Дардыл айтыгъта йӕхи, Къостайыхъӕуы бынмӕ хуссарварс цы цад ис, уый. Ардӕм сӕхи аирхӕфсынмӕ, сӕ сӕрибар рӕстӕг арвитынмӕ улæфынæн  бæзгæ бонты фӕцӕуынц канд бынӕттон цӕрджытӕ нӕ, фӕлӕ ма горӕт ӕмӕ сыхаг хъӕутæй дӕр. Ацы зымӕгон уазал рӕстӕг цадыл дӕр йӕ тых бавзӕрста, дон ныссалд, ӕмбӕстӕгтӕ йӕм арӕх нал фӕцӕуынц. Фӕлӕ уӕддӕр алцӕмӕн дӕр ис йӕхи ӕвӕрццаг хорздзинӕдтӕ. Цады доны ис цалдӕр хуызы кӕсӕгтӕ. Мӕ цӕст схӕцыд, ихы уӕлцъар доны бабызтӕ зымӕгон уазал бонӕй цы ӕхцондзинад истой. Ӕрдзы ахӕм нывтӕм кӕсынӕй адӕймаг иста ӕхцондзинад, кӕд-иу ирдгӕ уазал адӕймаджы уӕнгтӕ бахъыдзы кодта, уӕддӕр.

Ам, цады былыл, мӕ фарсмӕ ис, цадыл чи ауды, цыбыр рӕстӕгмӕ йӕ хорз уавӕрмӕ чи ӕркодта, уыдонӕй сӕ иу – Тедеты Тамаз. Уый зӕрдиагӕй ныхас кӕны цады абон ӕмӕ сомбоны стыр нысаниуӕг ӕмӕ ахадындзинады тыххӕй. Цады алыварс территорийæ улæфæн зонæ саразыны тыххӕй Тедеты бинонтӕ бирӕ тых ӕмӕ хъару бахардз кодтой. Зӕгъын хъӕуы, ацы бынатмӕ ӕркаст рагӕй нæ уыд ӕмӕ йӕ уавӕр уыд тынг мӕгуырау, йӕ фидыц ӕмӕ бакастӕй адӕймаджы зӕрдӕ кæрзыдта, ӕгӕрыстӕмӕй дзы хи найӕн дӕр нал уыд. Æмæ йæ Тедеты бинонтӕ райстой сӕхимӕ, уый фӕстӕ бацархайдтой йӕ сыгъдӕгдзинадыл. Ӕнцон нӕ уыд уыцы куыстытӕ бакӕнын, фӕлӕ сæ фердӕхтдзинады фӕрцы бинонтӕ ӕмӕ ма сӕ ӕввахс хӕлӕртты фӕрцы уый сӕ къухы бафтыд. Цадӕн сӕйраг у, цæмæй йæм цы дон цӕуы, уый кӕддӕриддӕр уа сыгъдӕг. Цӕмӕй афтӕ уа, уый тыххӕй Тедеты бинонтӕ сӕ сӕйраг хъусдард здахынц гигиенӕйы домӕнтӕ ӕххӕст кӕнын ӕмӕ хъахъхъӕнынмӕ. Уымӕ гӕсгӕ цадмæ цæуæг къанауы цалдӕр раны ис, чъизитæ кæм æмбырд кæнынц, ахӕм бынӕттӕ.

Тамазы куы афарстон, цы уӕ сразӕнгард кодта цады уавӕр ӕрнывыл кӕнынмӕ, уӕд мын дзуапп радта, зӕгъгӕ, чысылӕй фӕстӕмӕ мӕ бӕллиц уыд цады уавӕр ӕрнывыл кӕнын, цӕмӕй суа ӕмбӕстӕгты уарзон  хиирхæфсæн бынат.

«Амӕйразмӕ дзы карпы мыггаг кӕсаг ауагътам 240 кг, фӕлӕ уый фаг нӕу, ам ма ноджыдӕр ис цалдӕр хуызы кӕсӕгтӕ. Фаг дзы куы ауадзӕм кӕсӕгтӕ, уӕд дзы хъомыл кӕниккам 30 тоннӕйы бæрц алыгъуызон кӕсӕгтӕ. Уыдон фаг уаиккой нӕ республикӕйы ӕмбӕстӕгтӕн, уыимæ бынаты схъомылгонд продукци алыхатт дӕр хуыздӕр вӕййы. Уыцы куыст сӕххӕст кӕнын у нӕ фӕнд сомбоны. Цы мӕргътӕ дзы ӕрвитынц сӕ рӕстӕг, уыдонмæ тынг нал хӕццӕ кӕны браконьерты къух ӕмӕ уый дæр ӕхсызгон хъуыддаг у. Фарон дзы уыйбӕрц хърихъхъуппытӕ уыд ӕмӕ сӕ уындӕй адӕймаджы зӕрдӕ рухс кодта », – зæгъы Тедейы фырт.

Цадмӕ сӕ рӕстӕг ӕрвитынмӕ иууыл фылдӕр адӕм фӕцӕуынц сӕрды мӕйты, иутӕ сӕхи фӕнайынц, иннӕтӕ та фӕифхӕрсынц сӕхи, фӕулӕфынц сыгъдӕг уӕлдӕф. Зӕгъын хъӕуы, адӕймаджы ӕнӕниздзинад фӕхуыздӕр ӕмӕ фӕфидар кӕнынӕн ам зымӕгон бонты дӕр у тынг хорз, быриккой къахдзоныгътыл, фысымиуӕг дзы кӕниккой ӕхсӕв дӕр. Фӕлӕ нырма зымӕгон рӕстӕг ӕмбӕстӕгты райсынмӕ цӕттӕ не сты. Ныртӕккӕ дзы аразынц, ам бафысым кӕнын кӕй бафӕнда, уыдонӕн 15-20 бынатон уазӕгдон, ис дзы хӕрӕндон дӕр. Уыдзӕн дзы, уырыссаг хинайӕн кӕй хонынц, ахӕм. Амӕйразмӕ дзы ныссагътой 300 бæрц бӕрзы талатӕ ӕмӕ ныридӕгӕн сӕ уындӕй рухс кӕны адӕймаджы зӕрдӕ. Сӕхицӕн ис чысыл талахъомылгӕнӕндон дӕр ӕмӕ дзы а-уалдзӕджы ноджыдӕр ныссадздзысты ӕндӕр мыггаг талатæ. Ис сӕм 3 катамараны. Цады кӕрӕтты ис, Къуайсайӕ кӕй ӕрластой, ахӕм къӕдзӕхдуртӕ ӕмӕ сӕ ӕхцондзинад фӕисынц ӕрбацӕуджытӕ, сӕ фарсмӕ фӕисынц къамтӕ. Ис ма дзы, сабитӕ сӕхи кӕм фӕирхӕфсынц, ахӕм бынӕттӕ дӕр. Уымӕй дарддӕр ма дзы хъуамӕ сырӕза футболон, баскетболон ӕмӕ волейболон фӕзуӕттӕ дӕр.

Тедеты бинонтӕн, номхуындӕй та фыд Вася ӕмӕ йӕ дыууӕ фыртӕн ма ис хисӕрмагонд хӕдзарад ӕмӕ дзы байтауынц ӕмӕ ӕрзайын кӕнынц хъӕууонхӕдзарадон культурӕтӕ, ис сӕм кӕрчытӕ, бабызтӕ, тӕрхъустӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕмтӕ. Фӕнды сӕ ӕфсирон культурӕтæ тауын ӕмӕ уыдонӕй хи хӕдзарады ифтонг кӕнын. Уагъд сӕм ис ӕмӕ пайда кӕнынц электрорухсӕй, ис дзы канализаци дӕр. Фӕлӕ зӕгъын хъӕуы, цух кӕй ӕййафынц нуазыны донӕй, дард ранӕй йӕ ласынц. Æввахс рӕстӕджы уыцы проблемӕ дӕр скъуыддзаг ӕрцӕудзӕн.

Иудзырдӕй, Тедеты бинонтӕ хорз хъуыддӕгты лӕуд сты,  ӕнтысгӕ дӕр сын кæны, фӕлӕ сӕ разы нырма дзӕвгар скъуыддзаггӕнинаг хӕстӕ ис. Фæндвидар бинонтӕн уыцы хӕс сӕххӕст кӕнын дæр ӕнӕмӕнг бантысдзӕн.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.