Фæндаг царды дадзин у, зæгъгæ, æнæхъуаджы нæ фæзæгъынц. Фæндæгтæ цас хæрзарæзтдæр уой, уыйбæрц адæмы ‘хсæн бастдзинæдтæ хуыздæр кæнынц. Нæ республикæйы дæр автомобилон фæндæгты уавæр кæны хуыздæр æмæ уый у раппæлинаг хъуыддаг. Фæлæ зæгъын хъæуы уый, æмæ фæндаг цыфæнды хæрзарæзт уа, уæддæр æм æнæмæнг аудгæ ахаст дарын фæхъæуы. Цæмæй фæндæгтæ нывыл уой æмæ фылдæр лæггад кæной бæлццæттæн, цæрджытæн, ууыл та кусынц паддзахадон унитарон куыстуат «Дорэкспострой»-ы кусджытæ.

Абон дæр ма нæ рох нæу, зæххыбын коммуникациты ивыны тыххæй уынгтæ къахын куы райдыдтой, уæд траншейты сæрты куыд хызтыстæм, цъыф уынгты-иу куыд цыдыстæм, аразджытæ сæ куыстытæ рæстæгыл кæй нæ кодтой, уый аххосæй. Ныр Инвестпрограммæйы фæлгæтты рæзынц нæ горæты æмæ райцентры, егъаудæр хъæуты уынгтæ, федералон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм фæндæгтæ. Æнæфснайд, змæст уынгты бæсты мах уынæм ногасфальтгонд, аивфæлыст уынгтæ æмæ сæ сыгъдæгдзинадæй адæймаджы цæстæнгас сæхимæ здахынц. Фæлæ уæддæр нырма бирæ ис, саразын кæй хъæуы, ахæм уынгтæ. Ныртæккæ æндæр уынгты æмрæнхъ цалцæггæнæн куыстытæ цæуынц нæ горæты Нарты, Дмитровы æмæ Аланты уынгты. Ацы уынгты коммуникацион хæххытæ ивд никуы æрцыдысты сæ сырæзтæй фæстæмæ. Базæронд сты æмæ дзуапп нал лæвæрдтой цардыуаджы домæнтæн. Ныр æрæвнæлдтой сæ аразынмæ, раивтой куыд доны, афтæ канализацион хæххытæ дæр. Доны хæтæлтæн сæ диаметр у 160 мм бæрц. Доны æмæ канализацион хæххытæ иугонд æрцыдысты хæдзæрттæм дæр. Ахæм куыстытæ æххæст кæнынц Нарты уынджы суанг хъæды хæдзарады управленийы онг. «Водоканал»-ы кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй æнцон нæу ахæм чысыл уынгты канализацион хæххытæ кæрæдзимæ баиу кæнын. Кæддæр ам цæрджытæ сæхæдæг хуыр ныккалдтой, къæвдадæттæ-иу сæм хæдзæрттæм кæй бакалд, уый аххосæй бахъыгдард сты канализацион люкты æмбæрзтытæ, фæиппæрд сты сæ бынæттæй æмæ байдзаг сты хуырæй. Ныр канализацион люктæ дæр æрцыдысты сыгъдæггонд.

Кусджытæ иууылдæр бынæттон цæрджытæ кæй сты, уымæ гæсгæ кусынц æнæаипп, æнæзæрдæхудтæй.

Арæзтад æмæ архитектурæйы министрады куыд зæгъынц, афтæмæй куыстытæ кæд графикæй чысыл фæфæстæдæр сты, уæддæр арæзт æрцæудзысты гъæдджынæй.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.