Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Наталийы. Паддзахады сæргълæууæг раарфæ кодта Гасситы Наталийæн æмæ Хуссар Ирыстоны æппæт ахуыргæнджытæн профессионалон бæрæгбон – Ахуыргæнæджы боны цытæн æмæ банысан кодта сæ егъау хайбавæрд рæзгæ фæлтæры ахуырад æмæ хъомыл кæныны хъуыддаджы.

«Ахуыргæнæг у ахæм адæймаг, кæцы йæ зæрдæмæ исы нæ сывæллæтты проблемæтæ æмæ сæрыстыр у йæ ахуырдзауты æнтыстытæй. Мæ цæст уарзы æппæт ахуыргæнджытæн æнæниздзинад, хорз ахуырдзаутæ, быхсындзинад æмæ æмбаргæ ныййарджытæ.

Мах хорз æмбарæм, æнæ ныййарджытæ æмæ ахуыргæнджыты æмархайдæй нын кæй ницы бантыстдзæн. Æмæ мæ ныфс ис, алы ныййарæджы дæр кæй фæнды, цæмæй йæ сывæллон райса ахуырад, кæцы лæвæрд цæуы скъолайы æмæ, цæмæй серьезон зонындзинæдтимæ бацæуа уæлдæр ахуыргæнæндонмæ. Мæ сæрæй ныллæг кувын ахуыргæнджытæн сæ тырнындзинады тыххæй. Сывæллæттæм æнæ уарзондзинад æмæ хорз ахастæй нæй райсæн уæлдæр ном – ахуыргæнæг», – загъта Президент.

Уый банысан кодта алыгъуызон олимпиадæты хуссарирыстойнаг скъолаты ахуырдзауты серьезон фæстиуджытæ, афтæ ма уæлдæр ахуыргæнæндонмæ бацæуыны рæстæджы, æмæ загъта, зæгъгæ, ацы фæстиуджытæ сты ахуыргæнджыты фæрцы.

Йæхи фарсæдыгæй, Гасситы Натали банысан кодта, зæгъгæ, ахуыргæнджытæй æцæг бузныг вæййынц, скъола каст куы фæвæййынц, уымæй бирæ азты фæстæ.

«Уавæрæй пайдагæнгæйæ мын бар радт, цæмæй алы ахуыргæнæгæн дæр йæ зæрдыл æрлæууын кæнон ацы бæрæгбоны, уыцы циндзинады тыххæй, кæцы мах æнкъарæм нæ ахуырдзауты æнтыстытæм кæсгæйæ. Æппæт ахуыргæнджыты номæй мæ фæнды раарфæ кæнын дæуæн дæр, уымæн æмæ ныййарæгдæр у ахуыргæнæг, раарфæ кæнын мæ фæнды æппæт уы-донæн, кæцытæ алы бон дæр, йæ алы педагогон сгуыхтдзинæдтæй дæр нæ цард кæны  ирддæр. Æмæ, мах æнгом куы уæм, уæд алцыдæр уыдзæн хорз», – загъта уый.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.