Сæрды каникултæм сывæллæттæ тынг фæбæллынц, уымæн æмæ сты дæргъвæтин æмæ вæййынц хъарм рæстæджы. Райсомæй изæрмæ нæ бафсæдынц хъазынæй, тезгъо кæнынæй æмæ алыгъуызон хиирхæфсæн мадзæлттæй. Æмæ сæм ахæм рæстæджы хъæуы фылдæр хъусдард здахын, хъахъхъæнын сæ хъæуы фыдбылызтæй, уæлдайдæр та горæты уынгты.

Бирæ ныййарджытæ боныгон куыстыты вæййынц æмæ сæ сывæллæттæ та уынгты фæхъазынц æнæхъусдардæй. Афтæмæй та æнахъомтæм уыйбæрц æрхъуыды нæй, цæмæй мацы знаггад ракæной, мацы фыдбылызы бахауой. Ныры онг дæр цалдæр хатты фæдæлдон сты цæдты æмæ цæугæдæтты æнахъомтæ, – Хуыцау нæ уды зиан æрцæуынæй бахызта. Велосипед скъæргæйæ дæр цалдæр хатты бахаудтой машинæты бын. Уымæ гæсгæ сæрдыгон милицийы кусджыты бахъæуы сывæллæттæм уæлдай хъусдард здахын.

Статистикæ куыд æвдисы, афтæмæй æнахъомтимæ авариты фылдæр хатт аххосджын разыны шофыр. Уымæн æмæ шофыр фехалы фæндагон змæлды фæткойтæ, – фæцæуынц стыр тагъдадæй. Вæййы афтæ дæр, æмæ сывæллон æнæнхъæлæджы рагæпп кæны фæндагмæ æмæ шофыры нал сарæхсы машинæ æруромынмæ.

Фæлæ бынтон шофырты аххосджын кæнæм, уый дæр раст нæу. Уымæн æмæ сывæллоны цур æдзух хъуамæ уа исчи æмæ йæ ма уадза галиумитæ кæнын. Уæлдай тæссаг сты велосипедтыл, самокаттыл, роликтыл æмæ ма æндæр ахæм хæдтулгæтыл куы фескъæрынц æнахъомтæ, уæд. Сæ ныййарджытæ сын æнæмæнг хъуамæ амоной фæндагон фæткойтæ, бамбарын сын кæной, цы ис æмæ цы нæй гæнæн аразын. Æмæ уæд фыдбылызтæ дæр цæудзæнис бæрæг къаддæр.

Милицийы кусджытæ ма сæрдыгон бæрæг кæнынц цæугæдæтты æмæ цæдты былтæ. Адæм сæрды æнтæфы донбылгæрæтты фæулæфынц. Семæ ма вæййынц æнахъомтæ дæр. Банысан кæнын хъæуы уый æмæ æнахъомтæм арæх нæ вæййы æмбæлон хъусдард æмæ фыдбылыз æрцæуынæн та бирæ нæ фæхъæуы. Фыццаджыдæр, нæ хъæуы сывæллæтты цур карз нозт нуазын. Иуæй йын æвзæр фæзминаг æвдисыс, иннæмæй та – донмæ нозтджынæй хизын нæй гæнæн. Æнæхъусдардæй кæй сывæллæтты æййафой донбылты, уыдоны ныййарджыты кæндзысты бæрндзинадмæ.

Милицийы кусджытимæ ма вæййынц  уæлвæткон уавæртæ æмæ æрдзон æнамонддзинæдтæ аиуварс кæныны фæдыл министрады кусджытæ дæр. Уыдон та улæфджыты фæдзæхсынц, цæмæй-иу сæ фæстæ арт ахуыссын кæной æмæ зынгсирвæзт ма æруадзой. Бæлæстыл æмæ æндæр рæтты ныхасынц информацион листовкæтæ, цы ран фæдзæхсынц адæмы, куыд хъæуы хи дарын ахæм бынæтты æмæ цы хъæуы аразын тыхст рæстæджы. Нæй гæнæн æмæ арт скæнай хус кæрдæгмæ ввахс, – дæ бон æй нал бауыдзæн ахуыссын кæнын.

Ахæм рейдон мадзæлттæ донбытты уагъд цæудзысты æнæхъæн сæрд. Уымæй уæлдай ма горæты æмæ районты центрты та æрвылбон дæр уæлдай хъусдард æздахдзысты æнахъомтæм. Бацархайæм иумийагæй, цæмæй сæрды каникултæ ацæуой æдасæй æмæ хъæлдзæгæй.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.