæ,  хъыгагæн, сæхæдæг дæр фæмардысты æнæмсæр тохы.

Кæронбæттæны мысæн мадзалы хайадисджытæ бацыдысты Мады Майрæ-мы аргъуаны раз Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнджыты номыл цыртдзæ-вæнмæ.  

Алы цырты раз дæр æвæрд æрцыдис дидинджытæ æмæ веноктæ. Уыдонæн сæ нæмттæ цæрæнбонтæм баззайдзысты ирон адæмы зæрдæты. Нæ кæстæр фæлтæртæ кæддæриддæр хъуамæ зоной, кæй фæрцы цæрæм хæдбар Ирыстоны æмæ сыгъдæг арвы бын, уыцы хъайтарты.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.