Адæмы цард иууылдæр тох у – иу тæссаг фæзындæй нырма нæ фервæзæм æмæ та иннæ нæ уæлхъус æрбалæууы. Цалдæр азы размæ нæ республикæйы апарахат сты, дымгæ кæй нæ кæнынц, ахæм тамакотæ. Цыбыр рæстæгмæ сыл сахуыр сты, æгæрыстæмæй, æнахъомтæ дæр æмæ уæд нæ Парламент райста закъон, кæцыйы фæстиуæгæн нæ республикæйы территоримæ нал ис ацы тамакотæ ласыны æмæ уæй кæныны бар. Фæлæ ныр та æндæр æвзæрдзинадимæ сæмбæлдыстæм, – йæ ном «электронон сигарет», хонынц ма сæ «вейптæ» дæр.

Ацы сигареты кой рагæй фехъуыстам, фæлæ йын нысаниуæг нæ дæттам, уымæн æмæ нæм дзы арæх ничи пайда кодта. Ныридæгæн та ацы сигареттæй пайдагæнджытæ сбирæ сты, фæзындысты бирæ дуканиты тæрхджытыл алыгъуызон рæсугъд къоппыты æмæ бонæй-бонмæ фылдæр кæны сæ зианæрхаст. Уымæй уæлдай ма сыл цайдагъ кæнынц æнахъомтæ дæр æмæ уый та у националон æнамонддзинад.

Скъоладзаутæ электронон сигареттæй кæй райдыдтой пайда кæнын, уый фыццаг сбæлвырд кодтой ахуыргæнджытæ æмæ бахатыдысты Ахуырады министрады къухдариуæгадмæ, цæмæй райсой æмбæлон мадзæлттæ. Ахуырады министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Гасситы Натали æвæстиатæй фыстæг ныффыста Мидхъуыддæгты министрадмæ, цæмæй сæ фарсмæ балæууой æмæ сын баххуыс кæной. Ныридæгæн уал райдыдтой аразын фембæлдтытæ скъоладзаутимæ, цæмæй сын лæмбынæг радзурой электронон сигареты тыххæй, цахæм зиан хæссынц адæймаджы æнæниздзинадæн æмæ цы хъæуы арзын дарддæр. Профилактикон ма­дзæлттæ уадзынц милицийы æнахъомты фæдыл фарстаты инспектортæ æмæ ма Президенты цур Сывæллæтты барты фæдыл æххæстбарджын минæвар Цхуырбаты Татьянæ. Сывæллæттæн ма равдыстой видеоролик дæр, цыран æвдыст цæуынц, электронон сигареттæ чи дымы, уыдоны хъизæмæрттæ.

Фыццаг уал ахæм æмбырд уагъд æрцыд горæт Цхинвалы 9-æм астæуккаг скъолайы. Горæты милицийы æнахъомты фæдыл фарстаты инспекцийы сæргълæууæг Гатайты Лали радзырдта, зæгъгæ, фæстаг рæстæджыты фæзындис информаци, ома, скъоладзаутæ балхæнынц электронон сигареттæ æмæ ма йемæ хъæугæ дзаумæттæ.

«Æрвылаз дæр мах фæуадзæм профилактикон мадзæлт-тæ скъолаты, уыдоны ‘хсæн – тамако дымыны æвзæрдзинады тыххæй дæр. Фæлæ ныры дуджы рæзгæ фæлтæр æмбæлынц бирæ æвзæрдзинæдтимæ, уыдоны ‘хсæн электронон сигареттæ дæр, кæцыты хæссынц æрмæстдæр зиан. Ахуырады министрады бæрны сты æппæт скъоладзаутæ æмæ проблемæ фæзыныны фæстиуæгæн мах дæр сæ фарсмæ хъуамæ балæууæм æмæ иумæйаг тыхтæй бахизæм æнахъомты ацы хъæстæ сигареттæй. Ахæм фембæлдтытæ ауадздзыстæм æппæт республикæйы скъолаты», – загъта Гатайты Лали.

Бахизæм нæ фæсивæды электронон сигареттæй

9-æм астæуккаг скъолайы директор Зассеты Зарæ дæр банысан кодта, зæгъгæ, нæ рæз-гæ фæл­тæр сты нæ фидæн æмæ сæ нæхи къухтæй мауал куынæг кæнæм.

«Махмæ æддагон сывæллæттæ нæй, алкæцы дæр нын дзы у сыгъзæрины хуызæн. Мæнмæ ис фарста, ацы электронон сигареттæ чи æрласы æмæ сæ чи уæй кæны æнахъомтæн, уыдонмæ, – фæндит уæ, цæмæй уæхи сывæллæттæ дæр дымой ахæм тамакотæ? Мауал нын сафут нæ фæсивæды. Махæн абоны бон зын у ацы фæзындимæ тох кæнын, уымæн æмæ закъонмæ гæсгæ дуканигæстæн сæ бон у æмæ уæй кæной ацы продукци. Уый тыххæй мæ фæнды бахатын нæ республикæйы къухдариуæгадмæ, цæмæй саразой афтæ, æмæ электронон сигареттæ мауал хауой нæ сывæллæтты къухтæм», – загъта Зассеты Зарæ.

Йæ коллегæйы ныхæстимæ сразы ис гимнази «Альбион»-ы директор Гуыцмæзты Иринæ дæр, кæцы банысан кодта, зæгъгæ, проблемæ йæ райдианы æнцондæр скъуыдздзаггæнæн вæййы, кæннод фæстæдæр сæмбæлдзыстæм уæззаудæр фæстиуджытимæ.

«Бирæ ныййарджытæ ацы проблемæмæ уæлæнгай цæстæй кæсынц, ницы нысаниуæг ын дæттынц. Ома, цы йын у, элетронон сигарет бадымдта æмæ дзы стæй айрох уыдзæнис. Фæлæ, лæмбынæг æркæсгæйæ, рабæрæг ис, ацы сигареттæ кæй аразынц нефты продукты æппарæнтæй æмæ дзы кæй ис тынг бирæ канцерогентæ æмæ зианхæссæг буарадтæ. Дохтыртæ куыд раиртæстой, афтæмæй электронон сигарет бадымыны фæстиуæгæн лæмæгъ кæны адæймаджы иммунитет, æндавы сæры магъзыл, гипофизыл, цæстæй æвзæрдæр райдайынц уынын, хъусæй та æвзæрдæр хъусын æмæ афтæ дарддæр. Бахатын мæ фæнды ныййарджытæм, цæмæй сæ сывæллæттæм уæлдай хъусдард здахой, бæрæг сын кæной сæ   дзаумæттæ. Ацы тамакотæм барæй æфтауынц ароматизатортæ, цæмæй хæрздæф кæной æмæ йæм æнахъомтæ тырной. Хорз уаид, æмæ ацы профилактикон мадзæлтты хайад куы исиккой дохтыртæ дæр, кæцытæ ноджы хуыздæр бамбарын кæниккой скъоладзаутæн тамако дымыны фæстиуджытæ», – радзырдта Гуыцмæзты Иринæ.

Милицийы кусджытæ ныридæгæн уадзынц рейдон мадзæлттæ базарадон объекттыл æмæ сын сæ хицæутты фæдзæхсынц, цæмæй æнахъомтæн ма уæй кæной электронон сигареттæ.

Электронон сигаретты фæзынд баст у, бирæ бæстæты тамакойы ныхмæ закъæттæ кæй райстой, уыимæ. Тамакойы индустрийæ ацы «вейпты» фæрцы ахызт закъоны фæрсты æмæ уый фæстиуæгæн йæ пайда нæ фæкъаддæр. Адæмæн та гæды ныхæстæ кæнынц, ома, у æдас æмæ хуымæтæг тамакойæ та къаддæр зиан хæссы. Фæлæ дунейы ахуыргæндтæ та æндæр хъуыдыйыл лæуд сты, уæлдайдæр та иртасæн куыстытæ бакæныны фæстæ ноджы сæ къухты ис факттæ, æмæ дзурынц, электронон сигарет фылдæр зиан хæссы адæймаджы организмæн.

Йæ сæйраг тæссагдзинад ис донгъæды, кæцыйы мидæг хуымæтæг тамакойæ дæс хатты фыл-дæр ис ахæм тыхджын канцерогентæ, куыд «нитрозамин» æмæ «диэтиленгликоль». Уымæй уæл-дай ма дзы ис хъæстæ буарадтæ «формальдегид» æмæ «ацетальдегид», кæцыты фæстиуæгæн адæймаг ахуыр кæны ацы тамакойыл, бонæй-бонмæ йæ дзы фæхъæуы фылдæр дымын æмæ йын йæ ныууадзын фæзын вæййы. Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ æппæт ацы хъæстæ буарадты концентраци бæрæг фæфылдæр вæййы дымыны рæстæджы, уымæн æмæ стæвд вæййынц.

Ныридæгæн ахæм бæстæты, куыд Канадæ, Бразили, Турк, Дани, Итали, Норвеги, Уругвай, Австрали, Иордани, Таиланды райстой закъæттæ, кæцыты фæстиуæгæн ацы бæстæты территоритыл нæй электронон тамакотæ уæй кæныны бар æмæ ма сæ рекламæ кæнын дæр. Хорз уаид, æмæ махмæ дæр ахæм закъон ист куы æрцæуид.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.