Хицауады рабадты ист æрцыд уынаффæ, цæмæй коронавирусон инфекци COVID-19 апарахат кæныны тасдзинады фæдыл æмбæстæгтæн æххуыс бакæныны хайад чи исы,  уæлдай ахсджиаг куыстытæ цы медицинон æмæ æндæр кусджытæ æххæст кæнынц, уыдонæн бафыстыты нысанæн 2 524 150 сомы рахицæн кæнын, физикон адæймæгтæн æфтиæгты фæдыл хъалонæй ссæрибар кæнгæйæ.

«Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъалонты кодексы 221 статьяйы дыккаг хаймæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» закъоны проектмæ æмбарынгæнæн фыстæджы куыд нысан у, афтæмæй «2020 азы 5 июны Хицауады Уынаффæты COVID-19 апарахат кæныны тасдзинады фæдыл æмбæстæгтæн æххуыс бакæныны хайад чи исы,  уæлдай асхджиаг куыстытæ æххæстгæнæг медицинон æмæ æндæр кусджытæ, Фæлхасгæнджыты бартæ æмæ адæймаджы фæрныгад хъахъхъæныны фадыджы цæстдарды фæдыл комитеты кусджытæн фидар æрцыдысты разæнгардгæнæн бафыстытæ.

Ацы бафыстытæ разæнгардгæнæн кæй сты æмæ сæ кусджытæ æххæст гуырахстæй кæй хъуамæ райсой, уымæ гæсгæ æнæмæнгхъæуæг у Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъалонты кодексы 221-æм статья баххæст кæнын 54-æм пунктæй, кæцы домы ацы бафыстытæ физикон адæймæгтæн æфтиæгты фæдыл хъалонтæй ссæрибар кæнын».

«Æнæмæнгхъæуæг у хъус æрдарын, цæмæй æппæт медицинон кусджытæ, дохтыртæй суанг техникон персоналы онг райсой разæнгардгæнæн бафыстытæ, кæцытæ, сæ цард æмæ æнæниздзинад тасы бын æвæргæйæ, æххуыс кæнынц коронавирусæй рынчынтæн. Ацы бафыстытæ хъуамæ сæрибар æрцæуой физикон адæймæгтæн æфтиæгты фæдыл хъалонæй», – загъта Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик.

Хицауады Сæрдар бахæс кодта Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министрадæн æмæ районты сæргълæуджытæн, цæмæй сифтонг кæной рахицæнгонд æхцайы фæрæзтæ нысанмæздæхтæй хардз кæныныл контроль кæнын æмæ Финансты министрадмæ æрбавдиса сæ хардз кæныны фæдыл хыгъд.

Республикæ Хуссар

Ирыстоны Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.