Ардбахæрды цытджын ритуал уагъд æрцыд хуыцаубоны Цхинвалы, Кады Аллеяйы «Æнусон арт»-ы раз. Фыдыбæстæйыл æнувыддзинады тыххæй ард бахордтой хуссарирыстойнаг курсанттæ, кæцытæ ацы аз ахуыр кæнынмæ бацыдысты УФ-йы Хъахъхъæнынады министрады ахуырадон уагдæттæм, афтæ ма 2019 азы уалдзыгон æрсидты æрсиддонтæ, – хъусын кæны Хъахъхъæнынады министрады пресс-службæ.

Цытджын ритуал, традицимæ гæсгæ, уагъд æрцыд Хъахъхъæнынады министр инæлар-лейтенат Гассеты Ибрагимы командакæнынады бын, министры хæдивджыты, ведомствойы Управленийы, Гарзджын тыхты генералон штабы афицерты, дæлхæйæдты æфсæддон службæгæнджыты хайадистæй.

Мадзалы хайад райстой премьер-министр Пухаты Эрик, хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинады фæдыл парламентон комитеты сæрдар Бибылты Ацæмæз, Паддзахадон æдасдзинады комитеты сæрдар Олег Ширан, Мидхъуыддæгты министрады Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды командир Плиты Игорь, курсантты æмæ ногæрсиддонты хиуæттæ æмæ æмбæлттæ.

«…Ард хæрын мæ Райгуырæн бæстæ æхсарджынæй кæй хъахъхъæндзынæн æмæ фæстаг сулæфты онг мæ адæмыл æнувыд кæй уыдзынæн, уый тыххæй. Алы хатт дæр цæттæ уыдзынæн æхсарджынæй, аккагæй æмæ намысимæ Фыдыбæстæ бахъахъхъæнынмæ».

Курсанттæм æмæ ногæрсиддонтæн арфæйы ныхæстæ загъта Хъахъхъæнынады министр Гассеты Ибрагим.

«Æмбæлттæ салдаттæ, абон сымах уæ царды сарæзтат ахсджиаг къахдзæф, Фыдыбæстæйыл æнувыддзинады тыххæй ард бахæргæйæ. Фыдыбæстæ хъахъхъæнын у алкæцы æмбæстаджы, алкæцы нæлгоймаджы хæс. Уыдон æрмæст рæсугъд ныхæстæ не сты. Сæ фæстæ лæууы нæ Райгуырæн бæстæйы истори, кæцы фыст у хистæр фæлтæрты тугæй. Уыцы ныхæсты фæстæ лæууы нæ абоны реалондзинад  æмæ уыцы реалондзинадæн сымахæй алчи дæр у Фыдыбæстæйы салдат, кæцымæ абон ныфсимæ кæсынц сæдæгай æмæ мингай цæстытæ», – загъта уый.

Курсанттæ æмæ салдаттæн Хъахъхъæнынады министры  бафæндыд Райгуырæн бæстæимæ æнæфæхицæнгæнгæ бастдзинад, кæмфæнды дæр ма уой æмæ цахæмфæнды хæслæвæрд дæр ма æххæст кæной, уæддæр. Уый сын раарфæ кодта, цæмæй уыдон сæ зæрдыл дарой, кæй сты Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ æмæ йæ Гарзджын тыхты минæвæрттæ.

Гассеты Ибрагим бузныджы ныхæстæ загъта республикæйы къухдариуæгадæн, æфсæддонтæн æппæт уавæртæ саразыны, æмæ æрсиддонты æмæ курсанты ный-йарджытæн та, Райгуырæн бæстæйы æцæг хъахъхъæнджыты кæй схъомыл кодтой, уый тыххæй.

Уæлдæр сæйраг командæгæнæджы но-мæй курсанттæ æмæ салдаттæн раарфæ кодта премьер-министр Пухаты Эрик. Йæ цæст сын бауарзта æнтыстытæ се службæйы æмæ цæмæй аккаг уой сæ хистæр æмбæлттæн.

Ныййарджыты номæй цытджын церемонийы бузныджы ныхæстæ загъта  æрсиддонтæй сæ иуы фыд – Цхуырбаты Кавказ. Уый арфæ ракодта Хъахъхъæнынады министрады къухдариуæгадæн, командиртæн, кæцытæ салдаттæ æмæ курсантты бацæттæ кодтой ардбахæрдмæ.

Хъахъхъæнынады министрады хистæр афицертæ æмæ командæкæнынадæн, цыт-джын церемонийы рæстæджы бузныджы ныхæстæ загътой сæхæдæг курсанттæ æмæ салдаттæ дæр.

Кæронбæттæны Хъахъхъæнынады министрады Управленийы, Генералон штабы, Гарзджын тыхты дæлхæйæтты парадон расчеттæ цытджын маршæй рацыдысты Кады Аллеяйы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.