Республикон назбæлас ацы аз нæ бæстæйы сæйраг горæт Цхинвалы Театралон фæзуаты цытджын æгъдауæй байгом 24-æм декабры. Ног азы къæсæрыл нæ республикæйы адæмы чи æрæмбырд кæны, уый у ногазон фидауц æмæ йæ фыццаг символ – рæсугъдвæлыст назбæлас.

Йе сфæлындзыныл бакуыстой паддзахадон унитарон куыстуат «Ир-дизайн»-ы кусджытæ. Республикон назбæлас байгом кæныны тыххæй цымыдисон мадзæлттæ бацæттæ кодтой Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры артисттæ Саппиаты Зæлинæйы къухдариуæгадæй. Цы ногазон программæ бацæттæ кодтой, уый хуыйны «Новогодние приключения героев мультфильма «Мадагаскар». Афтæ ма театр сюрпризы хуызы сывæллæттæн бацæттæ кодта музыкалон шоу «Смурфики», кæцы æвдыст цæудзæнис 25-æм декабры æмæ 4, 5, 6 январы. Сæйраг назбæлас гом кæныны церемонимæ æрбацыдысты нæ республикæйы æмбæстæгтæ, скъолаты æмæ сывæллæтты рæвдауæндæтты хъомылгæнинæгтæ сæ ахуыргæнджытæ æмæ ныййарджытимæ. Æрæмбырдуæвджытæ æвдисæн систы, ам цы хъæлдзæг равдыстытæ уыд, уыдонæн, цыран Митын Дада æмæ Митын Чызг сабитимæ кафыдысты назбæласы алыварс, зарыдысты бæрæгбонон зарджытæ æмæ аив кастысты æмдзæвгæтæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли дæр фæуазæг ис Театралон фæзуатмæ, цæмæй раарфæ кодтаид, Ног азы æрбалæудмæ чи бæллы, æппæт уыцы адæмæн. Сæйраг назбæлас байгом кæныны церемонийы ма хайад райстой Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг Коцты Алан, Культурæйы министр Зассеты Жаннæ æмæ Хицауады æндæр бæрнон кусджытæ.

«Зынаргъ сывæллæттæ æмæ ныййарджытæ, абон мах нысан кæнæм ногазон бæрæгбон æмæ хъуамæ иумæ ссудзæм назбæласы цырæгътæ. Мах не ‘ппæт дæр æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсæм ног 2022 азы ‘рбалæудмæ æмæ уын зæрдиаг арфæ кæнын æрбалæугæ ног азы цытæн. Зынаргъ сывæллæттæ, фæнды мæ, цæмæй дунейы иууыл амондджындæр æмæ хъæлдзæгдæр уат сымах æмæ уын мæ зæрдæ та зæгъы фидар æнæниздзинад. Хъусут уæ ныййарджытæм æмæ уæ ахуыргæнджытæм, цæмæй хорз ахуыр кæнат æмæ уæ сомбоны цардмæ раст фæндæгтыл цæуат. Сымах махæн стут нæ иууыл хуыздæр æмæ курдиатджындæр кæстæртæ. Ноджыдæр уын арфæ кæнын ног æрбалæугæ азы цытæн», – загъта нæ бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли. Уый фæстæ Митын Дада æмæ Митын Чызг бахатыдысты сывæллæттæм, цæмæй уыдон хъæрæй загътаиккой диссаджы дзырдтæ æмæ ссыгъдаид ногазон назбæлас. Сывæллæттимæ уыцы диссаджы дзырдтæ загъта Бибылты Анатоли дæр æмæ сæ æртыккаг хатт куы сфæлхатт кодтой, уæд цæхæртæ скалдта рæсугъд назбæлас. Æрæмбырдуæвджытæ йыл сæмбæлдысты цины æнкъарæнтимæ æмæ уый фæстæ мадзал адарддæр кодтой ногазон аргъауы хъайтартæ хъæлдзæг музыкалон номыртимæ.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.