№3-ӕм ӕвзарӕн зылд
Райгуырд 1970 азы 25 майы г. Цхинвалы. 1976 азы сентябры мæйы бацыд г. Цхинвалы 8-æм скъолайы 0 къласмæ. Ахуыр адарддæр кодта 9-æм астæуккаг скъолайы æмæ йæ каст фæцис 1987 азы.
1990 азы июны мæйы йæ ахуыр адарддæр кодта Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты, кæцы каст фæцис 1995 азы. Диплом – экономист.
1987-1988 азты куыста арæзтадон организацийы СМП-321, г. Мæскуы.
1988-1990 азты – Советон Æфсады службæ.
1995-2004 азты – г. Мæскуы, амалиуæггæнæг.
2004 азы августæй 2005 азы октябрмæ – Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты æмæ Хъахъхъæнынады Министрады минометон батареяйы командир.
2005 азы октябрæй 2007 азы мартмæ – Хуссар Ирыстоны уæлвæткон уавæрты æмæ Хъахъхъæнынады Министрады хæстон хайады цæттæгæнæны хистæр афицер.
2007 азы мартæй 2008 азы августмæ – Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады Министрады хæстон хайады цæттæгæнæны сæргълæууæг.
2008 азы августы – РХИ Ленингоры районы комендант.
2008 азы декабрæй 2010 азы сентябрмæ – Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты Министрады сæйраг специалист.
2010 азы сентябрæй 2016 азы мартмæ æгуыст.
2016 азы мартæй абонмæ РХИ-йы районы Администрацийы сæйраг специалист.
Хорзæхджын æрцыд «Ирыстоны сæрвæлтау» майданæй. РХИ-йы Хъахъхъæнынады Министрады майор.
Бинойнаг – Мæргъиты Инна Валерийы чызг. Хъомыл кæны дыууæ лæппуйы.
Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.