Æмбалы бон æрвыл аз дæр нысан цæуы 9 июны. Ацы бон равзæрд йæхихъæдæй. Ацы бон у, рухс, зæрдæйæ чи цæуы, адæймагыл хæс чи не ‘вæры, ахæм æхцон бон. Йæ иууыл стырдæр хæс у æмбалыл   ахъуыды кæнын. Кæд дæм хæстæг у, уæд ын раарфæ кæн. Кæд дæм дард у, уæд æм телефоны фæдзур. Йæ зæрдæ цæмæй барухс уа, ахæм исты æхцон ныхæстæ йын зæгъ. Уымæн æмæ зæрдæбын арфæ ракæнын, искæмæн исты хорзы бацæуын, хорз хъуыддаг саразынæй нæ царды бонтæ фылдæр кæнынц. Нæ цард хорз хъуыддаг саразынæй рæсугъддæр кæй свæййы, адæймаг уымæй цæры.

***

Бирæтæн хæлардзинад райдайы æрыгон бонтæй фæстæмæ æмæ ахæссы суанг зæры бонтæм. Уый уымæн у, æмæ уыдон æцæг æмбалдзинад хъахъхъæнынц цæстыгагуыйау.

***

Æцæг æмбал скæнынæн дæр амонд хъæуы. Арæхдæр не ‘мбалдзинадыл ахуыр кæнынц литературон уацмыстæ. Æцæг æмбал зын сахат сбæрæг вæййы. Йе ‘мбалы зын зын кæмæн уа, йæ циныл æцæг зæрдæйæ чи цин кæна, уый у æцæг æмбал. Хатт вæййы афтæ дæр: сæхи æмбæлттæ фæхонынц, фæлæ зæрдиагæй нæ бацин кæнынц кæрæдзийы хорздзинадыл.

***

Царды хорз, æнувыд æмбал цасы аргъ у! Æнувыд æмбал дæ никуы ауæй кæндзæн, никуы дæр дæ зæрдæхудты бацæудзæн. Зæрдæйæ цин кæндзæн дæ цинагыл æмæ зæрдæйæ фæхъыг кæндзæн дæ мастыл. Цин æмæ хъыг æфсымæртæ сты æмæ æцæг æмбал цинаджы дæр æмæ хъыджы дæр æнæмæнгæй æрбалæудзæн дæ цуры, фæдаргъ дæм кæндзæн йе   ‘ххуысы къух.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.