Нæ фыдæлтæ кæддæриддæр стыр аргъ кодтой йæ ныхасы фарн кæмæн уыдис æмæ йе ‘гъдау, йæ бакæнгæ хъуыддæгтæй та, канд кæстæртæн нæ, фæлæ хистæртæн дæр цæвиттойнаг чи уыдис, ахæмтæн. Уыдоны агуырдтой æмæ сæ фарстой зондæй, хуыдтой сæ хъæубæсты ныфс, комы аргъ лæг, адæмы иумæйаг фырт…

Ныр дæр ахæмтыл адæм бафтауынц се ‘ууæнк æмæ сæ равзарынц сæ раздзогæй. Уыцы стыр æмæ бæрнон хæс йæхиуыл банкъардта Тыбылты Леонид Харитъоны фырт.

Егъау у уымæн йæ хайбавæрд нæ æрыгон республи-кæйы паддзахадон арæзтад, нæ адæмы царды уавæртæ фæхуыздæр кæныны хъуыддаджы.

Тыбылты Леонид кæд йæ рацæргæ азты бирæ бæрнон бынæтты фæкуыста, уæддæр дзы абон дæр ничи зæгъдзæнис, йæ дæлбар кусджытæм уæлейæ бынмæ кастис, кæнæ адæмимæ иумæйаг æвзаг нæ ардта, ничи йæ схондзæн партократ дæр.

Знауыры районы Уæллаг Дуаны хъæуы, 70 азы размæ райгуырд  Леонид. Йæхи зонынхъом куы фæцис, уæдæй фæстæмæ бавзæрста царды ад. Йæ фыццаг къахдзæфтæ цы зæххыл акодта, уый йын адджын кæй фæцис, уымæн æвдисæн – йæ адæм тыхст уавæры куы уыдысты, уæд иу бон дæр сæ цурæй кæй никуыдæм ацыдис, кæд ын уыцы фадат уыд, уæддæр. Йæ цард йæхицæн æндæр ран адджын никуы скодта, йæ адæмы зæрдæхудтæй тæрсгæйæ. Сæ фарсмæ уыд сæ цины æмæ сæ хъыджы бонты дæр.

Нæ фыдæлтæ иу афтæ дзырдтой, хорзмæ иу фæндаг ис, æвзæрмæ та – мин! Тыбылты Леонид йæхи æмбарынхъом куы фæцис, уæдæй фæстæмæ стыр аргъ кæны ахуырдзинадæн, хорз æмбæрста, нырыккон дуджы æнæахуыргонд æхсæнад размæ кæй нæ ацæудзæнис. Уыцы хъуыды йын рухс кодта йæ миддунейы фæрнæйдзаг тынтæй æмæ йæ царды сæйраг нысантæй иу, дæсныйад æвзарыны рæстæг куы æрцыд, уæд йæ мидхъуыдыты арф аныгъуылд. Цардмæ йæ бирæ фæндæгтæ сайдтой, фæлæ дзы равзарын хъуыд иу, æмæ Принеуы астæуккаг скъола бакæсыны фæстæ ахуыр кæнынмæ бацыдис Хуссар Ирыстоны Паддзахадон институты физикæ-математикæйы факультетмæ æмæ йæ 1974 азы æнтысгæйæ каст фæцис. Уый фæстæ службæ кодта Советон æфсады рæнхъыты. Æфсадæй æрыздæхгæйæ, йæ фæллойадон фæндаг райдыдта ахуыргæнæджы куыстæй. Куыста Знауыры районы Арчънеты хъæуы, Знауыры астæуккаг скъолайы, фæстæдæр та йæ директорæй. Стыр аргъ ын кодтой йæ ахуыргæнинæгтæ æмæ ахуыргæнджытæ дæр. Фæлæ 1981 азæй Леониды бахъуыд рæзгæ фæлтæры хъомыл кæныны фæдыл йæ куыст ныууадзын æмæ рахызт паддзахадон æдасдзинады органтæм. Уæдæй фæстæмæ хызт иу бæрнон бынатæй, иннæмæ. Каст фæцис ССР Цæдисы паддзахадон æдасдзинады комитеты уæлдæр курсытæ Минскы. Уым Леонидимæ иумæ ахуыр кодтой Уæрæсейы Федерацийы Æдасдзинады Советы секретары хæдивæг Рашид Нургалиев, Уæрæсейы Федерацийы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады аппараты кусæг инæлар-майор Калыты Таймураз, РХИ-йы раздæры паддзахадон æдасдзинады комитеты хистæр Уалыты Алыксандр.

Йæ ахуырæй æрыздæхгæйæ, 1992 азы майы мæйы нысан æрцыд РХИ-йы паддзахадон æдасдзинады комитеты хистæрæй. Уыцы аз ма йын Уæрæсейы Федерацийы контрфæдысгæрсты федералон службæ бабæрн кодта гуырдзиаг-ирон конфликты зонæйы барвæтк æмæ сабырад æрфидар кæныны фæдыл Æмхæццæ тыхты æдасдзинады службæйы разамонæджы хæстæ æмæ дзы бакуыста 1995 азы райдиан-мæ.

1998 азы Тыбылы фыртæн лæвæрд æрцыд æфсæддон цин “Инæлар-майор”. Уыцы аз нысан æрцыд РХИ-йы Хицауады сæрдары фыццаг хæдивæгæй. Уыцы иурæстæджы æххæст кодта гуырдзиаг-ирон конфликт æрбæстон кæныны фæдыл Æмхæццæ Контролон Къамисы æмсæрдары хæстæ дæр. Фæстæдæр куыста РХИ-йы Парламенты аппараты, разамынд кодта Æмхæццæ Контролон Къамисы Хуссарирыстойнаг хайы аппаратæн, уыдис РХИ-йы сæрмагонд хъуыддæгты фæдыл министры хæдивæг. 2004 азы РХИ-йы  Президенты указмæ гæсгæ Тыбылты Леонидæн лæвæрд æрцыдис дипломатон ранг “Уæлвæткон æмæ æххæстбарджын æрвыст лæг”.  Уыдис РХИ-йы Сæйраг Советы дыккаг сæвзæрсты депутат.

2007 азы июны Тыбылты Леониды фæхуыдтой кусынмæ гом акционерон æхсæнад коммерцион банк “Фыццаг республикон банк”-мæ æмæ дзы йæ Правленийы Сæрдарæй бакуыста дыууæ азы.

Йæ фæллойадон архайд Леонид адарддæр кодта постконфликтон бæстонкæнынады фарстыты фæдыл РХИ-йы Президенты æххæстбарджын минæвары консультантæй.

Æнæзæгъгæ нæй Тыбылты Леонидæн йæ адæймагон æууæлты тыххæй дæр. Уымæн æмæ уый у адæмы кæрæдзийыл чи бæтты, ахæм куырыхон зонды хицау у. Уыцы уæззау æмæ змæст рæстæджыты бирæ арæзта, цæмæй адæм кæрæдзи бамбарой æмæ æнгомæй архайой сæ цард хуыздæр кæныныл.

Бирæ дзурæн ис Леониды адæймагон миниуджытыл. Йемæ дæсгай азты чи фæкуыста, уыдон æвдисæн сты, къозбау, цæстмæ митæй йæм кæй ницы ис. Алкæимæ дæр ары иумæйаг æвзаг. Бынтон бафæзминаг та у йæ ныхасыгъæд: фæлмæн, уæздан. Уый та уымæн афтæ у, æмæ Тыбылты Леонид хъомыл кодта фæрнджын бинонты `хсæн. Йæ фыд Харитъон уыд Стыр Фыды-бæстæйон хæсты хайадисæг. Йæ цардæмбал Хасситы Мартаимæ сæ кæстæрты канд фыдæлты æгъдæуттыл нæ ахуыр кодтой, фæлæ ма сæ сарæзтой ахуыры фæндагмæ. Леониды хотæ æмæ æфсымæртæ се `ппæт дæр райстой уæлдæр ахуырад æмæ сæ царды алчидæр йæ бынат ссардта, сты хæрзæгъдауджын адæм. Руслан ссис хъæууонхæдзарады хорз специалист æмæ бирæ азты фæкуыста уыцы хъуыддагыл. Эдуард у Уæрæсейы Федерацийы хъæууон хæдзарады хорз специалист æмæ уый дæр бирæ азты фæкуыста уыцы хъуыддагыл. Хо Иринæ фæкуыста æхсæнадон хæлцады, Светланæ та фæкуыста сывæллæтты цæхæрадоны хъомылгæнæгæй. Ацы бинонты кад æмæ æгъдауæн ма æвдисæн у уый дæр, æмæ хъысмæты фæндонæй афтæ рауад æмæ Харитъон æмæ Марта сæ цард баиу кодтой сæ дыууæтæ дæр идæдзæй куы баззадысты, уæд. Мартæйæн йæ лæджы амарды фæстæ баззадис дыууæ чызджы. Харитъонæн та чызг æмæ лæппу. Сæ цард куы баиу кодтой, уæд ма сын а-рухс дунемæ фæзындысты Леонид, Руслан, Эдуард, Иринæ æмæ Светланæ. Фæлæ сывæллæттæ афтæ хъæрмудæй цардысты æмæ кæрæдзи никуы ахицæн кодтой, иу уыд сæ цин, сæ хъыг. Уый дæр дзурæг у бинонты стыр фарныл.

Кæннод ма æркæсæм Леонидæн йæхи бинонты цардмæ дæр. Йæ цардæмбал Санахъоты Венерæ у Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмон ахуырады сгуыхт кусæг æмæ намысджынæй бирæ азты дæргъы йæ зонындзинæдтæ рæдауæй амоны нæ кæстæр фæлтæрæн. Леонид æмæ Венерæ схъомыл кодтой бафæзминаг кæстæртæ – дыууæ чызджы. Хистæр – Маринæ, каст фæцис ЦИПУ-йы экономикон факультет æмæ кусы финансты министрады, кæстæр чызг Эммæ дæр райста экономисты дæсныйад æмæ йæхи хаххыл кусы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады. Райгонд сты сæ хъæбулты хъæбултæй дæр.

Уæдæ Леонид æмæ Венерæ сæ кæстæртæй сæ сæр бæрзæндты цæуылнæ хъуамæ хæссой! Царды дæр,  куысты дæр фæстейæ ницæмæй зайынц.  Сæ ныййарджытæ ма сын схай кодтой иу хорздзинад: сæхæдæг куыд хиуылхæцгæ сты, ахæм удыхъæд ис сæ зæнæгæн дæр. Раст у фыдæлты æмбисонд: “Цы байтауай, уый æркæрддзынæ”.

Цыбыр ныхасæй, Тыбылы фырт адæймаджы кад-джын ном  бæрзонд кæй хæссы, къæм абадын ыл кæй нæ уадзы, уый  абон дызæрдыггаг  никæмæн у. Уымæн æвдисæн  æхсæнад æмæ йын паддзахад дæр стыр аргъ кæй кодтой, уый.

Куыд федтам, афтæмæй Леонидæн йæ разæнгард æмæ цæсгомджын  куысты тыххæй  хорз аргъ æрцыдис. Фæлæ йын бирæ хатты æхсызгондæр вæййы уынджы фæцæйцæугæйæ кæнæ йын йæ æмкусджытæй исчи сыгъдæг зæрдæйæ адджын салам куы ратты, уæд уый. Уымæн æмæ хорз æмбары, уæлдæр ма йæ куыд загътон, цыфæнды хорзæхæй дæр, адæмы хорзæх æмæ уарзондзинад стырдæр кæй у. Хорз сты хæрзиу-джытæ дæр, кæй зæгъын æй хъæуы. Фæлæ адæмы уарзондзинадæн та, æмбал нæй. Æмæ цæмæй уыцы фарнæй, амондæй фæхайджын уай, уый тыххæй  рæстуд   æмæ æгъдауджын цард хъуамæ кæнай. Ирон æмбисонд цæйау зæгъы, цæст, дам, дардмæ уыны. Адæм адæм сты. Уыдон лыстæг сасирæй луарынц адæймаджы хуыздæр миниуджытæ, æмæ йын уыдонæй хуыздæр æмæ растдæр ничи саргъ кæндзæн.

Тыбылты Леонидæн йæ царды стыр æмæ ахсджиаг цау уыдис, 2012 азы йыл нæ республикæйы цæрджытæ се ‘ууæнк куы бафтыдтой æмæ йæ сæхицæн президентæй куы равзæрстой. Ам лæмбынæг нæ дзурдзыстæм йæ президентон архайдыл, фæлæ цы фондз азы лæууыд республикæйы сæргъы, уыдон хуымæтæджы азтæ нæ уыдысты. Уыдон уыдысты арæзтады, æндидзынады азтæ æмæ нæ адæм æвдисæн уыдысты, цард хуыздæрæрдæм куыд ивта, куыд рæзтысты ахсджиаг нысаниуæджы объекттæ, йæ хуыз куыд ивта нæ горæт, цахæм куыст цыдис уынгты арæзтадыл. Æмæ уыцы ивындзинæдтæ та, кæй зæгъын æй хъæуы, фыццаджыдæр цыдысты паддзахады разамонæджы архайды ‘руаджы.

Уæдæ Тыбылты Леонидæн ацы аз йæ 70 азы йæхирдыгæй фесты æмæ йын арфæ кæнæм мах дæр. Йæ архайд, йæ адæмы хæрзæбонæн уыд æмæ йæ ноджыдæр адæмы хорзæх уæд!

                      БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.