1960 азты нæ литературæмæ цы курдиатджын фæлтæр æрбацыд, уыдонæй иу уыд поэт, тæлмацгæнæг, публицист, Къоста æмæ «Нарты фæткъуы»-йы премиты лауреат Хъодалаты Зурабы фырт Герсан.

Герсан æрæджы ацыд ацы дунейæ. Æвæллайгæ зиууон уыд нæ литературон уыгæрдæнты, стыр куыст бакодта ирон литературон къæбиц схъæздыг кæныныл, фæлæггад ын кодта 58 азы бæрц. Йæ лæггæдтыл, йæ хуынтыл дзурæг сты йæ уацмысты æмбырдгæндтæ, кæцытæ мыхуыры цыдысты сахартæ Цхинвал, Дзæуджыхъæу æмæ Мæскуыйы, — сæ нымæц 60-йæ ахызт.

Хъодалаты Герсан райгуырд 1938 азы 15 октябры Хуссар Ирыстоны Уæллаг Захъхъоры. Поэт хæрз чысылæй баззад сидзæрæй. Ахуыр кодта йæ райгуырæн хъæуы, стæй та — скъола-интернаты. Скъола каст куы фæцис, уæд йæ ахуыр адарддæр кодта Сталиниры педагогон институты. Каст æй фæцис 1961 азы.

Куыста газет «Советон Ирыстон»-ы, уыд Хуссар Ирыстоны радиойы диктор, Хуссар Ирыстоны Фысджыты цæдисы литературон хайады консультант. Бирæ азты фæкуыста журнал «Фидиуæджы» сæйраг редакторæй.

Хъодалаты Герсан æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта 1950 азы. Йæ фыццаг поэтикон æмбырдгонд «Бæлццон» мыхуыры рацыд 1964 азы. Фæстагмæ ма йе сфæлдыстад мыхуыры рацыд дыууæ томæй, «Лирикæ», зæгъгæ, ахæм сæримæ. Алы æмæ алыгъуызон вазыгджын фарстытыл дзуры йе сфæлдыстады, æмдзæвгæтæн ис ахсджиаг хъомыладон нысаниуæг. Стыр бынат ахсынц фыссæджы сфæлдыстады Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад, сæ-рыстырдзинад æвдисæг æмдзæвгæтæ йе ’мирон адæммæ.

Курдиатджын фыссæгæн æнæзынд нæ уыдис, йæ Райгуырæн бæстæ æмæ йæ радтæг адæм цы гуыргъахъхъ фæндæгтыл фæцыдысты, уый. Зарыдис сгуыхт хъайтар кæм цины зарæг, кæм та — хъыджы.

Советон дуг, историйы афыст æмæ уæды интеллигенцийы хъуыдытыл æнцойгæнгæйæ, ис зæгъæн, чысыл адæмы нацитæн æвзæр цард кæй нæ уыд.

Райы фыссæджы зæрдæ йæ Ирыстоны хорз цардæй: хæст нæй, у сæрибар, сабитæн ис алы фадат дæр ахуыры размæцыды, æмæ, арфæйы хуызы, æвдисы йæ цин йæ адæмыл, дуджы хорз миниуджытыл:

Абон куыд райдзаст у бон!

Хурзæрин атылд нæ бæстыл.

Алцыдæр удæн — æхцон,

Алцыдæр бамдзæрин цæстæн.

Ныййарæг мад æввахс æмæ зынаргъ у зæххон адæймагæн. Цыфæнды кары ма уа адæймаг, мад зынаргъ у:

Æз мæ мæгуыр мады мысын,

Уый номыл цæрддзу кæнын

Æмæ царды хъарм хъæбысы

Хатт, сывæллонау, кæуын…

Фыссæг, скъолайы кары уæвгæйæ, фыды ’рдыгæй баззад сидзæрæй, ныййарæг мадæй фæцух æвзонджы кары. Бавзæрста сидзæры цард: кæм — æххормаг, кæм — пысулцух:

Æнæхатыр у сидзæры хъысмæт,

Бынтон æвзонгæй адыдзы мæ цин:

Нырма Бабайæ баййæфтон хъызт-мæт,

Ыстæй та… Хурау аныгуылд Гыцци…

Æнæзынд не сты фыссæгæн ныййарæг мады зындзинæдтæ, æмдзæвгæйы рæнхъыты ирдæй зыны фæлмæн зæрдæйы ахаст йæ ныййарæгмæ. Тынг хъыг кæны, мысы æппынæдзух йæ Гыццийы. Мысы йæ цины сахаты æмæ хъыджы уысм дæр:

Куы ныссæдзын хъуынтъыз мигъты æрфæнты, –

Æрымысын, сывæллонау, мæ мады.

Райгуырæн бæстæ, ныййарæг, мадæлон æвзаг — ацы æртæ хæрзиуæджы æнæкæрæдзи нæ уæвынц. Адон кæй зæрдæйы не сты, уыцы адæймаг æгуыдзæг æмæ тæригъæд у.

Фыссæджы зæрдæ йемыдзаг у мадæлон æвзагмæ уарзондзинады æнкъарæнтæй:

Уæ, мæ мадæлон æвзаг,

Уæ, мæ фыдæлон хæзна,

Хъодалайы фыртæн хорз зындгонд у ирон адæмы хъысмæт. Сæ зындзинад æмæ сын сæ циндзинад зæрдæйæ æмбары, семæ цин кæны, семæ хъыг кæны. Бæрæг у, фыссæг хорз зонгæ кæй у йæ радтæг адæмы царды æрцæугæ историон цаутимæ. Ирон адæм аланты фæдонтæ кæй сты, уый рагæй бæлвырд у зонады. XIV æнусы тæтæр-монгол æрбабырстой Аланты паддзахадмæ. Гъе, æмæ уæд фенкъуыст фыццаг хатт ирон адæмы рагфыдæлты мæсыг. Æнæзынд нæу: хæст, тыхы дуг царды хорз фæстиуджытыл дзурæг не сты. Фыссæг æмдзæвгæ «Ирыстоны таурæгъ»-ы зæгъы:

О, Ирыстон, ракæн-ма дæ таурæгътæ, –

Кæд нæ уыдтæ раг æнусты царæфтыд?

Уарты зæлланг… Сахъ Алантæ — кардæлвæст,

Гунтимæ сын бацайдагъ мæлæтдзаг хæст…

Арты пиллон… Туджы зæйтæ… Карз заман…

Тохы фæдис… Тæтæр… Мангол… Хъадаман…

Ацы рæнхъыты ирдæй æвдыст сты тохы быдыры састы баззайыны мæгуырау фæстиуджытæ. Ирон адæмæн æнæзынд нæу: XIX æнусы кæрон, хорз цард агургæйæ, сайды фæндагыл цыд фесты. Балæууыдысты Турчы, семæ зынгæ ирон фыссæг Мамсыраты Темырболат дæр. Цы зындзинæдтæ, хъизæмæрттæ бавзæрстой — уыдон су-сæггаг не сты. Риссы ирон адæмы зæрдæ; лидзджытæн, бынаты баззайджытæн æмæ адæмон фыссæгæн дæр. Дарддæр кæны æрхæндæджы зарæг:

Иры хæхтыл мигъ æртыхсти-сау катай,

Терк йæхицæн агуры кæуæн бынат.

Турчы бæстыл куыдз йæ фист куынæ калы,

Уæд кæдæм, кæдæм лыгъди Темырболат?

Дарддæр æмдзæвгæйы уынæм зæрдæйы уæззау сагъæс. Æнæзынд нæу, 1920 азы Гуырдзыстоны фашисттæ цы дудгæбæттæ бавзарын кодтой ирон адæмæн, уый:

Дыууынæм аз… Тугуарæнтæ ма мысон,

Науæд та нырхæндæг уыдзæн Мамысон.

Фæлæ нæй, æвирхъау ми нæ рох кæны,

Гал дæр ма æмбалы мардыл богъ кæны…

Ирон адæмы царды æрцæугæ историон цауты ’хсæн стыр бынат ис, 1941 азы цы стыр тугкалд æрцыдис, уымæн. Иустæм хæдзарæй дарддæр, алкæцы хæдзарæй дæр цалдæргæйттæй фæцыдысты тохы быдырмæ Уæлахизы сæраппонд.

Стыр зæрдæйы хицау, аив дзырды дæсны Герсан, уыцы карз заманы хæстон кары нæма уыд, æндæра дызæрдыггаг нæу — сæ фарс æнæбалæугæ нæ фæуыдаид. Сывæллон уæвгæйæ, стæй та æмбаргæ кары уыдта адæмы рыст, сæ тыхстдзинад, фæстæмæ чи æрыздæхт сахъат æмæ цæнкуылтæй, уыдоны зындзинад (æмæ ныффыста зæрдæмæхъаргæ «Рахиз цонг», 1 т., 95 ф.):

Ирон адæм æнæфыдбылыз не сты рагæй фæстæмæ. Раллæууыд 1989 змæст аз, дыууæ азы фæстæ та ныппырх Советон хицауад, фæкъул чысыл нациты мыды къус. Семæ — ирон адæмы дæр. Рæстæг схæццæ, ныллæууыд тыхы дуг. Чи кæуыл тых кодта, уый æфхæрдта.

Ныццарыдтой Хуссар Ирыстоны къултæ, айзæлыд фæдисы дзæнгæрæг. Ирон адæм хъен слæууыдысты Райгуырæн бæстæмæ бырсæг тугдзых сырды ныхмæ. Гуырдзыйы фашисттæ хотыхифтыгъдæй æрбафсæрстой Хуссар Ирмæ. Дыккаг хатт, сæ кæддæры бæллиц (1920 аз) — ирон адæмы бындзагъд скæнын, æххæст кæнымæ. Чи фæнымайдзæн, уыдон цы фыдракæндтæ фæцарызтой: мардтой сылгоймæгты, зæрæдты, сабиты… Цал æмæ цал æвзонг, цардбæллон ироны барвыстой æнусон бæстæмæ… Сыгътой ирон нæргæ хъæутæ… Фыдбылыз æнхъæвзæн систа Ирыстоны къуымты…

Æмæ поэт ныфсджынæй райста фыссæн сис хъазуатон тохмæ, йæ радтæг адæмы сæрапонд.

Æмæ та нал у фарнæмдзæрин дуг,

Тæвд нæмгуытимæ ногæй уары туг.

Нæ уæлахиздзау, бархизæг лæппутæн

Тæхынц фæдисæй дзæнæтмæ сæ удтæ…

Ирон адæм рагфыдæлтæй фæстæмæ тыхы дуджы худинаг сæ сæрмæ никуы ’рхастой. Хистæрæй кæстæрмæ сты иу зондыл хæст: «Худинаджы бæсты — мæлæт». Фыссæг сиды йæ Райгуырæн бæстæмæ, разæнгард кæны сæрибармæ:

Æтт, ирон фæдисон-саггуырд,

Карды бын уæууытæй нал у.

Бафтдзæнис фыдгулыл саугуырм,

Ды куы равдисай дæ хъару.

Хæст æнæфыдбылыз никуы уыд, хæсты фæткой — тугкалд, æххормаг, уазал, гомрагъ. Райгуырæн зæхх бахауд блокадæйы, фыссæг уыны йæ адæмы дудгæбæттæ, уазал, æнæдон, æнæрухсæй куыд тыхстысты. Байдзаг сты Ирыстоны къуымтæ саударджытæй гуырдзыйы тугдзых сырдты руаджы…

Риссы адæмы зæрдæ, семæ — фыссæджы зæрдæ дæр, æнæсцухæй:

Сау кæлмæрзæндар устытæй

Чъреба саухъулон адардта.

Ахаста ацы уæззау дуг дзæвгар рæстæг — 1989 азæй 2008 азмæ. Цы дудгæбæттæ бавзæрстой, уыдон ирдæй æвдисы рыстзæрдæ, дзырдарæхст поэт. Æмæ та ногæй — тугуарæн хæст, æнæхотых адæмы ныхмæ — хотыхджынтæ. 2008 аз…

Сыхаг та разылди мæнгардæй

Цæхæрдзых сармадзантæ, «Град»-æй…

Мæ уд куы сфæлмæцыд зынгуардæй,

Мæхимид загътон уæд æнкъардæй:

«Кæддæры саупырх Сталинградæн

Фæзынд, æвæццæгæн, æмбал,

Æмæ йæ ном хуыйны Цхинвал…»

Ахæм царды зилдухæнты, æнамонды гъуыргъахъхъ фæндæгæтыл цæугæйæ, абоны бон йæ Райгуырæн бæстæ, йæ рагфыдæлты æгъдæуттæ, йе ’взаг, йæ национ колорит чи бахъахъхъæдта, уыдонæй номдзыдтæ, сгуыхт, хъæбатыртæ, адæмон хъайтартæ куынæ уыдаид. Æгæр дæр ма… Ир уыдонæй сæрыстыр у…

Ирон адæмы цардыл, Ирыстоны сомбоныл тохгæнджытæй, ирон адæмы интеллигенцийы минæвæрттæй иу дæр нæ ферох аив дзырды дæсныйæ. Адонæй ахæм нæй, номарæн æмдзæвгæ кæмæн не схай кодта. «Æртындæс коммунары», Тыбылты Алыксандр, Мысост, Нигер, Секъа, Цомахъ, Уасо, Къоста, Грис, Гафез, Нафи — ничи ферох цæхæрцæст ирон лæджы фыртæй.

Сгуыхт адæмыл зарын рагæй фæстæмæ стыр кады нысан у ирон адæммæ. Фыссæджы сфæлдыстадон рæнхъытæй бæлвырдæй зыны, кæй у иузæрдион йæ адæмыл, йæ рагфыдæлтыл; кæстæр фæлтæрыл кæй ауды, кæй тыхсы сæ сомбоныл, уый дæр дызæрдыггаг нæу.

Куыд федтам, афтæмæй фыссæг хъазуатон тохы фæхæцыд йæ радтæг адæмы царды зилдухæнты фыссæн сисы руаджы. Ахæм уæззау дуджы нæ бакуымдта сæттын йе ’ндон курдиат æмæ хъæбатыр зæрдæ. Зылдис ирон адæмы æгъатыр хъысмæты уæззау цалх, йемæ — ирон саг-лæг дæр, Хъодалаты Герсан.

Адæймаджы цард уарзондзинадыл баст у… Æмæ куыд федтам, афтæмæй фыссæджы зæрдæ цух нæу уарзондзинады алыварсон æнкъарæнтæй: Райгуырæн зæхмæ, ныййарæгмæ, мадæлон æвзагмæ, иумæйагæй та — цардмæ.

Уымæн у æндон сисы хицау… Йе сфæлдыстад уæнгты хъары, адæймагыл æфтауы ныфс æмæ хъару. Æрмæгимæ æввахс базонгæйæ, зæгъæн ис, фыссæг йæ Райгуырæн зæхх, йæ радтæг адæмимæ æмдзу кæй кодта, семæ уыд сæ цины дæр æмæ сæ хъыджы дæр. Афтæ ма дызæрдыггаг нæу, йæ адæмы царды æрцæугæ цаутæ арф фæд кæй ныууагътой фыссæджы зæрдæйы æмæ йе сфæлдыстады дæр. Бæрæг у, фыссæг домбай кæй уыд, хъаруджын, æнувыд йæ ирон адæмыл зондæй æмæ зæрдæйæ дæр.

Хъодалаты Герсаны сфæлдыстад хъæуы тæлмац æндæр æвзæгтæм, уымæн æмæ æрхæсгæ ахсджиаг æмæ вазыгджын æхсæнадон фарстытæ æрмæст ирон адæммæ не ’мбæлынц, фæлæ æппæт чысыл адæмыхаттытæй алкæмæ дæр. Фыссæджы сфæлдыстад хъæуы иртасын, зонадон æгъдауæй ахуыр кæнын æмæ йæ æвæстиатæй кæстæртæн амонын.

Хъыгагæн, Хъодалаты Герсан абон нæ фарсмæ нал ис… Мæрдты дзæнæты бадæд!..

ДЖИОТЫ Раисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.