Мадæлон æвзаг æмæ литературæмæ уарзт ныййарæджы фæстæ кæстæр иууыл тынгдæр бауарзы æмæ банкъары ахуыргæнæджы æрвылбонон аудындзинад æмæ архайды фæстиуæгæн. Уый фæрцы кæстæрæн райхæлы йæ хъуыдыкæнынад, алыварсон курдиат. Уыцы ахсджиаг хæс æмбаргæйæ, йæхи рады ахуыргæнæг фенкъары фылдæр бæрндзинад æмæ æппæт тыхтæ æмæ хъарутæй фæтырны, цæмæй ахуыргæнинæгтæ ноджы тынгдæр аныгъуылой ахуыры, адджын сын уа сæ мадæлон æвзаг æмæ йын иумæ рæзын кæной йæ хъомыс æмæ ахадындзинад. Ацы ахсджиаг æмæ æнæмæнгхъæуæг хæс зæрдыл даргæйæ, Цхинвалы районы Къостайыхъæуы астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ Плиты Заирæ æмæ Хъуылымбегты Маринæ дæр се ‘рвылбонон педагогон архайды кусынц ахуырдзаутæн сæ зонындзинæдтæ амоныныл.

Кæй зæгъын æй хъæуы, ахуыргæнæджы раз бирæ хæстæ ис, цæмæй ахуыргæнинагæн урочы æрмæг лæмбынæг æмæ æххæстæй бамбарын кæна. Уымæн бирæ гæнæнтæ æмæ амæлттæ ис, æмæ сæ ахуыргæнæг цас арæхдæр пайда кæна, уый бæрц сæм тагъддæр фæхæццæ уыдзæн, бамбардзысты йæ æнцондæрæй, бахъуыды йын кæндзысты йæ мидис. Цæстуынгæ фæрæзтæн стыр ахадындзинад кæй ис, уый зæрдыл даргæйæ, сæ ахуыргæнджытæ пайда кæнынц уæрæхæй. Фыццаг уал зæгъын хъæуы уый, æмæ сæ кабинет кæй у тынг зæрдæмæдзæугæ, сты дзы литературæйы къласикты нывтæ, стæй ма рухстауджыты къамтæ дæр æмæ  урок амоныны рæс-тæджы скъоладзаутæ зонгæ кæнынц семæ. Ирон литературæ æмæ литературон æвзаджы бындурæвæрæг Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайы къамимæ ам сты поэты уацмысты хъайтартæй Тугъанты Махарбеджы конд нывтæ, стæй, Къоста йæхæдæг цы нывтæ сфæлдыста, уыдон дæр. Афтæмæй ахуырдзау тынгдæр банкъары поэты стыр ахадындзинад, йæ зæрдæмæ æввахс-дæр айсы йæ уацмысты хъайтарты.

Ивгъуыд рæстæджы цаутæ æвдисгæйæ, ахуыргæнджытæ уроктыл фæпайда кæнынц æмæ сæ зæрдыл æрлæууын кæнынц нæ адæмы æрвылбонон цардуаг. Рæстæг куыд цæуы, афтæ нал пайда кæнæм, раздæр азты цы кусæнгæрзтæ æмæ дзаумæттæй пайда кодтой, уыдонæй. Ахæм рагон дзаумæттæ æмæ кусæнгæрзтæм ахæссын хъæуы къуымбилцæгъдæн, æлхуый, æлвисæн тæрх, тынуафæн, пирæн, фæтдзæгъдæн, цъæгъæдз, ирон цæвæг, æнгуылдзтæ, гутон, дзывыр, адæг,цыргъгæнæн сигæц, похци æмæ æндæртæ. Фæлæ уæддæр ахуыргæнæджы ахсджиаг хæс у æмæ сæ æмбарын кæна скъоладзаутæн. Уыдоны нывтæ дæр конд сты къулыл æмæ сæ бахъуаджы рæстæджы фæпайда кæнынц. Иудзырдæй, скъолайы мадæлон æвзаджы ахуыргæнджытæ хорз арæхсынц урочы æрмæг бацамонын æмæ бамбарын кæнынæн алыгъуызон цæстуынгæ æрмæджытæй. Уыдон дæр хорз зæрдæйы уагимæ æмбæлынц Ирон æвзаг æмæ литературæйы бæрæгбоныл.

                                                                                   ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.