УАЛЫТЫ ИБРАГИМ ХАЗБИЙЫ ФЫРТ

№9 æвзарæн зылд

«ИУМÆ  АРАЗÆМ

 НÆ  ФИДÆН!»

ХУЫГАТЫ АНАТОЛИ СЕСЕЙЫ ФЫРТ

№13 ӕвзарӕн зылд

Райгуырд Цхинвалы районы Монастъеры хъӕуы. 1973 азы каст фӕцис Дзауы астӕуккаг скъола-интернат.

1974 азӕй 1976 азмӕ службӕ кодта Советон Ӕфсады рӕнхъыты.

1981 азы каст фӕцис Хуссар Ирыстоны пединституты ирон-фӕсарӕйнаг факультет.

1981 азы кусынмӕ ӕрвыст ӕрцыд Кировы астӕуккаг скъоламӕ ахуыргӕнӕ-гӕй.

1985 азы йӕ партийы Хуссар Ирыстоны Обком ахуыр кӕнынмӕ арвыста оперативон кусджытӕ цӕттӕ кӕныны фӕдыл ССР Цӕдисы мидхъуыддӕгты министрады Саратовы уӕлдӕр курсытӕм. Уыцы аз ӕй Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрад Къуайсайы поселокмӕ арвыста оперативон бӕрнджынӕй.

1995-2003 азмӕ куыста Къуайсайы мидхъуыддӕгты хайады хисдӕрӕй.

2003 азы раконд ӕрцыдис РЦИ-Аланийы Юстицийы министрады ӕртыккаг колонийы хайады хисдӕрӕй.

2007 азы ногӕй кусын райдыдта Къуайсайы мидхъуыддӕгты хайады хисдӕрӕй.

2016 азы милицийы булкъоны чины ацыд пенсийы.

Хорзӕхджын у РХИ ӕмӕ РЦИ-Аланийы Паддзахадон хорзӕхтӕй.

Ис ын цардӕмбал, у ӕртӕ сывӕллоны фыд.

ТЕДЕТЫ МАХАРБЕГ ЕФИМЫ ФЫРТ

№15 æвзарæн зылд

Зынаргъ ӕвзарджытӕ!

Цӕсгомджынӕй цӕуын Хуссар Ирыстоны Парламентмӕ депутатты ӕвзӕрстытӕм иумандатон кандида-тӕй. Ис мын сӕрмагонд программӕ, цыран дзырд цӕуы, депутат суӕвгӕйӕ мӕ разылӕууӕг фарстытӕ ӕмӕ проблемӕтӕ аиуварс кӕныны метод-тыл. Парламенты депутат хъуамӕ алы сессийы дӕр бӕрзонд трибунӕйӕ хъусын кӕна цӕрджыты риссаг фарстытӕ. Адӕмы цардыл дзурын хъӕуы ӕрвылбон дӕр ӕмӕ алкӕцы адӕймаджы дӕр хъуамӕ ныфс уа, йӕ равзаргӕ депутатӕй. Ӕз разы нӕ дӕн къордтӕ дихтӕгонд депутатты скондыл, мах хъуамӕ уӕм ӕмвӕнд ӕмӕ ӕмзонд. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ сӕйраг у, рӕстдзинад ӕмӕ уды сыгъдӕгдзинад. Ӕз архайдзынӕн, цӕмӕй Парламент йӕ хъус дара иумиаг ӕхсӕнадон фӕт-кӕвӕрдмӕ. Тох кӕндзынӕн мӕнгард ӕмӕ фӕлдыст адӕй-мӕгты ныхмӕ. Фӕсивӕдӕн скӕнын хъӕуы куысты уавӕртӕ, саразын хъӕуы конкретон программӕтӕ хъӕууон хӕдзарад райрӕзынӕн. Проблемӕтӕ ӕмӕ фарстытӕ фагӕй фылдӕр, фӕлӕ сыл дзурӕг нӕй. Уӕдӕ кӕд саккаг кӕнат ӕмӕ мӕнӕн схъӕлӕс кӕнат, уӕд мыл уӕ зӕрдӕ дарут ӕмӕ уӕ фидарӕй уырнӕд, ӕз адӕмы депутат кӕй уыдзынӕн, уый.

ДЗАБИТЫ  ВЯЧЕСЛАВ ВЛАДИМИРЫ ФЫРТ

№17 æвзарæн зылд

Дзабиты Владимиры фырт Вячеслав – ахуыргонд-экономист, райгуырд 1978 азы сахар Цхинвалы.

1995-1998 азты  службӕ кодта РХИ-йы Хъахъхъӕнынады министрады.

1996 азы фӕцис Цхинвалы астӕуккаг скъола №9.

1998 азы рацыди РХИ-йы Хъахъхъӕнынады министрады афицер бацӕттӕкӕныны курсытӕ.

2001 азы фӕцис ахуыр Хетӕгкаты Къ.Л. номыл ЦИПУ «экономист-менеджер»-ы дӕсныйадыл сахар Владикавказы.

2001-2002 азты куыста РХИ-йы Паддзахадон экономикӕйы Комитеты социалон- экономикон райрӕзты хайады консультантӕй.

2002-2003 азты РХИ-йы Паддзахадон экономикӕйы Комитеты социалон-экономикон райрӕзты хайады сӕргълӕууӕгӕй.

2002 азӕй нырмӕ йӕ дыккаг куыст – Уанеты З.Н.номыл ХИЗИИ-йы экономикӕйы хайады раздзӕуӕг экономист.

2003 аз РХИ-йы Экономикӕйы министрады экономикӕ реформӕкӕныны хайады сӕргълӕууӕгӕй.

2003-2006 азты РХИ-йы Экономикӕйы министрады макроэкономикон анализ, прогноз кӕнын, иугонд финансон балансты ӕмӕ ӕргъты мониторинг кӕныны хайады сӕргълӕууӕг.ф

2006-2007 азты Хицауадон Унитарон Куыстуаты «Цхинвалы Хъӕдкомбинат»-ы сӕргълӕууӕгӕй.

2008-2013 азты РХИ-йы ӕрцӕуӕг Ӕхсӕнадӕмон Сырх Дзуары комитеты экономикон хихъахъхъӕнынады быдырон афицер.

2014-2017 азты РХИ-йы Информаци ӕмӕ мыхуыры паддзахадон комитеты финансон- экономикон хайады сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг.

2017 азӕй нырмӕ – РХИ-йы Президенты Администрацийы цур Информацион-аналитикон Фӕткдаруаты аналитикон  хайады  сӕргълӕууӕг.

2018 азы ӕвӕрд ӕрцыд РХИ-йы Уынаффӕ «Стыр Ныхас»-ы цур социалон фарстатыл Комитеты сӕргълӕууӕгӕй.

Активон зонадон архайды тыххӕй хорзӕхджын ӕрцыд паддзахадон Цыты грамотӕтӕй.

Ис ын бинойнаг ӕмӕ ӕртӕ сывӕллоны.

ГÆБÆРАТЫ РОЛАНД ФИЛИПЫ ФЫРТ

№14 ӕвзарӕн зылд

Знауыры районы зæххытæ скусын кæнæм, куысты бынæттæй сифтонг кæнæм адæмы.

ТАСОЙТЫ ИНАЛ АЛАНЫ ФЫРТ

№15 æвзарæн зылд

Хъæутæн хъæуы тынг æххуыс, цæмæй ма  сыдзæрæг уой!

 Хъæутæ  куы  сыдзæрæг уой, уæд Ирыстон фесæфдзæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.