Пухаты Эрикы къухдариуæгадæй уагъд æрцыд радон æмбырд 2018-2019 азты республикæйы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестпрограммæ реализаци кæныны фарстаты фæдыл. Хайад дзы истой арæзтадон-цалцæггæнæн куыстыты хайад чи исы, уыцы подрядон организациты къухдариуæггæнджытæ.

Æмбырды райдианы, Хицауады Сæрдар раарфæ кодта æппæт æрæмбырдуæвджытæн, Ирыстоны традицион бæрæгбон Джиуæргуыбайы сæраппонд.

Инвестпрограммæйы фæлгæтты арæзтадон процессы тыххæй фехъусын кодта РХИ-йы арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон  хæдзарады  министры хæдивæг Гуыцмæзты Илья.  Уый,   сæйраджыдæр, банысан  кодта  Гуыбаты æфсымæрты уынджы цæрæн хæдзары арæзтады æвæрццаг динамикæ.

«Куыстытæ хорз темтæй цæуынц, амад цæуынц къултæ, æвæрд цæуынц фронтонтæ æмæ вентиляцион трубæтæ, мидæггаг къултæ сæрдынц, куыст цæуы электрохызæгты монтаж кæныныл, мидæггагон донцæуæн æмæ канализаци аразыныл», – банысан кодта Гуыцмæзты Илья.

Уый ма радзырдта арæзтцæуæг Республикон гуырæн хæдзары тыххæй дæр, кæцы уыдзæн æртæуæладзыгон бæстыхай гинекологион, гуырæн æмæ физиологон хайадтимæ, афтæ ма административон, хæдзарадон æмæ цардуагон лæггæдты хатæнтимæ.

«Уым ныртæккæ фæуд кæнынц электроифтонгады, видеоцæстдарды системæ уадзыны куыстытæ, ныккæнды æмæ фыццаг уæладзыджы зынгсирвæзты сигнализацимæ баххæссæнмæ хъусдард æмæ амонæныл. Объекты кусы 70 адæймаджы æмæ техникæйы 8 иуæджы», – банысан кодта министры хæдивæг.

Æмбырды рæстæджы хъусдард аздæхтæуыд республикæйы районты арæзтадон-цалцæггæнæн куыстытæм.

Афтмæ ма, РХИ-йы арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министры хæдивæг Гаглойты Сергейы ныхæстæм гæсгæ, дарддæр кæнынц горæт Къуайсайы инженерон хызæгты æмæ уынгты хæрзарæзтады куыстытæ.

«Канализацийы фæдыл куыстытæ фесты. Ленины уынджы дарддæр кæны нуазыны донуадзæн  хызæджы арæзтад, Хетæджы фырты уынджы та асфальт æвæрыны куыстытæ», – банысан кодта Гаглойты Сергей.

Уый ма фехъусын кодта, зæгъгæ, республикæйы Ленингоры райцентры фесты инженерон хызæгтæм абонентты баиу кæнын æмæ уынгты хæрзарæзтады куыстытæ.

Фембæлды кæрон, Пухаты Эрик подрядон организацитæн бахæс кодта, цæмæй Инвестпрограммæ сæххæст кæныны фæдыл сæ хæстæм лæмбынæгдæр æркæсой.

«Алкæцы бæрнджын къухдариуæггæнæгæн дæр лæвæрд æрцыд бæрæг хæстæ, фæлæ æз зонын, сымах дæр кæй архайут куыстыты темп фæбæрзонддæр кæныныл. Азы кæронмæ ма баззад цалдæр къуырийы, æмæ сымах хъуамæ фидар фæлæууат, цæмæй уыцы хæстæ æххæст æрцæуой», – банысан кодта Хицауады Сæрдар.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.