Сæрибардзинад уарзаг ирæттæ

(Бæлццоны фыстытæй)

«…Ам цы бирæ ирон хъæутæ ис, уыдон æрбынат кодтой нæувæлыст æфцгуытыл, иуæй-иутæ та – дæлвæзты, комы дымæджы. Уыдон зæрдыл лæууын кæнынц мæсгуытæ æмæ фидæрттæ, уымæн æмæ алы хæдзары фарсмæ дæр ис мæсыг, дурæй амад гæрæнтæ. Не мбæлцæттæ сæхи иуварс истой бирæ хъæутæй, уæлдайдæр та мæсгуытæй, уымæн æмæ сæхæдæг куыд дзырдтой, афтæмæй гæнæн ис æмæ мæсгуытæй сыхаг æхсын райдайа йæ сыхаджы, се хсæн исты хъаугъа куы уа, уæд… Фæлæ немæ цы ирæттæ цыд, уыдонæн ам бирæ хæстæджытæ уыд, кæцытæ нæ бахъахъхъæдтаиккой, нæ сæрыл рахæцын куы бахъуыдаид, уæд, æмæ сæ бон уыд мах æдас фæндагыл бафтауын.

…Ирæттæ аразынц алкæмæй хуыздæр æмæ хæрзгъæддæр топпыхос. Куыд æй аразынц, уый равдисын сæ нæ бафæндыд… кæй ныл не ууæндыдысты, уый тыххæй; мах æрмæстдæр базыдтам, топпыхос куыд хъæбæрдæр уа, уымæ гæсгæ æвзарынц сæрмагонд бæлæстæ, æвзалы райсынæн æмæ куыд бахъæуа, уымæ гæсгæ схæццæ кæнынц бæрцмæ гæсгæ хомаг.

Хæхты бæрзæндтыл чи цæры, уыцы ирæттæ кæд стыр зындзинæдтæ æвзарынц, уæддæр сæ зæрдæ нæ ивынц Кавказы бацæуæны сæ тызмæг хæхтæ æмæ рæсугъд æфцгуытыл. Куы сæ бафæрсай, цæмæннæ сæ фæнды, уырыс сæ кæм хъахъхъæной, æнæ хъалонæй рæсугъд быдыртæ æмæ уыгæрдæнтæй кæм пайда кæной, уыцы дæлвæзты цæрын, уæд сæ дзуапп вæййы: «Уымы уæлдæф нын хъыг кæны, сахуыр стæм, фаг хойраг дæр кæм нæй, фæлæ тынг æнтæф кæм нæу, уыцы хæхтыл, æмæ нæхицæн цæрæм æнæниз æмæ зæрдæрухсæй».

Бынтон сæрибардзинадмæ уарзондзинад, паддзахадон арæзтад сæ бынтондæр не давгæйæ… Æппæт уыдæттæ сæ бафтыдтой царды хъуагдзинæдтимæ цæрыныл».

Керр-Портер, англисаг фæндагкон, 1817 аз

 

УАСТЫРДЖИ ÆМÆ ТАРГИТАЙ

Ныры рæстæджы ирæттæн сæ фылдæр хай афтæ нымайынц, Уастырджи æмæ Сыгъдæг Георги иу сты зæгъгæ. Геродот скифты равзæрды тыххæй йæ чиныг «Мельпоменæ»-йы фыссы: «Скифтæн сæ ныхæстæм гæсгæ ацы адæм сты алкæмæй æрыгондæр. Æвзæргæ та ракодтой ахæм хуызы. Ацы бæстæйы фыццаг адæймаг уыд Таргитай». Ома, Геродот нымайы афтæ, скифтæ кæй равзæрдысты Таргитайæ.

Джусойты Нафи Таргитайы  иу кæны Уастырджиимæ, æнгæсдзинад сын агуры сæ нæмтты дæр: Таргитаймæ разæй уаз(с), ома уæларвон нысаниуæг, куы бафтауай, уæд цæуы афтæ: Уаз(с)тарги – Уас(з)ты(а)р(г)и.

Геродоты хъуыдымæ гæсгæ скифтæ тынг сæрыстыр уыдысты, ахæм куырыхон æмæ бæгъатыр лæджы цот кæй уыдысты, уымæй. Абон дæр ма ирон адæм мард æмæ дзуарæн æмхуызон табу кæнынц, уымæ гæсгæ Таргитаймæ дæр куывтой æмæ дзы сæхицæн скодтой хурæмдых лæгты зæд Уастырджи.

Дзырд цæуы, Уастырджи æмæ Уасджеорджи, Уасгерги иу кæй не сты, ууыл. Геродот цард нæ эрæйы агъонмæ V æнусы æмæ Таргитайы –  Уастаргитайы кой кæны, куыд скифты тынг рагон, æнусты фæлмæй ма таурæгъты фæрцы чи зыны, ахæм фыдæл. Уаз+Георги (Джеорджи) та у, чырыстон дины сæрыл чи фæмард, ахæм хæстон лæг æмæ йæ бахастой сыгъдæг удты номхыгъдмæ.

 

 

Дзаджейы æхсаргард

Уый раджы уыд. Хæххон ирæттæ сæ дард балцæй здæхтысты райгондæй. Уалдзæгæй фæззæгмæ алыгъуызон куыстыты фæрцы цы фæллой скодтой, уыдон ластой Ирыстонмæ, сæ бинонтæм. Мæздæг æмæ Кæсæджы астæу сæ фæллад уадзынвæнд скодтой. Хуыссæг сыл фæтых. Цæмæй зыдтой, хæдмæлхор халæттау знæгтæ сæ алывæрсты зилынц. Æмæ бадзурынц æгъатыр знæгтæ фæллад бæлццæттæм: дзæбæхæй нын раттут уæ хæзнатæ, уæ уæргътæ, зæгъгæ.

Уæд сæм афтæ радзуры цæхæрцæст Дзадже:

– Фыдæлты æгъдаумæ гæсгæ уын, нæ уæздан уазджытæ, нæ исбонæй æмбæлæггаг ратдзыстæм…

Фæлæ знæгтæ стонг бирæгъты балау сæхи лæбурынмæ æрцæттæ кодтой, уыдонæн сæйраг фæллæйттæ нæ уыдысты, сæ хъавд, кæфтæй кæсæгмæ кæй кой айхъуыст, уыцы диссаджы æхсаргардмæ уыд, Дзаджейы фæринк æхсаргардмæ.

Дзадже йе ’хсаргард сласы æмæ йе ’мбæлттæм дзуры:

– Сау бон ныккодта, лæппутæ…

Бæлццæттæ сæ уæрдæттæ æрфæлдæхтой æмæ уæрдæтты аууон сæхи æрцæттæ кодтой. Æмæ мæлæтдзаг тох бацайдагъ бæлццæттæ æмæ абырджыты хсæн. Уалынджы сау мигътæ æрбатыгуыр сты, арв ферттивы æмæ ныннæры. Тæрккъæвдамæ топпыхос ныххуылыдз, æмæ хъæбатыр Дзадже фæхъæр ласта:

– Уæдæ не ’хсаргæрдтæ нæ фыдгултæн адзалы цæвджытæ басгуыхæнт!

Дзадже уæззау цæф фæцис, бамбæрста йæ фæстаг бон кæй æрхæццæ. Бамбæрста, се знæгтыл хинæй куынæ рацæуа, уæд ын йе мбæлццæтты ныццæгъддзысты. Йе ’хсаргард йæ былтæм бахаста, аба йын кодта æмæ загъта:

– Æвгъау дæ, ме ’хсаргард, ацы куыйтæн, фæлæ ме мбæлттæм сæ хæдзæртты даринæгтæ æнхъæлмæ кæсы… – йæхæдæг уæрдоны цурмæ бабырыд, йе хсаргарды фындз цалхы дæндæгты ’хсæн атъыста, тынг æй æртасын кодта æмæ йæ феуæгъд кодта. Æхсаргард тыхгæнджыты сæрты æхситгæнгæ атахт  æмæ арвы цъæхы æрбайсæфт. Абырджытæ цалынмæ æхсаргард кæм æрхаудаид, уый агуырдой, уæдмæ Джаджейы йе мбæлттæ уæрдоныл сæвæрдтой æмæ сæ фæндаг адарддæр кодтой. Абырджытæ бирæ фæагуырдтой æхсаргард, быдыртыл, хъæдтыл арт бафтыдтой, фæлæ æхсаргард нал разынд, уымæн æмæ кæм æрхауд, уым зæххы афардæрг…

 

 

 ИРОН ÆМБИСÆНДТÆ КÆСТÆРЫ ТЫХХÆЙ

*Лæппу – лæджы бындзæфхад

*Бæлас талайæ тасы

*Бирæгъ дæр йæ лæппыны гыццылæй райдайы ахуыр кæнын

*Сывæллон йæ сонтæй рæдийы

*Сывæллон зынг дæр сыгъзæрин æнхъæлы

*Сывæллоны мæстæй куы марай, уæд мæстыгæр кæны

*Сывæллон хистæртæй цы хъуса, уый дзуры

*Хæдзары ’гъдау адæмы ’хсæнмæ сывæллон хæссы

*Цыфæнды уарзон хъæбулæн дæр хъулон митæ нæ фидауы

*Дæ байзæддаджы буц ахуыр куы скæнай, уæд фæсмонгонд кæныс

*Буцхастæй кæстæр хъал кæны

*Байраджы сирд æмæ лæппуйæ дзураг нæ бæззынц

 

Аргъæутты загъдаутæ

Æртхъирæны мæй афтæ загъта: «Сæрды хъармæй мæм галы комытæфы йас æрбацæуы, æндæра сывæллоны мизгæмизын асæлын кæнин».

***

Иухатт раджы кæддæр уызын хоргалммæ курæг æрбацыд, рæстæгмæ мæ дæ хæдзары цæрын бауадз, зæгъгæ. Хоргалм сразы. Уызын хæдзайраг сси æмæ уæдæй фæстæмæ хоргалмы лæппынтæ сæхицæн бынат нал ардтой – уызыны судзинтæ сæ хъыгдардтой, ныхстысты сæ. Уæд хоргалм загъта уызынæн: «Æз дæ ардæм æрбауагътон рæстæгмæ. Ныр дæ судзинтæй мæ лæппынты бон нал у ’мæ дæ курын, ардыгæй куыд ацæуай».

Уызын ын загъта: «Кæд искæмæй исты риссы, уæд ацæуæд, мæнæн ам дæр æвзæр нæу».

***

Хæрæг, дам, хуыйæн загъта: цом æмæ сагимæ бацæрæм æмæ нæ уæзданы ном айхъуыса.

«Хорз, фæлæ дæ уаргъ хæсгæ чи уына, уый дæ уæздан куыд схондзæн?»-бафарста йæ хуы.

«Уый дæр раст у… Мæн ма чизоны схоной, фæлæ дæу цъыф змæнтгæ чи уына, уыдон дæ бæлвырд не схондзысты уæздан»,-фелхыскъ æй кодта хæрæг.

***

Денджыз, дам, афтæ загъта: «Æнæхъæн зымæг мигъты схæссын, фæлæ мын сæ уалдзæджы хох æмæ хъæд байсынц, мæхи та мын хур басудзы».

 

Хъæлдзæг хабæрттæ

КÆРДОЙЫ КЪÆРНЫХ

Чаисмел йæ сыхаджы цæхæрадонмæ быхызт æмæ йын йæ кæрдойæ хæры. Сыхаг æй куыддæр ауыдта, афтæ йæм загъд кæныныл схæцыд.

– Цæй цы рцыди, мæнæ дзы дыууæ кæрдойы ахордтон, æмæ, – сбустæ йыл кодта Чаисмел.

– Дæ бинонтæй дыууæ амæлæд! – æлгъиты йæ кæрдойы хицау.

– Йæ уæлæ ма цал кæрдойы ис, уал та дæ бинонтæй амæлæд! – нал æм фæлæууыд Чаисмел дæр.

 

ЗУЛДЗЫХ СЫХÆГТÆ

Чаисмел æмæ йæ сыхаг Шакри кæрæдзимæ нæ дзырдтой. Чаисмелы фæндыд бафидауын æмæ зымæджы йæ комахсæйнаг хуы  куы аргæвста, уæд æм хонæг барвыста. Фæлæ йæм Шакри нæ бацыд.

Уый фæстæ та Шакри аргæвста йæ комахсæйнаг, фæлæ уый Чаисмелы нæ фæхуыдта. Уæддæр æм бацыд Чаисмел.

– Акæс-ма, дæ хорзæхæй, æз дæм нæ бацыдтæн, фæлæ мæм ды дæ сæр бадардтай, – сæфсæрмы Шакри.

– Æмæ æз дæр куыдз куы уон, уæд нын холлаг та чи кæндзæн, – дзуапп ын радта Чаисмел.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.