Æмбæстæгты хæрзиуæгад æмæ фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæныны фадыгмæ хъусдарыны фæдыл комитетæй куыд хъусын кæнынц, уымæ гæсгæ 20 апрелмæ Хуссар Ирыстоны ног коронавирусон инфекцийæ фæрынчыны иунæг цау дæр не ‘рцыд хынцыд. Комитеты сæрдары хæдивæг Гаглойты Аннæйы ныхæстæм гæсгæ, медицинон уагдæтты дохтырты хъусдарды бын сты 24 адæймаджы. Уыдон сты Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ, кæцытæ республикæйы къухдариуæгады активон архайды руаджы сæ райгуырæн бæстæмæ æрыздæхтысты Уæрæсейы территорийæ.

Республикон бирæпрофилон медицинон центры карантины сты 26 шофыры, авд адæймаджы та – рынчындоны инфекцион хайады, уыдонæй дыууæ – карантины, иннæ фондз та сты алыгъуызон клиникон фæзындтытимæ рынчынтæ.

Гаглойты Аннæ  куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ хæдзарон уавæрты хиизоляцийы ис æрмæстдæр 14 адæймаджы. Республикæйы ног коронавирусон инфекци рабæрæг кæныны нысанæн цы 134 тесты арæзт æрцыд, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр ис æппæрццаг фæстиуджытæ.

Фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ, махæй алчи дæр хæсджын æмæ бæрнджын у, цæмæй æххæст кæнæм хи бахизыны æмæ стæй та нæ алфæмблай адæмы ацы инфекцийæ бахъахъхъæныны мадзæлттæ. Уымæн æмæ ацы вирусон инфекци йæ фæстæ уадзы уæззау фæстиуджытæ – хъыгдард æрцæуынц рæуджытæ.

Нæ республикæйы къухдариуæгады архайдтытæ здæхт сты уымæ,  цæмæй ацы æнæхайыры вирус ма æрбаирвæза нæ бæстæмæ. Уый тыххæй нæ бæстæмæ фæндæгтæ сты æхгæд, куыд  цæгатварсæй, афтæ – хуссарæй.

Роспотребнадзоры Цæгат Ирыстоны управлени куыд хъусын кæны, уымæ гæсгæ иу бонмæ фæрынчын сты 32 адæймаджы æмæ сæ иумиаг нымæц у 177. Рынчынтæй 23 адæймагæн хос цæуы рынчындоны, 9 адæймаджы ныридæгæн сты æнæниз, 143 та сты рог рынчынтæ æмæ хос кæнынц хæдзарон уавæрты, хъыгагæн, дыууæ адæймаджы фæзиан ацы низæй.

Ныртæккæ Цæгат Ирыстоны медицинон хъусдарды бын æмæ хиизоляцийы сты 1075 адæймаджы. Медицинон хъусдардæй ист æрцыдысты 2007 адæймаджы.

Ацы низ апарахат кæнынæн сæйраг ныхдур у, адæм хæдзæрттæй æддæмæ æнæ хъуыддагæй кæй нæ хизынц, стæй чи рахизы, уыдон та санитарон æмæ гигиенæйы нормæтæ кæй хъахъхъæнынц, уый. Ацы фæзынд рæстæгмæ у, æмæ нæм уадз уыйас хъарутæ æмæ тыхтæ разынæд, цæмæй адæм фæразой изоляцийы бадын, уымæн æмæ уымæй нæхи дæр хъахъхъæнæм æмæ не ‘ввахс адæмы дæр.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.