Ацы бонты æрмæст нæ республикæйы нæ, фæлæ æнæхъæн дунейы дæр политикæмæ цымыдисгæнæг æхсæнады хъусдард здæхт уыд Никарагуайы нысанцæуæг бæрæгбонон мадзæлттæм. Уымæн æмæ ахæм бæрæгбæттæ нысан кæнынмæ æмхуызон цæстæнгас нæй, Америкæйы Иугонд Штаттæ æмæ сæ политикон позицитæ кæмæн хъарынц, уыцы ныгуылæйнаг бæстæты къухдариуæггæнджытæн. Ахæм политикæйыл хъуыды кæнгæйæ ахсджиаг у, никарагуайæгты бæрæгбоны нæ бæстæйы официалон хайадист, кæцыйæн ис ахсджиаг политикон нысаниуæг.

Нæ республикæйы Президент Бибылты Анатолийы кусæгон балцы тыххæй нæ газеты фæстаг номыры цы æрмæджытæ ныммыхуыр кодтам, уыдон фæстæ уæ дарддæр зонгæ кæнæм, йæ балцы сæйраг нысан  Сандинистон революцийы фæуæлахизыл 40 азы сæххæсты цытæн Республикæ Никарагуайы нысанæрцæуæг бæрæгбоны йæ дарддæры хайадистимæ.

Бæрæгбонон мадзæлттæ ацыдысты Республикæ Никарагуайы столицæ Манагуайы. Бæрæгбонон митингы хайад райста 60 мин адæймаджы бæрц, бирæнымæц кадртæм гæсгæ ацы ахсджиаг бæрæгбоны хайадисджытæн сæ бæрæг фылдæр хай уыдысты æрыгон фæсивæд, уый та уæлдай хатт æвдисæн у, цы революцион уæлахиз нысан кæнынц, уый историон рæстдзинадæн. Ацы нысаниуæгджын бæрæгбоны никарагуайæгты уæлдай хайад райстой дæсгай бæстæты делегацитæ. Бæрæгбонон митингы ныхас кæнгæйæ Бибылты Анатоли æфсымæрон Хуссар Ирыстоны номæй зæрдиаг арфæтæ ракодта Никарагуайы Президент Даниэль Ортега æмæ Никарагуайы адæмæн.

– Хæлæрттæм уазæгуаты цæуын   алыхатт  дæр  æхсызгон  хъуыддаг вæййы, фæлæ ахæм æхсызгондзинадхæссæг бæрæгбоны, куыд Сандинистон революцийы уæлахизыл 40 азы сæххæсты фæдыл цины бæрæгбоны, национ нысаниуæджы мадзæлтты хайад исын мæхицæн нымайын стыр кадыл, – загъта Бибылты Анатоли.

Уый банысан кодта, æхсызгон ын кæй у сæрибардзинад равзарæг никарагуайаг адæмы къухы цахæм æнтыстджын къахдзæфтæ акæнын бантыст, уымæн æвдисæн уæвын.

– Бæстæйы социалон-экономикон æнтыстджын рæзт, дунеон тыгъдады аккаг бынат ссарын,  æппæт уыдæттæ къухы бафтыдысты фæуæлахизуæвæг революцийы фæрцы, æмæ цæвиттойнаг, фæзминаг сты бирæ адæмтæн , – банысан кодта Президент.

Уый бæрæгбоны хайадисджыты хъусдард аздæхта уымæ, историон фæндагыл сæрибары сæрыл тохгæнæг бæстæтимæ куыд Никарагуа, афтæ Хуссар Ирыстонæн дæр бирæ иумиагдзинæдтæ кæй ис – бахъуыд хæцæнгарз райсгæйæ хæдбардзинад бахъахъхъæныны сæр. Бибылты Анатоли сæйраджыдæр банысан кодта, зæгъгæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад Никарагуа кæй банымадта, уый уыдис æцæг суверенон паддзахады лæгдзинад æвдисæг къахдзæф æмæ йын уыд стыр ахсджиаг нысаниуæг.

– Нæ хæдбардзинад банымайын ныхдуртæ сæвæрдта гуырдзиаг агрессийы ног бафæлвæрдтытæн. Цасфæнды рæстæг ма рацæуа, уæддæр мах стыр бузныджы æнкъарæнтимæ нæ зæрдыл дардзыстæм, нæ уæззау рæстæджы никарагуайаг адæм нæ фарсмæ кæй балæууыдысты, уый.

Президент йæ раныхасы банысан кодта, нæ разылæууæг цæлхдуртæм нæ кæсгæйæ Хуссар Ирыстонæн фидардæр кæй кæнынц йæ æхсæнадæмон позицитæ, кæй фылдæр кæны республикæйы хæдбардзинад банымайæг паддзахадты нымæц.

Никарагуайы Президент æмæ бæрæгбоны хайадисæг адæммæ дзургæйæ Бибылты Анатоли ноджыдæр бузныджы ныхæстæ загъта сæ хæлар ахаст æмæ æмархайды тыххæй, бæстæйæн йæ цæст бауарзта дидинæфтыд æмæ ног æнтыстытæ.

***

Официалон балцы фæлгæтты нæ респуб-ликæйы сæргълæууæг фембæлд Никарагуайы Президент Даниэль Ортегаимæ. Кæд дыууæ бæстæйы сæргълæууæджы бæрæгбонон мадзæлтты хайад иумæ истой, уæддæр сын уый фæстæ уыд официалон фембæлд дæр.

Хуссар Ирыстон æмæ Никарагуайы сæргълæуджытæ æруынаффæ кодтой дыууæ хæларадон бæстæйы ‘хсæн æнгом ахастытæ рæзын кæнынимæ бастуæвæг фарстатыл, кæрæдзийæн пайдайы æмгуыстад æрбæстон кæныныл. Бадзырдтой, æнæмæнгхъæуæг кæй у дыууæ бæстæйы ‘хсæн хицæн æмæ хицæн сферæты æхсæнведомствойон æмразыдзинæдтæ æрфыссын.

Бибылты Анатоли æмæ Даниэль Ортега ма, кæрæдзиимæ хæлардзинад æмæ æмгуыстад рæзын кæныны уæлдай æрдзырдтой дунеон политикон уавæр æмæ Фæскавказы æдасдзинады фарстатыл дæр. Бибылты Анатоли Даниэль Ортегайы фæхуыдта Республикæ Хуссар Ирыстонмæ.

Нæ бæстæйы сæргълæууæгæн ма йæ кусæгон балцы фæлгæтты уыд ноджы цалдæр фембæлды алы æмæ алы æмвæзадтыл. Йæ балцы рæстæджы йемæ уыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр æмæ Республикæ Никарагуайы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Козаты Нариман.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.