ЦХУЫРБАТЫ ЭЛЬБРУС ХЪАЗБЕДЖЫ ФЫРТ 

№8  æвзарæн зылд

Райгуырд 1970 азы 27-æм январы. Каст фæцис Цхинвалы 2-æм астæуккаг скъола. Скъола каст фæуыны фæстæ 1987-1988 азты куыста завод «Эмальпровод»-ы слесарæй. 1988-1993 азты ахуыр кодта Хуссар Ирыстоны Паддзахадон педагогон институты хими æмæ биологийы факультеты. Уыцыиу рæстæджы 1992 азы 18-æм майы службæ кодта РХИ-йы Мидхъуыддæгты Министрады милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды. 2003 азы 18-æм ноябры йæхи куырдиатмæ гæсгæ сæрибар æрцыдтæн 3-æм ротæйы командиры бынатæй.

2004 азы службæ кæнын райдыдта РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрады 10-æм æхсæг батальоны сæрмагонд сконды номхыгъдмæ 4-æм ротæйы командирæй бынатмæ. 2004 азы 1-æм ноябры раконд æрцыд РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрады Цъорбисы хицæн æхсæг ротæйы командирæй. 2009 азы 1-æм февралы раконд æрцыд развæдсгарæн хайады æфсæддон развæдсгæрсты хистæры бынатмæ. 2009 азы 1-æм сентябры сæрибар æрцыд йæхи фæндонмæ гæсгæ. 2013 азы нысан æрцыд Цхинвалы районы милицийы хистæрæй. 2015 азы 1-æм июлы раконд æрцыд РХИ-йы Мидхъуыддæгты министрады фæндагон æдасдзинады управленийы хистæры бынатмæ. 2017 азы 28-æм сентябры булкъоны номимæ сæрибар æрцыд Мидхъуыддæгты органтæй пенсийы кæй ацыд, уый тыххæй. Ис ын РХИ-йы Паддзахадон хорзæхтæ: «РХИ-йы 15 азы сæххæсты цытæн», «Фыдыбæстæ Хъахъхъæнæджы»-ы майдантæй. Афтæ ма йын ис УФ-йы Мидхъуыддæгты министрады мидведомствæйон хорзæхтæ. Фыццаг къæпхæны «За отличие в службе ГИБДД». Хъомыл кæны дыууæ сывæллоны.

  ГАГЛОЙТЫ МАЛХАЗ НУГЗАРЫ ФЫРТ

№6 æвзарæн зылд

Цӕуын Парламентмӕ, цӕмӕй хайбавӕрд бахӕссон ӕмбӕстӕгты цард фӕхуыздӕр кӕнынмæ, закъондзинад ӕмӕ уагӕвӕрд сфидар кӕныны тыххӕй.

Уӕлдай хъусдард здахдзынӕн фӕсивӕды уавӕрмӕ, ацы фарстыл бындуриуӕггӕнгӕйӕ, ӕрӕвӕрдзынӕн ног куысты бы-нӕттӕ саразыны фарст.

Ӕрбӕстон кӕнын, ме ‘вза-рæн зылдмæ кӕдон хауынц, уыцы ӕнӕуӕрст цӕрӕнуӕтты фарст.

Хӕрзвадатмӕ ӕркӕнын зылды цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарад – хӕдзӕрттӕм бахизӕнтӕ, кӕрттӕ, сывӕллӕтты ӕмӕ спортивон фӕзуӕттӕ саразын.

Зылды бирӕ пырх ӕмӕ зӕронд хӕдзӕрттӕ кӕй ис, уыдон хынцгӕйӕ, ацы фарст ӕвӕрдзынӕн, цӕмӕй тагъд рӕстӕджы ӕмӕ бӕстонӕй скъуыддзаг ӕрцӕуа.

Афтӕ ма фарст ӕрӕвӕрдзынӕн, цӕмӕй ныры закъондӕттынадмӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссой цӕрджытӕн кредиттӕ райсыны хъуыддаг фӕхуымӕтӕгдӕр кӕныны тыххӕй, афтӕ ма пенситӕ ӕмӕ цӕрджытӕй ӕнӕхъахъхъӕд адӕмӕн ӕххуыс фӕфылдӕр уа.

БИГЪУЫЛАТЫ ОЛЕГ БАРИСЫ ФЫРТ

№10 ӕвзарӕн зылд

Куыд   республикæ    Хуссар    Ирыстоны    экономикæйы    сæйраг   æмæ   реалон сектор, афтæ  хъæууон   хæдзарадæн    æппæтварсон    æххуыс    кæнын   нырыккон этапыл.

ГОДЖЫЦАТЫ НЕЛЛИ СИМОНЫ ЧЫЗГ

№ 5 æвзарæн зылд

Райгуырд 1968 азы 18 январы Хуссар Ирыстоны Автномонон областы Цхинвалы районы Хъларсы хъæуы.

1987 азы каст фæци Цхинвалы хъæууонхæдзарадон техникумы бухгалтеры хайад.

1989-1990 азты куыста Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты лаборантæй, стæй та рауагъдад «Ирыстон»-ы корректорæй.

1990-1995 азты ахуыр кодта Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты ирон филологи æмæ журналистикæйы факультеты.

1998 азæй куыста Æппæтирон æхсæнадон совет «Стыр ныхас»-ы референтæй.

2001- 2003 азты уыд газет «Аланты ныхас»-ы уацхæссæг.

2014  азы райдыта кусын газет «Хурзæрин»-ы тæлмацгæнæгæй.

2017 азæй абоны онг Годжыцаты Нелли кусы газет «Хурзæрин»-ы сæйраг редакторы хæдивæгæй.

Мæ куыст, мæ архайд саразинаг дæн нæ мадæлон æвзаг, нæ адæмы хæрзæгъдау æмæ нæ фыдæлты фарны бындурыл. Хъуамæ нæм мауал уа мæгуыр æмæ æвæгæсæг адæм, æнæркаст хистæртæ, æгоммæгæс кæстæртæ. Хъуамæ не ‘взагыл дзурын фæразæм æнæферхæцгæйæ, хъуамæ зонæм æмæ æмбарæм, чи стæм, ма ферох кæнæм нæ ив-гъуыд æмæ фæндвидарæй цæуæм нæ фидæнмæ, аудæм нæ историон бынтыл, агурæм хуыздæр, ифтонгдæр царды амæлттæ, архайæм ууыл, цæмæй не ‘хсæн мауал уа æнæхæдзар æмбæстæгтæ, аргъ кæнæм нæ хистæртæн, аудæм сыл, аразæм сын æвæлмæцгæ царды уавæртæ, амонæм рæстдзинады фæндæгтæ нæ кæстæртæн, уарзын сын кæнæм зын, фæлæ арфæйаг фæндагыл цæуын.

Нæ адæмы историон ивгъуыдæн хъуамæ конд æрцæуа раст аргъ, уымæн æмæ æбæрæг ивгъуыдæй фидæнмæ фæндæраст ничи фæуыдзæн. Æддагон агрессивон политикæйæн хъуамæ йæ ныхмæ æвæрд æрцæуа раст æмæ æрвонг хъуыдыджын мидæггагон политикæ. Æмæ æппæт адæттæ хъуамæ ахъаз уой нæ адæмы бирæ цæрæнбон æмæ бирæ нымæцæн!

Равзарут раст, уæхи номы кадæн нæ, фæлæ уæ фæстагæттыл аудгæйæ! Хонын уæ ног фидæнмæ!  

ЗАССЕТЫ  АЛАН  ТАЙМУРАЗЫ  ФЫРТ

№ 7 æвзарæн зылд

Райгуырд горæт Цхинвалы 1984 азы 8-æм марты.

2003 азы каст фæцис Цхинвалы фæндзæм астæуккаг скъола. 2008 азы каст фæ-цис ХИПУ-йы, «Автомобил хæдзарад»-ы специализаци.

2007-2009 азты службæ кодта РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрады. У 2008 августы мæйы хæстон архайдтыты архайæг. У профессионалон спортсмен æмæ Уæрæсейы Федерацийы спорты мастер. 2015 азы Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты цытæн уæгъдибар хъæбысхæсты фæдыл дунеон турниры организатор. Кусы ныры спортсментимæ. Арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «РОМАЛ»-ы генералон директорæй кусгæйæ сцалцæг кодта Мамсырайы фырты уынджы магистралон коммуникацитæ.

Ис ын цардæмбал.

Хъомыл кæны дыууæ сывæллоны.

ЦХУЫРБАТЫ ГАМЛЕТ СУРЕНЫ ФЫРТ

№ 12 æвзарæн зылд

Райгуырд 1975 азы Дзауы районы Мсхлебы хъæуы. 1993 азы каст фæцис Дзауы астæуккаг скъола-интернат. 1993 азы ахуырмæ бацыд ХИПУ-йы экономикон факультетмæ æмæ йæ каст фæцис 1999 азы. 2000 азæй 2019 азмæ куыста Республикæ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады алыгъуызон бынæтты. Ис ын ведомствæйон хорзæхтæ. 2019 азы февралæй рацыд отставкæйы. Ныртæккæ нæ кусы. Ис ын цардæмбал æмæ дыууæ сывæллоны.

Йæ девиз: Рæстдзинад. Райгуырæн бæстæ. Адæм.

  ЧЕХОЙТЫ ӔХСАР СЕРГЕЙЫ ФЫРТ

№14 ӕвзарӕн зылд

Райгуырд 1954 азы Знауыры районы Знауыры хъӕуы. 1971 азы каст фӕцис Знауыры астӕуккаг скъола. 1972-1974 азмӕ службӕ кодта советон ӕфсады рӕнхъыты. 1978 азы каст фӕцис ССРЦ-йы Мидхъуыддӕгты министрады Орловы милицийы сӕрмагонд астӕуккаг скъола юриспруденцийы дӕсныйадыл, уый фӕстӕ каст фӕцис г. Тбилисы гуманитарон-экономикон институты юридикон факультет барад зонынады дӕсныйад. 1978-2014 азты службӕ кодта РХИ-йы Мидхъуыддӕгты министрады. 1989-1992 азты уыд хӕстон ар-хӕйдтыты активон архайӕг. 2014 азы йӕ кармӕ гӕсгӕ ацыд отставкӕйы дӕлбулкъоны чиныл. РХИ-йы Мидхъуыддӕгты министрады рӕнхъыты службӕ кӕнгӕйӕ хорзӕхджын ӕрцыд «Хорз службӕйы тыххӕй» майданӕй ӕппӕт ӕртӕ къӕпхӕнӕй, «Службӕйы сгуыхтдзинӕдты тыххӕй» майданӕй ӕмӕ ӕнд. 2015 азы хорзӕхджын ӕрцыд «РХИ-йыл 25 сӕххӕсты цытӕн» майданӕй.

2004 азы ӕвзӕрст ӕрцыд IV-ӕм ӕрсидты РХИ-йы Парламенты депутатӕй. Чехойты Ӕхсары ӕнтыстджын депутатон архайды фӕрцы Знауыры районы арӕзт ӕмӕ цалцӕг ӕрцыдысты электроифтонгады хӕххытӕ, сцалцӕг кодта фӕндӕгтӕ хъӕутӕм, афтӕ ма сарӕзта Пронейы доны сӕрты Оконамӕ хид ӕмӕ бирӕ ӕндӕртӕ.

ИКЪОТЫ ВЛАДИМИР

№14 ӕвзарӕн зылд

ДЖИОТЫ АЛЕКСИ МИХАИЛЫ ФЫРТ

№13 ӕвзарӕн зылд

БÆЗЗАТЫ ВАДИМ

№13 ӕвзарӕн зылд

    

КОЗАТЫ УШАНГ МУХТАРЫ ФЫРТ

 №15 ӕвзарӕн зылд

Райгуырд 1952 азы Знауыры районы Бехъмары хъӕуы.

1969 азы каст фӕцис Хъорнисы астӕуккаг скъола.

1970-1972 азты службӕ кодта Советон Ӕфсады рӕнхъыты.

1973 азы ахуырмӕ бацыд Барнаулы арӕзтадон техникуммӕ, кӕцы каст фӕцис 1976 азы ӕмӕ райста сӕудӕджерадон-ӕхсӕнадон арӕзтады техник-аразӕджы професси.

Ныртӕккӕ кусы Паддзахадон унитарон куыстуат «Дорэскпострой»-йы фадыджы хистӕрӕй.

Гуырдзиаг-хуссарирыстойнаг хӕсты рӕстӕджы сгуыхтдзинӕдты тыххӕй хорзӕхджын ӕрцыд майдан «Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕг»-ӕй.

Ис ын бинонтӕ ӕмӕ ӕртӕ сывӕллоны.

   ДРЯТЫ ГИЯ ШОТАЙЫ ФЫРТ

№17 æвзарæн зылд

Райгуырд 1962 азы.

1979 азы каст фӕцис Ленингоры районы Ор-чъосаны хъӕуы астӕуккаг скъола. 1981 азӕй 1983 азмӕ службӕ кодта Советон Ӕфсады рӕхъыты Республикӕ Афганистаны. Хӕстон сгуыхтдзинӕдты тыххӕй бирӕ хӕттыты хорзӕхджын ӕрцыд майдантӕ ӕмӕ грамотатӕй.

1984 азӕй 1987 азмӕ куыста Хуссар Ирыстоны автономон областы мидхъуыддӕгты органты. 1987 азӕй 1991 азмӕ ахуыр кодта Мӕскуыйы ССРЦ Мидхъуыддӕгты министрады милицийы уӕлдӕр скъолайы, 1991 азӕй 2018 азмӕ куыста РХИ-йы Мидхъуыддӕгты министрады органты ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр бӕрнон бынӕтты.

У РХИ-йы Мидхъуыддӕгты министрады барадхъахъхъӕнӕг органты сгуыхт кусӕг. Бирӕ хӕттыты хорзӕхджын ӕрцыд ведомствӕйон ӕмӕ паддзахадон хорзӕхтӕй. Рӕстӕгмӕ нӕ кусы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.