№3-ӕм ӕвзарӕн зылд

Райгуырд 1970 азы 25 майы г. Цхинвалы. 1976 азы сентябры мæйы бацыд г. Цхинвалы 8-æм скъолайы 0 къласмæ. Ахуыр адарддæр кодта 9-æм астæуккаг скъолайы æмæ йæ каст фæцис 1987 азы.

1990 азы июны мæйы йæ ахуыр адарддæр кодта Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты, кæцы каст фæцис 1995 азы. Диплом  –  экономист.

1987-1988 азты куыста арæзтадон организацийы СМП-321, г. Мæскуы.

1988-1990 азты – Советон Æфсады службæ.

1995-2004 азты – г. Мæскуы, амалиуæггæнæг.

2004 азы августæй 2005 азы октябрмæ – Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты æмæ Хъахъхъæнынады Министрады минометон батареяйы командир.

2005 азы октябрæй 2007 азы мартмæ – Хуссар Ирыстоны уæлвæткон уавæрты æмæ Хъахъхъæнынады Министрады хæстон хайады цæттæгæнæны хистæр афицер.

2007 азы мартæй 2008 азы августмæ – Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады Министрады хæстон хайады цæттæгæнæны сæргълæууæг.

2008 азы августы – РХИ Ленингоры районы комендант.

2008 азы декабрæй 2010 азы сентябрмæ – Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты Министрады сæйраг специалист.

2010 азы сентябрæй 2016 азы  мартмæ  æгуыст.

2016 азы мартæй абонмæ  РХИ-йы районы Администрацийы сæйраг специалист.

Хорзæхджын æрцыд «Ирыстоны сæрвæлтау» майданæй. РХИ-йы Хъахъхъæнынады Министрады майор.

Бинойнаг – Мæргъиты Инна Валерийы чызг. Хъомыл кæны дыууæ лæппуйы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.