Ирон фæндырдзагъды аивадмæ уæзгæ хуынтæ чи хæссы, йæ диссаджы аивадæй адæмы зæрдæтæ æдзухдæр чи тавы, уæлмонц æнкъарæнтыл сæ чи æфтауы, уый у Цæгат Ирыстон-Алани æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмон артист Дзуццаты Сослан. Уымæн æрдз балæвар кодта аив бакаст, фæлмæн зæрдæйы уаг, фæлæ уæддæр аивадуарзджытæн иууыл æввахсдæр æмæ уарзондæр ссис, йæ фæндыры минмырон хъæлæсы айзæлд æмæ сын уыцы æгъуыстаджы зæлтæй сæ зæрдæтæ кæй барæвдауы, уый. Диссаг у ирон фæндыр, фæлæ иууыл диссагдæр та у, фæндыр йæ къухмæ чи райсы æмæ дзы йæ табугæнджыты чи барæвдауы, уыцы цæгъдæг. О, Дзуццайы фырт бирæ азты дæргъы йæ лæггады хай кæны йæ уарзон адæмæн æмæ сын лæвар кæны йæ бæрзонд аивад.

Дæсны фæндырдзæгъдæг æрмæст йæхиуыл нæ хъуыды кæны, фæлæ зæрдиагæй архайы, цæмæй фæндырыл цæгъдынмæ æвзыгъд кæстæртæ дæр аккаг бынæттæ бацахсой фæндырдзагъды аивады. Уый зæрдыл даргæйæ Дзуццайы фырт мыхуыры рауагъта чиныг ахæм сæримæ «Концертные пьесы для осетинской гармоники»-йы фыццаг том. Чиныджы æдæппæт ис 20 цагъды, уыцы нымæцы, автор йæхæдæг кæуыл бакуыста, уыдон сты «Æрыдойнаг хонгæ», Æлдæртты кафт», «Барæджы цагъд», «Бирæгъзæнгаг хонгæ», «Быдыры Дæргъæвсы цагъд», «Куырттатаг сюитæ», «Рог кафт», «Заманхъуйлаг симд», «Къах-къухтыл кафт» æмæ æндæртæ. Уымæй дарддæр ма бакуыста æмæ чиныгмæ бахаудысты Гæздæнты Булаты музыкæ «Барæджы цагъд», Æлборты Феликсы «Лирикон» æмæ «Фантази», стæй йæхи музыкæйыл фыст цæгъдтытæ «Аланты балц», «Лæмардойнаг» æмæ «Олгинскæйаг хонгæ» дæр.

Чиныджы райдианы фæндыры стыр ахадындзинад, стæй Кавказы адæмты номдзыд фæндырдзæгъдджыты æмæ Дзуццайы фырты уæзгæ хуыны тыххæй сæ хъуыдытæ фыссынц Цæгат Кавказы паддзахадон аивæдты институты адæмон инструментты кафедрæйы сæргълæууæг, доцент, дунеон конкурсты лауреат, Кæсæг-Балхъары æмæ Цæгат Ирыстон-Аланийы аивæдты сгуыхт архайæг М. А. Кожева æмæ Гергиты Валерийы номыл Дзæуджыхъæуы аивæдты колледжы ахуыргæнæг Гæздæнты Е.

Ацы чиныг стыр æххуыс фæуыдзæн астæуккаг æмæ уæлдæр музыкалон  ахуыргæнæндæтты студенттæн, афтæ ма концерт æххæстгæнджытæн дæр.

                                                ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.