Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Гасситы Петр хайад райста Мæскуыйы  дунеон форум «Парламентаризмы рæзт»-ы. Форумы фæлгæтты уымæн уыд къорд фембæлдтытæ, кæцытæ здæхт сты æхсæнпарламентон бастдзинæдты рæзтмæ. Парламентон делегацийы сконды уыд Æддагон политикæ  æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны парламентон комитеты сæрдар Коцты Игорь.

РХИ-йы Парламенты спикер Гасситы Петр куыд загъта, афтæмæй уый фембæлд Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырды Паддзахадон Думæйы Сæрдар Вячеслав Володинимæ. Фембæлды рæстæджы уыдон уынаффæ кодтой къорд фарстатыл, кæцытæ здæхт сты æхсæнпарламентон æмгуысткæнынады рæзтмæ.

«Уымæй дарддæр ын фембæлдтытæ уыд Абхазы æмæ Сириаг Арабаг республикæты делегацитимæ. Мах бузныджы ныхæстæ загътам сириаг коллегæтæн, Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны тыххæй æрæджы цы ныфсхаст къахдзæф сарæзтой, уый тыххæй», – банысан кодта Гасситы Петр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.