Уæрæсейы Конституцимæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй куыд æппæт Уæрæсейы Федерацийы, афтæ Хуссар Ирыстоны дæр баконд æрцыд  æвзарæн фадыг Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы минæварады бæстыхайы. Кæд 1 июлы сты æвзæрстытæ, уæддæр пандемийы тыххæй санитарон нормæтæ æххæст кæныны нысанæн æвзарæн фадыг кусын райдыдта развæлгъау.

Æвзæрстыты активон хайад райсыны нысанæн                                                                                                                                                                                                              республикон æхсæнадон змæлд «Адæмы ныфс»-ы минæвæрттæн уыд æмбырд. Мадзалы раныхас кодта æхсæнадон змæлды лидер Гæджиты Радион. Уый банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстонæн ацы хъæлæсæппæрст цас ахсджиаг у, ууыл дзурын нæ хъæуы, уымæн æмæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн сæ фылдæр хай Уæрæсейы æмбæстæгтæ дæр сты æмæ уым цы цаутæ цæуы, уыдон æндавынц Хуссар Ирыстоныл дæр.

«Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты фылдæр Уæрæсейы æмбæстæгтæ кæй сты, уымæй мах сæрыстыр стæм. Проблемæтæй дæр æмæ æнтыстытæй дæр Уæрæсейы цы æрцæуы, уыдон æнæмæнгæй бандавынц нæ республикæйыл дæр. Уæрæсе тыхджын куы уа, уæд Хуссар Ирыстон дæр тыхджын уыдзæн. Уæрæсеимæ Ирыстон дæр фидарæй фидардæр кæндзæн», – загъта æхсæнадон змæлды лидер.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, не ‘хсæнады ис, бæрæг бынæтты чи кусы æмæ Уæрæсейы Федерацийы Конституцимæ ивындзи-нæдтæ бахæссыныл чи дызæрдыг кæны, ахæм адæймæгтæ.

«Лæмбынæг бакастæн, Уæрæсейы Федерацийы Конституцимæ цы барасткæнинæгтæ хъуамæ æрцæуа хаст, уыдон.  Æз афтæ нымайын, æмæ  Уæрæсейы æмбæстæгтæ уыцы барасткæнинæгтæ куы æххæст кæной, уæд сæм хорз фидæн æнхъæлмæ кæсы», – банысан кодта Гæджиты Радион.

Уый фæстæ сæ хъуыдытæ загътой æхсæнадон змæлды  иннæ уæнгтæ дæр.

«Мах абон уый тыххæй нæ æрæмбырд стæм, æмæ искæй агитаци кæнæм. Мах фидарæй уырны ирон адæмы фылдæр хай хъæлæс кæй ратдзæн Уæрæсейы Федерацийы Конституцимæ ивындзинæдтæ бахæссыны пайдайæн», – банысан кодта Хуссар Ирыстоны сгуыхт инженер-аразæг Харебаты Леонид.

Йæ хъуыдымæ гæсгæ, Уæрæсейы Конституци æрмæст уæрæсейæгты закъон нæу, фæлæ ма у Хуссар Ирыстоны, Абхазы æмæ Уæрæсейæ чи ахицæн, æмæ абон фæстæмæ уый скондмæ чи бæллы, уыцы адæмты  закъон дæр.

«Мæн уырны, æмæ уыцы барасткæнинæгтæ ног, хуыздæр æмвæзадмæ ракæндзысты æрмæст уæрæсейгты цард нæ, фæлæ хуссайраг ирæтты цард дæр. Æз не ‘мбарын, ивындзинæдты ныхмæ чи сты, уыцы адæймæгты. Мæнмæ гæсгæ, уыдон сты æрмæст Уæрæсейы знæгтæ нæ, фæлæ Хуссар Ирыстоны знæгтæ дæр. Уыдон сты гуырдзиаг фашистты фарсхæцджытæ. Уыдон сæ марг калынц æнæхъæн Ирыстоныл æмæ нын нæ ном чъизи кæнынц», – банысан кодта зындгонд инженер-аразæг Харебаты Леонид.

Уый бузныджы ныхæстæ загъта Уæрæсейы Президент Владимир Путины адресыл, хуыздæр цард, хуыздæр политикæ ныббиноныг кæнынæн фадат чи дæтты, Уæрæсейы Федерацийы Конституцимæ ахæм ивындзинæтæ бахæссыны тыххæй.

«Мæн уырны, æмæ ацы барасткæнинæгты руаджы фæбæ-рæгдæр уыдзысты раздæры Советон Цæдисы хуыздæр миниуджытæ. Депутатты ‘хсæн дæр æмæ не’мбæстæгты ‘хсæн дæр ис иугай адæймæгтæ, кæцытæ сты уыцы ивындзинæдты ныхмæ, уымæн æмæ уыцы адæймæгтæ лæггад кæнынц, Ирыстон кæнæ Уæрæсейы адæмæн нæ, фæлæ – Гуырдзыстонæн. Мæн уырны, æмæ æрмæст  не ‘хсæнадон змæлды минæвæрттæ нæ, фæлæ сæ бинонтæ, сæ хæстæджытæ, Ирыстоны патриоттæ æрцæудзысты æмæ хъæлæс ратдзысты хъомысджын Уæрæсе æмæ фидар Ирыстоны пайдайæн», – загъта  Харебаты Леонид.

«Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ бирæтæ хъуыды кæнынц 90-æм азтæ. Уыдон уыдысты  тæссаг рæстæджытæ, уæлдайдæр та махæн. Уыцы азты Хуссар Ирыстоны цыд хуссайраг ирæтты скуынæг кæныны тыххæй хæст. Афтæ хуыйнæг «Ельцины Конституци» дæр цахæм политикон уавæрты ист æрцыд, уый дæр хорз æмбарæм. Ныгуылæн Европæ уæд хъавыд Уæрæсейы  40-45 чысыл хæйт-тыл ныддихтæ кæнын. Уый тыххæй æргом дзырдæуыд,   уы-цы хъуыддагыл дзурæг документтæ дæр мыхуыр уыдысты информацион фæрæзты. Æппæт уыдæттæ бахынцгæйæ, гæнæн ис, Ельцины ныхмæ алцы дæр дзурæм, фæлæ рох нæ хъæуы,  уый Уæрæсейæн цы ахсджиаг хъуыддаг сарæзта, Ельцин ба-хъахъхъæдта ядерон хæцæнгарз æмæ Уырыссаг чырыстон ар-гъуан. Уыдон кæд бахъахъ-хъæдтой Уæрæсейы, уæддæр  уæды Конституци уыд æрдæгколониалон паддзахады Конституци. Абон Уæрæсе хъуамæ слæууа йæ рæзты ногдæр, гъæдджындæр этапыл. Мах æй æм-барæм, абон Владимир Путин æмæ йæ политикон æмхъуыдыгæнджытæ кæй аразынц прин-ципиалон къахдзæф Уæрæсейы хæдбардзинад сфидар кæнынмæ, æмæ уый тыххæй мах хъуамæ рахæцæм уыцы барасткæнинæгты фарс. Ам, Кавказы хохы хуссарварс мах чысыл, фæлæ иузæрдион цæдисон стæм Уæрæсейæн. Уый уыдзæн нæ хæс æмæ нæ бузныджы ныхас не стыр цæдисонæн», – йæ ныхасы кæрон банысан кодта Дзугаты Къоста.

 Пенсиисæг, Æхсæнадон змæлды уæнг, мидхъуыддæгты министрады раздæры кусæг Кокойты Алан куыд радзырдта, афтæмæй «кæд УФ-йы Конституцимæ бирæ ивындзинæдтæ хаст æрцæудзæн, уæддæр мæм афтæ кæсы, æмæ сæ иууыл ахсджиагдæртæй иу у бинонты æргъадты фæдыл барасткæнинаг. Абон нæ сыхаг бæстæйы (ома, Гуырдзыстоны) æппындæр худинаг нал у иу æрдон цардæмбæлттæ. Уый фидиссагдзинад у, худинаг у æнæхъæн Кавказы адæмтæн дæр. Ацы барасткæнинаг ахъаз у традицион бинонты æргъадтæ бахъахъхъæнынæн».

Кокойты Алан куыд банысан кодта, афтæмæй иннæ барасткæнинæгтæ дæр ахсджиаг сты, уыдоныл куыстой æнæхъæн иституттæ, уыдон сты адæмы хæрзæбонæн æмæ сæ райсыны тыххæй хъæуы хъæлæс радтын.

«Уыцы барасткæнинæгтæ  бандавдзысты нæ адæмы цардыл, уыцы нымæцы, пенсион кары чи ис, уыдоны цардыл дæр. Мах Уæрæсеимæ кæрæдзийыл баст стæм, уый тыхджын куы уа, уæд махæн дæр хуыздæр уыдзæн», – бахахх кодта Кокойты Алан.

Мадзалы рæстæджы  райст æрцыд Республикон æхсæнадон змæлд «Адæмы ныфс»-ы сидт нæ республикæйы  æмбæстæгтæм.

Сидты дзырдæуыд:

«Цытджын æмбæстæгтæ!

1 июлы уыдзæн Уæрæсейы Федерацийы Конституцимæ ивындзинæдтæ бахæссыны сæ-раппонд хъæлæсæппæрст.

Мах уыцы ивындзинæдтæ нымайæм  ахсджиагыл, уымæн æмæ уыдон не стыр Райгуырæн бæстæ – Уæрæсейæн гом кæнынц йæ размæцыды гъæдджындæр дуг.

Уæ хъусдард уын здахæм, ацы барасткæнинæгтæй нæм  ахсджиагдæртæ кæцытæ кæ-сынц, уыдонмæ.

1. Паддзахад здæхы рæзгæ фæлтæры хъомыл кæнынмæ, уыимæ иумæ хъахъхъæны цард-æмбæлтты институт, куыд СЫЛГОЙМАГ æмæ НÆЛГОЙМАДЖЫ цæдис, афтæ;

2. Минималон куыстмызд ма хъуамæ уа цæрынæн хъæуæг минимумæй къаддæр, пенситæ индексаци цæудзысты ;

3. Чиновниктæ, тæрхонгæнджытæ, прокурортæн ма хъуамæ уа дывæр æмбæстагдзинад æмæ фæсарæйнаг бангты хыгъдтæ.

Ацы æмæ æндæр барасткæнинæгтæ Уæрæсейы ракæндзысты хæдбардзинады ног æмвæзадмæ, хæдбарæй йæ хъуыддæгтæ аразынмæ æмæ дунеон политикæйы фарстаты фæдыл уынаффæтæ исынмæ.

Бæрæг у,  не стыр цæдисоны æнтыстытæ махæн дæр пайда сты. О, фæлæ нæ республикæйы, не ‘хсæн фæзынд, ацы барасткæнинæгты, Владимир Путины, цæмæй Уæрæсе хъомысджындæр уа, уый ныхмæ чи у, ахæм адæймæгтæ.

Республикон æхсæнадон змæлд «Адæмон ныфс» у уыцы æнæраст фæзындтыты ныхмæ æмæ сиды республикæйы æмбæстæгтæм, цæмæй фæндвидарæй рахæцой, Владимир Путин цы ивындзинæдтæ хæссы Конституцимæ, уыдоны фарс.

Мах сидæм не ‘мбæстæгтæм, цæмæй активон хайад райсой Уæрæсейы Конституцимæ арфмидисджын позитивон ивындзинæдтæ бахæссыны сæраппонд хъæлæсæппæрсты.

Ногæй фенын кæнæм Уæрæсейæн нæ бузныгдзинад æмæ æмцæдисдзинад, интеграци æмæ баиууæвынмæ нæ фæндондзинад!

Уастырджи не ‘мбал!».

Осиаты Индира

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.