2021 азы Инвестпрограммæйы фæлгæтты цы егъау социалон нысаниуæджы объекттæ сырæздзæнис, уыдонæй сæ иу у, Дзауы районы Мзиугомы скъолайы кары ахуыргæнинæгтæн цы улæфæн лагерь рæзы, уый. Арæзтад æмæ архитектурæйы министрады куыд зæгъынц, афтæмæй июны мæйы бавнæлдтой уым сыгъдæггæнæн куыстытæм. Нывæстмæ гæсгæ улæфæн лагерь арæзт фæуыдзæн 2022 азы кæронмæ. Лагеры арæзтад хуымæтæг нæу, уыдзæн физкультурон-хосгæнæн. Раздæр-иу, скъоладзау кары сывæллæттæй йе ‘нæниздзинад мæгуырау кæмæн уыд, ахæмты нæ республикæйы Æнæниздзинад æмæ социалон рай-рæзты министрад сæрдыгон бонты улæфынмæ æрвыста, Цæгат Ирыстон-Аланийы цы сæрмагонд хосгæнæн-физкультурон пансионат ис, уырдæм. Ныр Мзиугомы цы нырыккон-стационарон лагерь рæзы, уым æппæт уавæртæ дæр уыдзæн ахæм сабиты хæрзиуæгæн.

Цалынмæ пандеми нæ райдыдта, уæдмæ скъолайы кары сывæллæттæ горæтæн æдтейæ – Гуфтайы æмæ Къуайсайы иумæйаг ахуыргæнæндæтты скъолаты базæйы бындурыл баконд лагерты улæфыдысты дыууæ фæлтæрæй. 2019 азы та не скъоладзауты иу хай баулæфыдысты Хъырымы, Абхазы, Донецкы. Луганскы сывæллæттæ та хуынд æрцыдысты улæфынмæ Хуссар Ирыстонмæ. Этнолагеры улæфгæйæ, уыдонæн организаци æрцыд цымыдисон программæ. Фæлæ ивгъуыд аз æмæ ацы аз дæр пандемийы аххосæй гом нал æрцыдысты сæрдыгон лагертæ. Скъолатæ дзуапп нæ дæттынц улæфæн лагерты нормæтæн. Ныр Мзиугомы лагерь куы сырæза, уæд нал уыдзæн ахæм проблемæ.

Ам арæзтадон куыстытæ лæвæрд æрцыдысты бынæттон фирмæ «Бадо»-мæ. Ацы фирмæйы сæргълæууæг Уалыты Владислав зæгъы, зæгъгæ, советон рæстæджы ам цы турбазæ уыд, уым ныр рæзы нырыккон стационарон лагерь 150 бынатимæ. Арæзт цæуы дыууæ этапæй. Ам арæзт æрцæудзæн канд сæрдыгон улæфæн лагерь нæ, фæлæ ма афæдзы алы афон дæр каникулты рæстæджы ахуыргæнинæгтæ кæм улæфдзысты, ахæм турбазæ. Йæ территорийыл сырæздзæнис алыгъуызон хъазæн фæзтæ, беседкæтæ, хъæдмæ экскурситæ цæуынæн асфальт къахвæндаг. Лагермæ улæфынмæ чи цæуа, уыдоны цайдагъ кæндзысты ирон культурæ æмæ традицитыл. Лагеры проектмæ гæсгæ арæзт æрцæудзæнис цалдæр хуызы физкультурон-хосгæнæн хæйттæ. Ам баулæфыны уавæртæ хъуамæ уа, се ‘нæниздзинад мæгуырау кæмæн у, уыцы инвалид сывæллæттæн дæр. Уыдоны хæрзиуæгæн дзы арæзт æрцæудзæнис пандустæ, сæ хатæнты – сæрмагонд найæнтæ æмæ æндæр хæрзвадат уавæртæ.

Арæзтадон фирмæ «Бадо»-йы сæргълæууæг зæгъы, куыстытæ кæй фæуыдзысты 2022 азы. Фæлæ, дам, ныртæккæ цы темптæй кусæм, уымæ гæсгæ ныфс æвæры, раздæр кæй æрцæудзæнис лæвæрд эксплуатацимæ. Лагеры арæзтады фылдæр архайынц бынæттон кусджытæ, фæлæ се ‘хсæн ис æрхонгæ специалисттæ дæр. Кусджытæн сæ фылдæр сарæзтой вакцинæтæ. Арæзтадон æрмæджыты къуылымпыдзинад дзы нæй. Техникæйæ дæр сты ифтонг.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.