Нæ горæты Саулохы фырты уынгыл æмызмæлд кæнынц фæндагаразджытæ. Уыдон сæ куыст райдайынц райсомæй 7 сахатыл æмæ изæрмæ, сихор бакæнынæй дарддæр сæ куыст иу уысм дæр нæ æруромынц. Зæгъын хъæуы уый, æмæ ацы уынджы дæр канализацион хæххытæ ивд никуы æрцыдысты æмæ уый аххосæй цæрджытæ æвзæрстой зындзинæдтæ. Ныр сæххæст сæ бæллиц. Аразынц фæндаг æмæ цæрджытæ сты райгонд. Фыццаг уал фæндагарæзтадон куыстытæм æрæвнæлдтой Водоканалы кусджытæ. Баивтой канализацион æмæ донуадзæн хæххытæ, бауагътой сæ хæдзæрттæм. Æппæт куыстытæ дæр баконд æрцыдысты бæстонæй. Уынгæн баивтой йæ газы хæтæлтæ дæр.

Дарддæр фæндаджы хæрзарæзтадон куыстытæм æрæвнæлдтой «Дорэкспострой»-ы кусджытæ. Фæндагæн систой йæ уæлцъар æмæ йæ цæттæ кодтой асфальт сæвæрынмæ, фæлæ специалисттæ куыд бафиппайдтой, афтæмæй сыджыт у рог, æмæ йæ кæд ныннадтой, уæддæр тæссаг уыд, асфальт куы æрцæуа, уæд кæй сызмæлдзæнис, уымæй.

Фæндагарæзтады прораб Санахъоты Сергей куыд зæгъы, афтæмæй 15 июльмæ хъуамæ фæуыдаид арæзт, фæлæ проблемон кæй разынд, уымæ гæсгæ йæ бахъуыд кæм метры, кæм метр æмæ æрдæджы бæрц ныкъахын. Фæндаджы арæзтадæн ма къуылымпыйы хос фесты, цы стыр хæрис бæлæстæ дзы уыдис йæ фæйнæ фæрсты, уыдон дæр. Иугæр зæхх дæлдæр къахт æрцыд, уæд бæлæсты уидæгтæ уæлейæ баззадысты æмæ сæ тыхдымгæ æмæ къæвдатæ бындзарæй рафæлдæхтой. Ныр фæндаджы æркодтой æмбæлон уагмæ æмæ асфальт кæнынмæ у цæттæ. Тротуартыл æвæрд æрцыдис тротуарон плиткæ. Аразджытæн цæрджытæм ис аудгæ ахаст. Хæдзæрттæм бахизæнты тротуарон плиткæтæ æвæрд кæм цæуынц, уым бæрзонддæр кæм слæууынц, уыцы бынæтты сæ бындæр æруадзынц. Уымæ гæсгæ Санахъоты Сергей куыд зæгъы, афтæмæй проектмæ бахъæуы ивындзинæдтæ бахæссын. Фæлæ æппæт уыдæттæ арæзт цæуынц арæзтады министрадимæ æмразыйæ. Ныртæккæ фæндагарæзтадыл кусынц 9 адæймаджы. Уыдонæй уæлдай цæстæвæрæн у сæ куыст Дудайты Давид, Къæбулты Петя, Гаглойты Сослан, Лалыты Маирбег æмæ Санвел Алоянæн.  Уыдон хорз æмбарынц, æппæт дæр сæ горæтæн, сæ адæмæн кæй аразынц æмæ архайынц куыстытæ гъæдджынæй бакæныныл.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.