Президент Гаглойты Алан йæхимæ райста æмбæстæгты. Æдæппæтæй паддзахады сæргълæуæгмæ сæ проблемæтимæ бахатыдысты 18 адæймаджы. Куырдиæтты фылдæр хай хаудта хос кæнынæн материалон æххуыс бакæнын, медицинон аппараттæ æмæ хосгæнæн фæрæзтæ самал кæнынмæ.

Фарстаты иу хай баст уыд æмбæстæгты цардуагон проблемæтимæ, сæрмагондæй, уыдон куырдтой арæзтадон æрмæджытæ самал кæнынæн сын баххуыс кæнын.

Цхуырбаты Иван, хæстон архайдтыты активон хайадисæг, Президентмæ бахатыд, йæ хæдзары æмбæрзт раивынæн ын арæзтадон æрмæджытæ самал кæнынæн баххуыс кæныны тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ йын куыстытæ сæххæст кæнынæн  баххуыс кæндзысты йæ сыхæгтæ.

Уый химæрайстмæ афтид армæй не ‘рбацыд, паддзахады сæргълæууæгæн балæвар кодта Уастырджийы ныв.

Цхинвалы районы Присы хъæуы дачæты фадгуыты æмæ горæт Цхинвалы микрорайон «Северный»-йы  зæххы фадгуыты хицæуттæ домдтой электроны хахх æмæ сæм дон бауадзын, цæмæй адæмæн сæ бон уа сæ хæдзæртты цалцæггæнæн куыстытæ райдайын.

Столицæйы Сабырады уынджы цæрæг Быценты Ануси радзырдта, зæгъгæ, йæ хæдзары бирæ азты дæргъы нæй электроны рухс. Сылгоймаг цæры иунæгæй, йæ иунæг фырт фæмард 90-æм азты хæсты рæстæджы. «Тæккæ райсом дæм бацæудзысты «Энергоресурс»-ы специалисттæ, æмæ дын аскъуыддзаг кæндзысты дæ проблемæ», – ныфс ын бавæрдта Президент.

Афганистаны Ветеранты цæдисы сæргълæууæг Гуыцмæзты Мурат бахатыд паддзахады сæргълæууæгмæ хæстонтæ-интеранционалистты цыртæн реставрацион куыстытæн материалон æххуыс бакæныны тыххæй. Президент Капиталон арæзтады управленийæн бахæс кодта, уымæй дарддæр ма, монументы алыварс территорийыл æмбонд капиталонæй саразын, цыран æрвылаз дæр уагъд фæцæуынц мысæн мадзæлттæ.

Ноджы ма дыууæ æмбæстаджы – сидзæр æмæ иунæг мад бахатыдысты Гаглойты Аланмæ се ‘ххуырст фатертæн бафидынæн сын материалон æххуыс бакæныны тыххæй. Президент лæмбынæг байхъуыста се ‘ппæтмæ дæр, радта сæм уæлæмхас фарстатæ, бацымыдис кодта цæрджыты æндæр проблемæтæм.

Къорд фарстайы скъуыддзаг æрцыдысты бынаты, иннæты тыххæй та Гаглойты Алан бахæс кодта йе ‘ххуысгæнджытæн, æввахс рæсæтджы сын баххуыс кæныны тыххæй.

Уый ма аскъуыддзаг кодта спортивон инвентарь самал кæныны тыххæй рог атлетикæйы тренеры куырдиат дæр. Паддзахады сæргълæууæгмæ химæрайстмæ чи æрбацыд, уыдон иууылдæр райгондæй баззадысты, сæ куырдиæттæ сын кæй сæххæст кодта, уымæй. Иууылдæр арфæйы ныхæстæ загътой Президентæн, сæ проблемæтæм йæ хъусдарды æмæ сæ аскъуыддзаг кæнынæн йе ‘ххуысы тыххæй.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.