Республикæйы цæрджытæ 12-æм маймæ сæхи цæттæ кодтой сæ куыстытæм ахизынмæ, сæ бирæ хъуыддæгтæ саразынмæ, фæлæ та сын сæ разы ног гæрæнтæ сæвæрдтой: карантин адарддæр кодтой майы фæудмæ. Стæй канд адарддæр нæ, фæлæ карз мадзæлттимæ.

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеслав Хицауады, министрадты, муниципалон скондты разамонджытимæ йæ фембæлды рæстæджы карзæй бафæдзæхста санитарон-эпидемиологон уавæрмæ бæрнондæр цæстæй æркæсын. Йæ ныхасмæ гæсгæ, 12 майæ мæйы кæронмæ мониторинджы хуызы бæрæг цæудзысты цардуаджы æппæт объекттæ дæр.

«Алы куыстуат, алы организаци, уыимæ транспорт, æгæрыстæмæй, такситæн дæр, бæрæг цæудзæн, сæ санитарон домæнтæ куыд æххæст цæуынц, уый. Иунæг куыстуат дæр уыцы нормæтæ куыд æмбæлы, афтæ куынæ æххæст кæна, уæд æхгæд æрцæудзæн. Æхсæнадон транспортыл иунæг бæлццон дæр æнæ маскæ æмæ æрмкъухтæй куы уа, уæд уыцы шофыртæн дæр сæ бартæ ист цæудзысты. Транспорт бæрæг кæныны хæс æвæрд цæуы транспорты æмæ экономикон рæзты министрадтыл, иннæ объекттæ бæрæг кæндзысты Роспотребнадзоры специалисттæ. Районты разамындæн та фæдзæхсын, уыцы амынддзинæдтæ алчидæр йæхи муниципалон зылды куыд æххæст кæна».

Битарты Вячеслав ма куыд бафиппайдта, афтæмæй Ирыстоны иууыл тæссагдæр уавæр сæв-зæры зианы кæндты. Уый фæдыл фæсидт республикæйы цæрджытæм, зиан кæуыл æрцæуа, уый дардыл хъæргæнæг цæмæй ма арвита, æрмæстдæр æввахс хиуæттæ æмæ сыхæгтæй дарддæр, зианмæ цæуынæй адæм цæмæй сæхиуыл фæхæцой. Æндæр гæнæн куынæ  уа, уæд та — маскæтæ æмæ æрмкъухты, стæй кæрæдзимæ дæрддзæф лæууын.

Республикæйы разамынды ахæм карз мадзæлттæ райсыны сæр бахъуыд, вирусæй рынчынты нымæц мин æмæ æрдæгмæ кæй схызт, стæй  мæлыны цаутæ кæй фæфылдæр сты, уыдонимæ дохтырты ‘хсæн дæр, уый тыххæй.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.